13 Йӕ фӕттӕ мын куы ныссагъта мӕ уыргты!
Ӕппӕтхъомысы фӕттӕ мӕ ахызтысты, марг дарынц мӕ удӕн, фыртас мыл бафтыдта Хуыцау.
Сӕ фатдонтӕ — гом ингӕнтӕ, сӕ алы хӕстон дӕр — бӕгъатыр.
Йӕ фат нылвӕста Дунедарӕг знагау ӕмӕ Йӕ кардӕй бабын кодта ӕппӕт дӕр, — цыдӕриддӕр у цӕстытӕн ӕхцон! Сионы Чызджы хӕдзӕрттыл йӕ маст ныккалдта пиллон артау!
Ӕз сыл Мӕ фыдбылызтӕ бафтаудзынӕн, Мӕ фӕттӕ сыл схардз кӕндзынӕн.