16 Куы мын фӕхӕрын кодта дуртӕ, мӕ дзых мын байдзаг кодта рыгӕй!
Иов фӕнычы сбадт ӕмӕ дурыны састӕй йӕ буар хафта.
Ӕрбацыдӕр вӕййынц домбайы рыхын, знӕт домбайы хъӕлӕс, ӕвзонг домбӕйтты ссыртӕ.
Йӕ маст нӕ судздзӕни мыггагмӕ, ӕнустӕм маст Йӕ зӕрдӕйы нӕ хӕссы.
Нӕ тӕрсын, чи мыл ӕртыхсти, уыцы адӕмы ӕрдонгтӕй.
О Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Израилы Хуыцау! Ӕппӕт адӕмты бафхӕрынмӕ раст! Гадзрахатӕй Дыл чи рацыд — иунӕгыл дӕр ма бацауӕрд!
Сайӕн миты фӕрцы цы хойрагыл фӕхӕст уай, уый хӕрзад вӕййы, фӕлӕ фӕстӕдӕр дӕ дзых змисӕй байдзаг уыдзӕн.
Мӕ адӕмы чызг! Дӕ уӕлӕ сӕхъис скӕн, рыджы сӕвдул дӕхи! Дӕ иунӕг фыртыл кӕуӕгау дӕ сау цӕссыг згъал ӕмӕ дзыназ — ӕвиппайды нӕм фӕзындзӕн нӕ сафӕг.
Хабар Ниневийы паддзахмӕ байхъуысти, уый сыстад йӕ къӕлӕтджынӕй, йӕ дарӕс раласта, сӕхъис скодта йӕ уӕлӕ ӕмӕ фӕнычы сбадти.
Уе ’хсӕн ахӕм исчи ис, йӕ фырт дзы дзул куы кура, уӕд ын дур чи ратта?
Йӕ фырт дзы дзул куы кура, уӕд ын дур чи ратта, уе ’хсӕн ахӕм фыд ис? Кӕнӕ кӕсаг куы кура, уӕд ын калм ратдзӕн?