22 Сӕ фыдракӕндтӕм сын ӕркӕс, ӕгъатырӕй сӕ бафхӕр, мӕнӕн куыд нӕ ныббарстай, афтӕ! Уӕ, не ’нцайы мӕ хъӕрзын! Уӕ, байсысти мӕ туг!
Бӕрзондӕй ӕрдар Дӕ къух ӕмӕ мӕ фервӕзын кӕн хуыдымӕй, байс мӕ ӕцӕгӕлӕтты къухтӕй!
Йӕ алыварс мӕрмӕ йын базылдтӕ, ӕмӕ уый ауагъта йӕ уидӕгтӕ, йӕ талатӕ ӕгас бӕстӕйы суагъта.
Уымӕ гӕсгӕ адӕмӕн ӕрлӕмӕгъ уыдзысты сӕ цӕнгтӕ, алкӕмӕн дӕр асӕтдзӕни йӕ ныфс.
Дӕу чи нӕ зоны ӕмӕ Дын Дӕ ном чи нӕ ары, уыцы адӕмтыл Дӕ маст ныккал, уымӕн ӕмӕ уыдон аныхъуырдтой, бабын кодтой Йаковы, йӕ хӕдзӕрттӕ йын сафтид кодтой.
О Дунедарӕг, Ды зоныс бӕлвырд: мӕ фесафынӕн аразынц фыдвӕндтӕ. О, ма сын сис сӕ фыдракӕндты азым, сӕ тӕригъӕдтӕ сын макуы ныббар! Уадз ӕмӕ бабын уой Дӕ разы, фесаф сӕ Дӕ масты бон!
Фӕлӕ дӕ чидӕриддӕр ныхъуыры, уыдонӕн сӕхи дӕр аныхъуырдзысты, де знӕгтӕ сӕхӕдӕг уацары ацӕудзысты, хӕлӕттаг дӕ чи фӕкодта, уыдонӕн сӕхи дӕр сафтид кӕндзысты, чи дӕ стыгъта, уыдоны бастигъдзысты.
Сионы чызг зӕгъдзӕн: «Аргӕвста мӕ Вавилон!» Йерусалим дӕр дзурдзӕн: «Халдейӕгтӕ сӕхи самӕстой мӕ тугӕй».
«О, удхарӕй мӕлын, мӕ зӕрдӕ риссы!
Уӕларвӕй мыл ӕруагъта арт. Уӕ, судзы мӕ! Мӕ размӕ мын къӕппӕджытӕ сӕвӕрдта. Уӕ, лидзӕг мӕ фӕкодта! Уӕ, мӕнӕ фыр тӕссӕй куы бандзыг дӕн, куы кӕлы алы бон мӕ туг!
Нӕ зӕрдӕтӕ фӕйнӕрдӕм тонынц, нӕ цӕстыты рухс бамынӕг.
Уымӕн ӕмӕ, кӕд цъӕхвӕлыст бӕласӕн афтӕ кӕнынц, уӕд уагӕры хус бӕласӕн та цы бакӕндзысты?»
Уымӕ гӕсгӕ уӕ курын: уӕ сӕраппонд кӕй ӕвзарын, мӕ уыцы тухӕнтӕ уын уӕ ныфс ма асӕттӕнт — уыдон уыдзысты уӕ кадӕн.
Уыдон хъӕлӕсыдзагӕй дзырдтой: «Уаз ӕмӕ Ӕцӕг Дунедарӕг, кӕдмӕ у Дӕ каст, зӕххон цӕрджытӕн тӕрхон цӕуылнӕ рахӕссыс ӕмӕ сӕ нӕ туг цӕуылнӕ райсыс?»