6 Сахарӕй хъуысы тохуынӕр, Кувӕндонӕй — фӕдисхъӕр! Уый Дунедарӕг Йӕ фыдгултыл бафтыдта Йӕ фыдӕх.
Дунедарӕг рацӕуы Йӕ цӕрӕнӕй, цӕмӕй зӕххы цӕрджыты сӕ фыдракӕндты тыххӕй бафхӕра. Зӕхх равдисдзӕн, цы туг ыл ныккалдӕуыд, уый, нал басусӕг кӕндзӕн йӕ мӕрдты.
Уый уыдзӕни Дунедарӕджы мастисӕн бон, Сионы фыдгултӕн се сӕфты заман.
Ӕмӕ Йӕ тӕрхоны амӕттаг бакӕндзӕн, Йӕ ныхмӕ чи рацыди, уыдоны, Йӕ маст райсдзӕн Йе знӕгтӕй, денджызгӕрон сахарты цӕрджыты бафхӕрдзӕни се ’наккаг хъуыддӕгты тыххӕй.
Амос загъта: — Дунедарӕг ныннӕрдзӕн Сионӕй, Йӕ хъӕлӕс райхъуысдзӕн Йерусалимӕй. Додой кӕндзысты фыййӕутты къӕстӕ, бахус уыдзӕн Кармелы цъупп.
Уый уыди сывӕрджын ӕмӕ хъӕр кодта фыр рыстӕй, уымӕн ӕмӕ ралӕууыдысты йӕ арыны хъизӕмӕрттӕ.