Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 7:20 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

20 Бардарӕг Евфраты фале баххуырсдзӕн Ассирийы паддзахы, ӕмӕ уын уый адасдзӕни уӕ сӕртӕ ӕмӕ уӕ къӕхтӕ, суанг ма уын уӕ боцъотӕ дӕр алвындзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 7:20
17 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Надцух ма стут, ӕнӕсӕттонтӕ? Сӕр хъӕдгӕмттӕй куынӕуал зыны, зӕрдӕ куы баруади.


Фӕрӕт куыд хъуамӕ раппӕла йӕхицӕй, архайгӕ дзы чи кӕны, уый раз? Науӕд хырх сӕрбӕрзондӕй куыд хъуамӕ кӕса, хырхгӕ дзы чи кӕны, уымӕ? Лӕдзӕг, йӕ къухмӕ йӕ чи райсы, уыцы адӕймаджы ныттилдзӕни, мыййаг? Къобола лӕдзӕг, хъӕдӕй конд чи нӕу, уыцы цардуды хӕрдмӕ сисдзӕн?


Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕни Мысыры скӕнсӕнварс денджызы донбакӕлӕн, Йӕ къух сисдзӕн Евфраты донмӕ дӕр, ахӕм тыхджын дымгӕ йыл рауадздзӕн, ӕмӕ йӕ авд суадоны фестын кӕндзӕн, цӕхгӕрмӕ сыл тӕнӕг дзабырты хиздзысты.


Езекиайы паддзахдзинады цыппӕрдӕсӕм аз Ассирийы паддзах Санхериб Иудейы фидар сахарты ныхмӕ хӕцынмӕ ралӕууыд ӕмӕ сӕ бацахста.


ӕмӕ сыл уый тыххӕй Дунедарӕг рауадздзӕн Евфраты стыр ӕмӕ абухгӕ дӕттӕ — Ассирийы паддзахы йе ’ппӕт хъомысимӕ. Ӕмӕ уый йе ’ппӕт донвӕдтӕй анхъӕвздзӕни размӕ, йӕ былгӕрӕттӕ доны бын фӕуыдзысты.


Адӕм, чи сӕ цӕвы, Уымӕ нӕ раздӕхынц, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы нӕ агурынц.


Цӕмӕн цӕуыс ныр Мысырмӕ, Нилы донӕй нуазынмӕ? Цӕмӕн лидзыс Ассиримӕ, Евфраты донӕй нуазынмӕ?


«Адӕймаджы фырт! Вавилоны паддзах Навуходоносор Тиры сахарыл куы ӕртыхст, уӕд тынг бакусын кодта йе ’фсадӕн. Фыргуыстӕй сӕ сӕртӕ сцӕгӕр сты ӕмӕ сӕ уӕхсчытӕ стугӕрхӕмттӕ сты. Фӕлӕ Навуходоносор Тиры ныхмӕ цы хъазуатон куыст бакодта, уый тыххӕй нӕдӕр йӕхӕдӕг райста хӕрзиуӕг, нӕдӕр йе ’фсад.


Уым цы бацархайдта, уый сӕрмӕ йын Ӕз Мысыры зӕхх хӕрзиуӕгӕн дӕттын, уымӕн ӕмӕ уыдон балӕггад кодтой Мӕнӕн, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ