17 Сион ӕххуысмӕ сиды, фӕлӕ йын баххуысгӕнӕг нӕй! Уӕ, Дунедарӕг бардзырд радта, — Йаковыл ӕрхъула кодтой знӕгтӕ! Йерусалим ныр се ’хсӕн куы сси ӕлгъаг!
Соломон ӕрлӕууыди Дунедарӕджы нывондхӕссӕны раз, израилӕгты дзыллӕйӕн сӕ разӕй, йӕ къухтӕ арвмӕ сдардта
уӕд-иу Дӕ адӕмӕй, Израилӕй, искӕмӕн йӕ зӕрдӕ фыдохы азарӕй ныррызти ӕмӕ Дӕм, ацы Кувӕндонмӕ йӕ къухтӕ ныттындзгӕйӕ, скуывта, балӕгъстӕ Дын кодта, зӕгъгӕ —
Вавилоны паддзах Навуходоносорӕн йӕ паддзахиуӕгыл фарӕстӕм аз куы цыд, уӕд, дӕсӕм мӕйы дӕсӕм бон, ӕд ӕфсад ӕрбабырста Йерусалиммӕ, ӕрхъула йыл кодта ӕмӕ йын йӕ алыварс самадта сыджытбыру.
Ӕз федтон, ӕфхӕрд адӕм куыд кӕуынц, уый, ничи сын ӕххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ се ’фхӕрджытӕ тыхджын сты.
Кувгӕйӕ Мӕм уӕ къухтӕ куы сивазут — Ӕз Мӕ цӕстытӕ бацъынд кӕнын, уӕ куывдтытӕ куы сбирӕ кӕнут — Ӕз Мӕхи ныкъкъуырма кӕнын, уымӕн ӕмӕ уӕ къухтӕ тугӕйдзаг сты.
Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци, хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ, бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.
Мӕ исбоны алыварс тугдзых мӕргътӕ ӕрӕмбырд сты, цыма хъулон тугдзых маргъ у, уыйау. Цӕугӕут ӕмӕ ӕппӕт быдираг сырдты ӕрӕмбырд кӕнут! Уадз ӕмӕ Мын аныхъуырой Мӕ исбон!
О Йерусалим, чи дын фӕтӕригъӕд кӕндзӕн, чи дыл скӕудзӕн? Куыд сты дӕ хъуыддӕгтӕ, зӕгъгӕ дӕм фӕрсӕг чи бацӕудзӕн?
Номджынӕй, мӕгуырӕй, ацы зӕххы адӕм иууылдӕр амӕлдзысты ӕмӕ ӕнӕныгӕдӕй баззайдзысты. Ничи сыл скӕудзӕн, уыдоны тыххӕй йӕ буар ничи ныллыгтӕ кӕндзӕн ӕмӕ йӕ сӕр ничи адасдзӕн.
Ӕз бардзырд ратдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ фӕстӕмӕ ацы сахармӕ раздӕхдзысты. Ӕрхъула йыл кӕндзысты, бацахсдзысты йӕ ӕмӕ йӕ басудздзысты. Ӕз Иудейы сахартӕ ӕдзӕрӕг быдыр фестын кӕндзынӕн».
Ӕз хъусын хъӕр — Сионы чызг арӕг сылгоймагау хъӕрзы; фыццаг хатт чи ары, уыйау йӕ къухтӕ ивазы: «О, додойаг фӕдӕн! Лӕгмарты раз ӕдых дӕн!»
Ӕд рӕгъӕуттӕ йӕм ӕрбацӕудзысты фыййӕуттӕ, йӕ алыварс айтындздзысты сӕ цатыртӕ; алчидӕр дзы йӕ фос хиздзӕн йӕхи зӕххы хайыл».
«О, удхарӕй мӕлын, мӕ зӕрдӕ риссы!
О, уый тыххӕй куы кӕуын ӕз, мӕ цӕссыг цӕстытӕй куы ранхъӕвзы! Мӕ Сабыргӕнӕг, мӕлӕтӕй Ирвӕзынгӕнӕг, о, дард куы у мӕнӕй! Фӕуӕлахиз мыл, басаста мӕ ме знаг, мӕ хъӕбултӕ, мӕ сабитӕ куы сӕфынц!
Хӕзгултӕм сидтӕн — сивтой мыл сӕ зӕрдӕтӕ! Уӕ, сӕфынц сахары Мӕ сауджынтӕ, мӕ хистӕртӕ! Къӕбӕргур зилынц — фервӕзой мӕлӕтӕй!
Ӕхсӕвы тары сау цӕссыг куы згъалы, йӕ рагуарзӕттӕй иу куы нӕй йӕ цуры! Гадзрахатӕй йыл рацыдысты ’рдхӕрдтӕ, уӕ, систы йе знӕгтӕ!
Мӕ хъӕрзын хъуысы ме знӕгтӕм дӕр, хъуысы, нӕй сабыргӕнӕг, знӕгтӕ цин кӕнынц, цы мын бакуыстай, ууыл! Дӕ тӕрхоны бон ралӕууӕд! Мӕ фыдгултӕ мӕ фӕндӕгтыл фӕцӕуӕнт!
Йерусалимӕн йӕ тӕригъӕд уӕззау у, фӕчъизи ис, ныр йе стауджытӕн сӕлгъаг, — уӕ, федтой йын йӕ худинаг! Йӕ цӕссыг калы, азылдта йӕ цӕсгом, —
фӕчъизи ис йӕ фӕччи! Нӕ хъуыды кодта фидӕныл, ӕмӕ ӕвиппайды фӕкалди, — йӕ разы сабыргӕнӕг нӕй! О Дунедарӕг! ӕркӕс-ма мын мӕ хъизӕмармӕ! Мӕ фыдгултӕн сӕ цины хъӕртӕ хъуысынц!
Хъӕр сӕм кӕнынц: «О, фесӕфут, фӕчъизи стут! Цӕугӕут, ма ныл бандзӕвут!» Адӕмтӕ сӕ кой кӕнынц: «Мӕгуыр дзӕгъӕлдзутӕ! Ӕрцыди се сӕфт!
«Адӕймаджы фырт! Израилы адӕм сӕ зӕххыл куы цардысты, уӕд ӕй фӕчъизи кодтой сӕ митӕй ӕмӕ сӕ хъуыддӕгтӕй. Сӕ царды уагӕй фӕчъизи кодтой сӕхи дӕр, сылгоймаг йе ’рвылмӕйон туг цӕуыны заман куыд чъизи вӕййы, уыйау.
Аныхъуырдтой Израилы, ӕмӕ ныр ӕндӕр адӕмты ’хсӕн израилӕгтӕ ӕнӕпайда мигӕнӕнау суыдзысты.