22 Цы ног арв ӕмӕ ног зӕхх сфӕлдисон, уыдон ӕдзух Мӕ цӕсты раз куыд уыдзысты, уыйау уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕмӕ уӕ ном дӕр. Уый уын зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.
Даргъ-уӕрӕх ацыдаид уӕ мыггаг, денджызы змисау ныббирӕ уыдаид уӕ байзӕддаг ӕмӕ сӕфты къахыл нӕ ныллӕууыдаиккой, никуы фесӕфтаид Мӕ разы сӕ ном».
Ӕз айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ фидар сарӕзтон зӕхх. Ӕмӕ Сионы цӕрджытӕн зӕгъын, сымах Мӕ адӕм стут! Фӕдзӕхсын уын, адӕмы рӕгъмӕ куыд хӕссат Мӕ уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ базыры бын бакӕндзынӕн».
Дунедарӕджы фӕндӕй уыди Йӕ удхар, Уый Йын схай кодта хъизӕмӕрттӕ. Тӕригъӕды нывондӕн Ӕй куы ӕрхӕссай, уӕд фендзӕни Йӕ цоты, бирӕ фӕцӕрдзӕн ӕмӕ Дунедарӕджы фӕндон сӕххӕст кӕндзӕн.
уымӕн Мӕ Хӕдзары ныссадздзынӕн цырт ӕмӕ йыл ныффысдзынӕн йӕ ном. Мӕ фырттӕ ӕмӕ Мын Мӕ чызджытӕй суыдзӕни ахсджиагдӕр. Ӕз ын ратдзынӕн, мыггагмӕ чи нӕ фесӕфдзӕн, ахӕм ном.
«Мӕнӕ Мӕ фидыды нысан семӕ. Ӕз дӕ схайджын кодтон Мӕ Удӕй, Дӕ дзыхы дын бавӕрдтон Мӕ ныхӕстӕ, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ныр мыггагмӕ уыдзысты дӕхи, дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ сӕ фӕстагӕтты былалгъыл», — зӕгъы Дунедарӕг.
Дунедарӕг зӕгъы: «Ӕз уарзын рӕстдзинад, ӕнӕуынон Мын сты тыхгӕнджытӕ, стигъджытӕ. Мӕ адӕмыл уыдзынӕн иузӕрдион ӕмӕ сӕ ӕнӕмӕнг схорзӕхджын кӕндзынӕн. Семӕ сараздзынӕн мыггагмӕйы фидыд.
Ӕмӕ сӕ цотӕн алы адӕмтыл айхъуысдзӕни сӕ хорзы кой, сӕ байзӕддӕгтӕ скадджын уыдзысты алы знӕмты астӕу. Чи-иу сӕ фена, уыдон ӕмбардзысты, Дунедарӕг арфӕ кӕмӕн ракодта, ахӕм адӕм кӕй сты, уый».
Мӕнӕ фӕлдисын ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ зӕхх нал ӕрымысдзыстут, нал ӕрлӕудзысты уӕ зӕрдыл.
Хӕдзӕрттӕ нӕ араздзысты ӕмӕ дыргъдӕттӕ нӕ кӕндзысты ӕцӕгӕлӕттӕн. Ме ’взӕрст адӕм цӕрдзысты, бӕлас цас цӕры, уый бӕрц, цӕрдзысты сӕ къухты фӕллойӕ.
Ӕнӕхъуаджы нал уыдзӕни сӕ фӕллой, ӕвгъӕддон сылгоймӕгтӕ сӕ сабитӕн нал тӕрсдзысты ӕлгъыст фидӕнӕй, уымӕн ӕмӕ Хуыцауӕй арфӕгонд уыдзысты сӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ сӕ байзӕддаг дӕр.
«Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: „Кӕд, Ӕз бон ӕмӕ ӕхсӕвимӕ цы фидыд сарӕзтон, уый искӕмӕн йӕ бон фехалын у, цӕмӕй афоныл мауал фӕзыной, уый тыххӕй,
уӕд Мӕ цагъар Давидимӕ ӕмӕ, Мӕ разы лӕггад чи кӕны, уыцы левиттимӕ цы фидыд сфидар кодтон, уый дӕр фехалӕн ис, ӕмӕ Давидӕн, йӕ паддзахы бадӕны хицауиуӕг чи кӕна, ахӕм байзӕддӕгтӕ нал уыдзӕн.
Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд уӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, уӕ хӕдзармӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн, ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн уын уӕ ном ӕмӕ уӕ кады кой айхъуысын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фендзыстут, уӕ раздӕры фарн уын куыд раздӕхтон, уый, — зӕгъы Дунедарӕг.
Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».
Фӕлӕ махӕн Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта, ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, рӕстад кӕм ӕрцӕрдзӕн, уыцы ног арв ӕмӕ ног зӕхмӕ.
Ӕз федтон ног арв ӕмӕ ног зӕхх. Раздӕры арв ӕмӕ раздӕры зӕхх аивгъуыдтой, нал уыди денджыз дӕр.