Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 66:24 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

24 Фӕссахармӕ-иу куы рацӕуой, уӕд та-иу, ӕлгъгӕнгӕйӕ, афӕлгӕсдзысты, йе ’ргом Мӕ чи аздӕхта, уыдоны мӕрдтыл. Уыдоны хъизӕмарӕн кӕрон нӕ уыдзӕни: нӕдӕр сӕ къуыдыргалм искуы ныммӕлдзӕн, нӕдӕр, цы арты мидӕг судзынц, уый искуы ахуысдзӕн».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 66:24
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Йӕ хъуыддӕгты Йӕ адӕмӕн равдыста Йӕ хъару — муртаттӕгты бӕстӕ сын сӕ хай бакодта.


Фыдгӕнджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ саст ӕрцӕудзысты, Дунедарӕджы чи ныууагъта, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты.


Йӕхи хъомысджын чи хоны, уый фӕскъауы хуызӕн суыдзӕн, йӕ митӕ та — зынджы стъӕлфӕнау. Ссудздзысты иумӕ, ӕмӕ сӕ ахуыссынгӕнӕг нӕ уыдзӕн.


Мӕрдтыбӕстӕм ӕппӕрст ӕрцыди де схъӕлдзинад дыууадӕстӕнонты цагъдимӕ. Уаллӕттӕй дын — гобан, уаллӕттӕ — дӕ хъӕццул дӕр.


Расыг лӕгау дзедзырой кӕндзӕн, ӕнкъуысдзӕни мӕнгӕфсон халагъудау. Йӕ фыдракӕндтӕ йыл сӕ уӕз куы ’руадзой, уӕд афӕлдӕхдзӕн ӕмӕ никуыуал схӕцдзӕн йӕхиуыл.


О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.


судздзӕн ӕппынӕдзух, бон дӕр ӕмӕ ӕхсӕв дӕр. Йӕ фӕздӕг калдзӕн ӕнусты, мыггагӕй-мыггагмӕ уыдзӕни ӕдзӕрӕг, лӕджы къах ыл никуыуал ауайдзӕн.


Сӕ мӕрдтӕ баззайдзысты уӕлӕуыл ӕмӕ сысмаг уыдзысты, хӕхтӕ ныуудӕсдзысты сӕ туджы.


«Ӕнаккӕгтӕ ӕнцой нӕ фендзысты!» — зӕгъы Дунедарӕг.


Уый тыххӕй Дунедарӕджы маст рафыцдзӕни Йӕ адӕммӕ, Йӕ къух сӕм сисдзӕн ӕмӕ сын ахӕм цӕф ныккӕндзӕн, ӕмӕ хӕхтӕ нырриздзысты, адӕмы мӕрдтӕ фосы фаджысау уынгты лӕзӕрдзысты. Фӕлӕ суанг уӕд дӕр Дунедарӕджы маст не ’рсабыр уыдзӕн, ӕвзиддзӕни ма сӕм ноджы.


Уӕ фыдгултӕ бабын уыдзысты, рӕмпӕг дарӕс куыд бахӕры, къуыдыргалм та — къуымбил, уый хуызӕн».


Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.


Дунедарӕг арт ӕмӕ кардӕй тӕрхон кӕндзӕн адӕмӕн, ӕмӕ Дунедарӕджы цӕфӕй бирӕтӕ сӕ мӕлӕт ссардзысты.


Сау мӕры чи бафынӕй, уыдонӕй бирӕтӕ райхъал уыдзысты: иутӕ — мыггагмӕйы цард райсынӕн, иннӕтӕ та — ӕнусон худинаг ӕмӕ ӕрдиагӕн.


Йерусалимы ныхмӕ чи хӕцыди, уыцы адӕмты Дунедарӕг бафхӕрдзӕн: сӕ къӕхтыл ма лӕудзысты, афтӕмӕй сӕ буӕрттӕ ӕмбидзысты, сӕ цӕстытӕ бахаудзысты, се ’взӕгтӕ сӕ комы бахус уыдзысты.


Йӕ фыййаг Йӕ къухы ис, ӕмӕ Йӕ мус ссыгъдӕг кӕндзӕн. Мӕнӕу Йӕ хордоны бафснайдзӕн, зыгуым та ӕнӕхуысгӕ арты басудздзӕн».


Нӕуӕндӕгтӕн ӕмӕ ӕцӕгадыл гадзрахатӕй рацӕуджытӕн, ӕнӕуагтӕн ӕмӕ лӕгмартӕн, хӕлд адӕмӕн ӕмӕ кӕлӕнгӕнджытӕн, мӕнгхуыцӕуттӕн кувджытӕн ӕмӕ ӕппӕт фӕлитойтӕн та сӕ бынат ис судзгӕ сондоны цады. Уый у дыккаг мӕлӕт».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ