Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Хъарӕг 2:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 О Дунедарӕг, ӕркӕс мӕм! О, уый бӕрц ӕгъатыр кӕд кӕимӕ уыдтӕ?! Ныййарӕг мад йӕ сабиты хӕрынмӕ ’рцыд! Уӕ, сауджынӕй, пехуымпарӕй куы сӕфынц, Дӕ Кувӕндоны сӕ куы марынц!

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Хъарӕг 2:20
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Халдейаг паддзахы сыл сардыдта, ӕмӕ сын уый се ’взонг лӕппуты Кувӕндоны мидӕг кардӕй ныццагъта. Никӕуыл бацауӕрста: лӕппуйӕ, чызгӕй, хистӕрӕй, урссӕр зӕрондӕй се ’ппӕты дӕр ын Хуыцау радта йӕ къухмӕ.


Фӕлӕ Моисей лӕгъстӕ кӕнын байдыдта Дунедарӕгӕн, йӕ Хуыцауӕн: «О Дунедарӕг! Цӕй тыххӕй судзы Дӕ маст Дӕ адӕммӕ — Мысыры зӕххӕй Де стыр хъару, Де стыр хъомысы фӕрцы кӕй ракодтай, уыдонмӕ?


Цы схъомпал дӕ, сахар, дӕ хъӕлӕба, дӕ цины уынӕр куы хъуысы! Дӕ адӕмӕй чи фӕмард ис, уыдон кардылӕфтыд нӕ фесты, тохы быдыры нӕ байсӕфтой сӕ сӕртӕ.


Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн сӕ фырттӕ ӕмӕ сӕ чызджыты фыдтӕ бахӕрын кӕндзынӕн. Сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдон сыл куы ’рхъула кӕной ӕмӕ уынгӕджы ранмӕ куы бахауой, уӕд дзы алчидӕр йӕ сыхаджы буар хӕрынмӕ ӕрцӕудзӕн.


Уый фӕстӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — Иудейы паддзах Цедекиа ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджыты, стӕй ӕппӕт адӕмы — ацы сахары кард, рын ӕмӕ стонгӕй чидӕриддӕр аирвӕзти, уыдоны — иууылдӕр вавилойнаг паддзах Навуходоносоры ӕмӕ, сӕ мӕлӕтмӕ цы знӕгтӕ бӕллынц, уыдоны къухтӕм ратдзынӕн. Паддзах сӕ карды амӕттаг бакӕндзӕн, нӕ сыл бацауӕрддзӕн, нӕ сын ныббардзӕн ӕмӕ сын нӕ батӕригъӕд кӕндзӕн“.


пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?


Хӕзгултӕм сидтӕн — сивтой мыл сӕ зӕрдӕтӕ! Уӕ, сӕфынц сахары Мӕ сауджынтӕ, мӕ хистӕртӕ! Къӕбӕргур зилынц — фервӕзой мӕлӕтӕй!


Фӕлмӕн ныййарджытӕ сӕ хъӕбулты фыцынц! Уӕ, ноггуырд сабитӕ куы систы хойраг! Уӕ, сӕфынц мӕ адӕм!


Пехуымпарты тӕригъӕдтӕ, сауджынты фыдракӕндтӕ — рӕстгӕнджыты туг сахары кӕй калдтой, о, ахӕм хуызы бафыстӕуыд ныр!


Дунедарӕг сӕ Йӕхӕдӕг фӕсырдта, нал сӕм ракӕсдзӕн!» Ныр сӕлгъаг сты сауджынтӕ, хатыр нӕй зӕрӕдтӕн!


Уымӕ гӕсгӕ дӕ мидӕг фыдӕлтӕ хӕрдзысты сӕ фыртты, уыдон та — сӕ фыдӕлты. Ӕз дыл Мӕ тӕрхоны азар ныххуырсдзынӕн, чи ма дӕ аирвӕза, уыдоны та ӕппӕт дымгӕтӕм ныддардзынӕн.


Дунедарӕг загъта: «Фӕчъизи кӕнут Кувӕндон. Мӕрдтӕй йын байдзаг кӕнут йӕ кӕртытӕ, уый фӕстӕ-иу рацӕут». Уыдон рацыдысты ӕмӕ марын райдыдтой сахары.


Уӕ фырттӕ ӕмӕ чызджытӕн сӕ фыд хӕрынмӕ ’рцӕудзыстут.


Дунедарӕгӕн лӕгъстӕ кодтон ӕмӕ куывтон: „О Дунедарӕг Хуыцау, ма бабын кӕн Дӕ адӕмы — Дӕ исбон! Ды сӕ фервӕзын кодтай, барджын кӕй дӕ, уый фӕрцы, Дӕ хъомысджын къухӕй сӕ ракодтай Мысырӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ