Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 9:4 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

4 Кӕддӕр сӕ мидианӕгтӕй куыд фервӕзын кодтай, афтӕ сын Ды ныр дӕр ныппырх кӕндзынӕ сӕ уӕззау ӕфсондз — ӕцӕгӕлон ӕлдарады ӕфсондз ӕмӕ фыдӕбойнаг рӕхыс, стӕй, цы лӕдзӕгӕй сӕ ӕфхӕрдтой, уый дӕр.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 9:4
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ карды фӕрцы дардзынӕ дӕхи ӕмӕ уыдзынӕ де ’фсымӕры цагъар. Фӕлӕ уӕд иу бон сыстдзынӕ йӕ ныхмӕ — дӕ бӕрзӕйӕ куы раппардзынӕ йе ’фсондз».


О, Дунедарӕг нын сарӕзта стыр диссаг, ӕмӕ нӕ цинӕн кӕрон нал уыди!


Ӕз загътон: „Сымах хуыцӕуттӕ стут, уе ’ппӕт дӕр — Иууылбӕрзонды фырттӕ“,


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг, Уӕларвӕфсады Бардарӕг, Ассирийы гуыппырсартӕн фесафдзӕни сӕ хъару, йӕ кад ын басудздзӕни артау.


Сар сӕ сӕр кӕны ассириӕгтӕн — Мӕ масты лӕдзӕг ӕмӕ Мӕ азары ехсӕн!


Ассириӕгты ныддӕрӕн кӕндзынӕн Мӕ зӕххыл, бассӕнддзынӕн сӕ Мӕ хӕхтыл, ӕмӕ уӕд Мӕ адӕм сӕ бӕрзӕйӕ раппардзысты се ’фсондз, се уӕхсчытӕ фервӕздзысты сӕ уаргъӕй».


Моавы лигъдӕттӕ уал, зӕгъ, ацӕрӕнт дӕумӕ; сӕ фӕдыл чи зилы, уыдоны къухӕй сӕ бахиз. Ӕфхӕрӕг куынӕуал уа, гӕныстонгӕнджытӕ куы фесӕфой,


Ӕз смӕсты дӕн Мӕ адӕммӕ, уыдоны, Мӕ исбон, фидиссаг фӕкодтон ӕмӕ дын сӕ афтӕмӕй радтон дӕ къухмӕ. Ды сыл ницӕмӕй бацауӕрстай — зӕрӕдтыл дӕр ма дӕ уӕззау ӕфсондз сӕвӕрдтай.


Де ’фхӕрджытӕн бахӕрын кӕндзынӕн сӕхи фыд, бафсаддзынӕн сӕ сӕхи тугӕй, раст цыма ног сӕн бануӕзтой, афтӕ, ӕмӕ уӕд алчидӕр базондзӕн, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау».


Цӕмӕн ферох кодтат Дунедарӕджы, уе Скӕнӕджы, уӕлӕрвтӕ Чи айтыгъта ӕмӕ зӕхх Чи сарӕзта, Уый? Фыр тӕссӕй цы ризут тыхгӕнджыты раз, цы сӕ бон у, цы уын ракӕндзысты? Уадз ӕмӕ абухой!


Дӕ рыгтӕ ’рцӕгъд ӕмӕ дӕхиуыл уӕлӕмӕ схӕц, Йерусалим! Дӕ рӕхыстӕ де уӕнгтӕй раппар, Сионы уацайраг чызг!


«Дӕ рӕстад сфидар уыдзӕн; ӕфхӕрд цы у, уый нӕ базондзынӕ, ферох дӕ уыдзӕн тас.


Хӕстонтыл тохы быдыры цы къахыдарӕс уыди, уыдон ӕмӕ сӕ тугамӕст пӕлӕзтӕ арты амӕттаг бауыдзысты.


Уыцы бон сын Ӕз, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг, — сӕ бӕрзӕйыл цы ’фсондз ис, уый ныппырх кӕндзынӕн, сӕ бӕндӕнтӕ сын фӕйнӕрдӕм арӕдувдзынӕн! Ӕмӕ уӕд лӕггад кӕндзысты ӕцӕгӕлӕттӕн нӕ,


Йӕ сыхӕгтӕ, ныккӕут ыл! Йӕ раздӕры кад ын чи зыдта, уыдон иууылдӕр зӕгъӕнт: «О, додой! Хъомысджын лӕдзӕг, намысджын хъил ныссасти!»


Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау, Мысыры зӕххӕй уӕ Чи ракодта, Уый, — цӕмӕй мысырӕгтӕн цагъартӕ мауал уат. Ӕз уын уе ’фсондз ныссастон, цӕмӕй сӕргуыбырӕй ма цӕуат.


Ӕз дын ныр де знӕгты ’фсондз ныссӕтдзынӕн, раппардзынӕн ӕй дӕ бӕрзӕйӕ, дӕ рӕхыстӕ дын арӕдувдзынӕн».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ