Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 66:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Мӕ адӕмӕй чи фервӕза, уыдоны скӕндзынӕн Мӕ минӕвӕрттӕ. Арвитдзынӕн сӕ алы адӕмтӕм, алы бӕстӕтӕм: Таршишмӕ, Пулмӕ ӕмӕ Лудмӕ, Мешехмӕ ӕмӕ Рошмӕ, Тувалмӕ ӕмӕ Йаванмӕ, ноджы ма алы дард сакъадӕхтӕм, Мӕ кой Мын кӕм никуы фехъуыстой ӕмӕ Мын Мӕ кад кӕм никуы федтой, уыцы бӕстӕтӕм, ӕмӕ адӕмӕн дзурдзысты Мӕ кады тыххӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 66:19
48 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Мицраимӕй рацыдысты: лудӕгтӕ, анамӕгтӕ, лехавӕгтӕ, нафтухӕгтӕ,


Йафеты фырттӕ: Гомер, Магог, Мадай, Йаван, Тувал, Мешех, Тирас.


Симы байзӕддӕгтӕ: Елам, Ассир, Арфахсад, Луд, Арам. Алкӕмӕй дӕр дзы равзӕрди хицӕн адӕмыхатт — йӕхи ӕвзаг ӕмӕ йӕхи зӕххы хайыл цӕрӕг знӕмтимӕ.


Йаваны байзӕддӕгтӕ: Елиша, Таршиш, киттимӕгтӕ, доданӕгтӕ.


Йафетӕн парахат зӕхх бауарзӕд Хуыцауы цӕст, ӕмӕ Симы цатырты ӕрцӕрӕд! Йафетӕн дӕр суӕд йӕ цагъар Ханаан!»


Мицраимы байзӕддӕгтӕ: лудӕгтӕ, анамӕгтӕ, лехавӕгтӕ, нафтухӕгтӕ,


Йаваны байзӕддӕгтӕ: Елиша, Таршиш, киттимӕгтӕ, роданӕгтӕ.


Адӕмтӕн дзурут Йӕ кадыл, ӕппӕт адӕмтӕн — Йӕ диссӕгтыл.


Ӕмӕ Мӕ адӕм цӕуынц сӕ фӕдыл, дзаггарзӕй сын сӕ дон нуазынц!


Йӕ тырыса сисдзӕни адӕмты раз ӕмӕ тард израилӕгты, стӕй, чи ныххӕлиу ис, уыцы иудейӕгты — нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй — ӕрбаздахдзӕни зӕххы цыппар кӕронӕй.


О, дунейы цӕрджытӕ, зӕххыл цӕрӕг адӕмтӕ! Хохы цъуппыл тохы тырыса куы ’рсагъдӕуа, уӕд-иу ӕм скӕсут! Сыкъауадындз куы ныууаса, уӕд-иу ӕй фехъусут!


Уыцы заман Уӕларвӕфсады Бардарӕгӕн, цӕугӕдӕттӕ алырдӕмты кӕй айгӕрстой, уыцы зӕххӕй схӕсдзысты хуынтӕ дӕргъӕлвӕс ӕмӕ коса адӕм, хӕстӕгмӕ дӕр ӕмӕ дардмӕ дӕр тас чи ӕфтауы, тыхджын ӕмӕ уӕлахизгӕнӕг чи у. Схӕсдзысты сӕ, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы ном цы бынат хӕссы, уырдӕм, Сионы хохмӕ.


ныппырх кӕндзӕни Таршишӕй цӕуӕг денджызон наутӕ сӕ мулк ӕмӕ сӕ диссӕгтимӕ.


Уӕд, галиу фӕндӕгтыл чи адзӕгъӕл, уыдонмӕ ӕмбаргӕ зонд ӕрцӕудзӕн, ӕнӕсӕттонтӕ коммӕ кӕсын базондзысты».


Кад скӕнӕнт Дунедарӕгӕн, стауӕнт ӕй алы бӕстӕты!


Не сӕдых уыдзӕни, нӕ бастайдзӕни, цалынмӕ зӕххыл раст тӕрхон ӕрфидар кӕна, уӕдмӕ. Йӕ амындтытӕм Ын ӕнхъӕлмӕ кӕсдзысты денджызгӕрон зӕххытӕ».


Цӕгатӕн зӕгъдзынӕн: „Ӕри Мын сӕ!“ Хуссарӕн та: „Мауал Мын сӕ уром!“ Дардӕй Мын ӕрбакӕнут Мӕ фыртты, зӕххы кӕрӕттӕй — Мӕ чызджыты,


Ӕрбайхъусут мӕм, денджызгӕрон сахартӕ, лӕмбынӕг ӕрбайхъусут, дардбӕстаг адӕмтӕ! Дунедарӕг мӕм фӕсидти мӕ мады гуыбынмӕ, дунейы рухс нӕма федтон, афтӕ мӕм сдзырдта мӕ номӕй.


Уыдон ӕрбацӕудзысты дунейы алы кӕрӕттӕй: дард скӕсӕнӕй, цӕгатӕй, ныгуылӕнӕй — денджызы ’рдыгӕй ӕмӕ хуссарӕй — Синимы зӕххӕй».


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: «Ӕз Мӕ къухӕй адӕмтӕн равдисдзынӕн нысан, ӕрсадздзынӕн Мӕ тырыса, цӕмӕй йӕ алы адӕмтӕ уыной, ӕмӕ дын дӕ фырттӕ ӕмӕ дӕ чызджыты сисой сӕ къухтӕм ӕмӕ се уӕхсчытӕм ӕмӕ дын сӕ ӕрбахӕссой.


Мӕ рӕстдзинад ӕрӕввахс ис. Ме ’ххуыс уӕм фӕхӕццӕ кӕны. Мӕ хъомыс адӕмтӕн уыдзӕни фидауынгӕнӕг. Денджызгӕрон сахартӕ Мыл сӕхи бафӕдзӕхсдзысты, Мӕ хъомысӕй уыдзысты ныфсджын.


Дунедарӕг Йӕ уаз хъомыс равдыста адӕмтӕн се ’ппӕтӕн. Дунейӕн йӕ иу кӕронӕй йӕ иннӕ кӕронмӕ иууылдӕр уыдзысты ӕвдисӕн, нӕ Хуыцау нӕ куыд фервӕзын кодта, уымӕн.


Фӕлӕ Уый стыр дисы бафтаудзӕни бирӕ адӕмты. Паддзӕхтӕ багомыг уыдзысты Йӕ разы, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй фендзысты, цӕй тыххӕй сын никуыма загъдӕуыд, уый, бамбардзысты, цы никуыма фехъуыстой, уый».


Сымах фӕрцы Мӕ ныр базондзысты алы адӕмтӕ. Фӕдзурдзыстут, кӕй нӕ зыдтат ӕмӕ уын уӕхи чи нӕ зыдта, уыцы адӕмтӕм, ӕмӕ уӕм цӕудзысты ӕвӕстиатӕй, уымӕн ӕмӕ фендзысты, Ӕз, Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Израилы Стыр Хуыцау, сымах куыд скадджын кодтон, уый».


Уый денджызы сакъадӕхты цӕрджытӕн Ӕз сдӕн сӕ зӕрдӕдарӕн, се ’нхъӕлцау, ӕмӕ дын Таршишы наутӕ дардӕй ӕрбаласынц дӕ фыртты. Ноджы ма ӕрбаласынц ӕвзист, сыгъзӕрин, цӕмӕй Йӕ ном ссарой Дунедарӕгӕн — дӕ Хуыцауӕн, Израилы Стыр Хуыцауӕн, уымӕн ӕмӕ дӕ Уый скадджын кодта.


Йерусалимы цӕрджытӕ, цӕугӕут, ахизут уӕ сахары кулдуарыл ӕрцӕттӕ кӕнут адӕмӕн фӕндаг, слӕгъз ӕй кӕнут, йӕ дуртӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнут, адӕмтӕн уӕ тырыса сисут нысанӕн!


«Ӕз раргом дӕн, чи Мӕм нӕ куывта, уыдонмӕ. Чи Мӕ нӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой. „Мӕнӕ дӕн, мӕнӕ!“ — дзырдтон, Мӕхи чи нӕ уыд, уыцы адӕммӕ.


Згъорут, бӕхтӕ, размӕ згъорут, бӕхуӕрдӕттӕ! Уадз, рацӕуой гуыппырсартӕ: эфиопӕгтӕ, сӕ уартытимӕ — ливиӕгтӕ, ӕлвӕст ӕрдынтимӕ — лудиӕгтӕ!


Персайнӕгтӕ, лудӕгтӕ ӕмӕ путӕгтӕ уыдысты де ’фсады хӕстонтӕ, дӕ систыл-иу дын уартытӕ ӕмӕ такатӕ ӕрцауыгътой — афтӕ-иу систой уӕлиау дӕ кад.


Йаван, Тувал ӕмӕ Мешехы цӕрджытӕ базар кодтой демӕ, дӕ базайрӕгты сӕрмӕ дын лӕвӕрдтой сӕ цагъарты, стӕй се ’рхуы мигӕнӕнтӕ.


Эфиопи, Пут, Луд ӕмӕ Кувы цӕрджытӕ, стӕй иннӕ адӕмыхӕттытӕ се ’ппӕт дӕр ӕмӕ, фидыд кӕимӕ сарӕзтон, уыцы бӕстӕйы адӕм дӕр карды амӕттаг бауыдзысты мысырӕгтимӕ».


Уым — Мешех ӕмӕ Тувал се ’ппӕт ӕрдонгтимӕ, сӕ алыварс — сӕ цыртытӕ; иууылдӕр — ӕнӕсунӕттӕ, карды амӕттӕгтӕ, уымӕн ӕмӕ уӕлӕуыл ӕвирхъау тас ӕфтыдтой цардудтыл.


Ды та, адӕймаг, Гогы ныхмӕ пехуымпариуӕг кӕн ӕмӕ зӕгъ: „Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: Мешех ӕмӕ Тувалы барджын ӕлдар Гог, Ӕз сыстдзынӕн дӕ ныхмӕ!


Ӕнӕмӕтӕй чи цӕры, уыцы Магогы сахартӕ ӕмӕ денджызгӕрон сахартӕ арты амӕттаг бакӕндзынӕн, ӕмӕ уӕд базондзысты, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый.


Уый фӕстӕ йе ’ргом сакъадӕхты ’рдӕм сараздзӕн ӕмӕ дзы бирӕтӕ бацахсдзӕн. Фӕлӕ йӕ ӕфсады хицау басӕтдзӕн, уый ныхмӕ хӕцын йӕ бон нал суыдзӕн.


Дунедарӕг ӕппӕт хуыцаугӕндты куы сӕгад кӕна, уӕд адӕмы тасы бафтаудзӕн, ӕмӕ Йын алы бӕстӕйы дӕр адӕмтӕ кувдзысты.


Суанг Мын Эфиопийы цӕугӕдӕтты фале цы бӕстӕтӕ ис, уырдыгӕй дӕр, Мӕнӕн кад чи кӕны, уыдон — хауӕццаг кӕй фӕкодтон, уыцы адӕм — ӕрбахӕсдзысты хуынтӕ.


Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Уӕдӕ ацӕут ӕмӕ ӕппӕт адӕмты Мӕ ахуыргӕнинӕгтӕ скӕнут. Аргъаут сыл Фыды, Фырты ӕмӕ Сыгъдӕг Уды номӕй.


Ӕмӕ сын загъта: «Ӕрзилут ӕгас дунейыл ӕмӕ Фарны Уац хъусын кӕнут алкӕмӕн дӕр.


Симеон сӕ Хуыцауыл бафӕдзӕхста ӕмӕ Йесойы мад Мариайӕн загъта: «Ацы Сывӕллоны тыххӕй израилӕгтӕй бирӕтӕ дӕлӕмӕ ӕрхаудзысты ӕмӕ бирӕтӕ сбӕрзонд уыдзысты. Уый расайдзӕни быцӕутӕ,


фӕлӕ, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый сӕххӕст кӕнон: «Кӕмӕн нӕ загъдӕуыд Уый тыххӕй, уыдон фендзысты, ӕмӕ, чи нӕ фехъуыста, уыдон базондзысты».


Мӕнӕн, сыгъдӕджыты тӕккӕ ницӕйагдӕрӕн, рардӕуыди уыцы хорзӕх — муртаттӕгтӕм Чырыстийы ӕгӕрон хъӕздыгдзинады Фарны Уац фӕхӕццӕ кӕнын,


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ