Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 66:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Ӕз — Дунедарӕг — сӕххӕст кӕндзынӕн Мӕ дзырд. Йерусалимы сахарӕн сбирӕ кӕндзынӕн йӕ фарн, йемыдзаг ӕй бакӕндзынӕн адӕмты фӕллойӕ, раст ыл цыма дон раивылдзӕни, уыйау. Ӕмӕ уӕхи ӕнкъардзыстут, хъӕбысы кӕнӕ уӕрджытыл кӕй фӕрӕвдауынц, уыцы сабитау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 66:12
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Адӕмтӕ сӕ ӕркӕндзысты сӕ фыдыуӕзӕгмӕ ӕмӕ сын уым, Дунедарӕджы зӕххыл, нӕлгоймагӕй, сылгоймагӕй, цагъартӕ суыдзысты. Израилӕгтӕ уацары райсдзысты, кӕддӕр сын сӕхи уацары чи акодта, уыцы адӕмты ӕмӕ ӕлдариуӕг кӕндзысты сӕ кӕддӕры ӕфхӕрджытӕн.


Удвидар, ӕнӕфӕцудгӕ чи у, уыдоны Ды схайджын кӕныс фарнӕй, уымӕн ӕмӕ Дӕуӕй сты ныфсджын.


Уыцы сахар фыдгулӕй бахизынӕн нал бахъӕудзӕн йӕ алыварс цӕугӕдӕттӕ ӕмӕ уӕрӕх къанӕуттӕ кӕнын, Дунедарӕг ӕй хъахъхъӕндзӕн Йӕхӕдӕг. Фыдгулты бӕлӕгътӕ ӕмӕ наутӕй сахармӕ иу дӕр ӕввахс не ’рбацӕудзӕн.


Дунедарӕг загъта: «Мысыры фӕллӕйттӕ дӕр, стӕй, Эфиопийы сӕудӕджерты къухы цы мулк бафтыд, уыдон дӕр сымахӕн лӕвӕрд ӕрцӕудзысты, Мӕ адӕм, ӕмӕ, севайӕгтӕ, бӕзӕрхыг адӕм, уӕ цагъартӕ суыдзысты, ӕрбацӕудзысты уӕм рӕхысбӕстытӕй ӕмӕ уӕ разы ӕрзоныг кӕндзысты. Уӕ Хуыцаумӕ уын скувдзысты ӕмӕ зӕгъдзысты, ӕрмӕстдӕр сымахӕн ис Хуыцау ӕмӕ Уый йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау нӕй, зӕгъгӕ».


Тӕхуды ӕмӕ Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕ куы ӕххӕст кодтаиккат! Уӕд уӕ амонд ивылдаид фурдау, уӕ фарн та — абухгӕ денджызау.


Дӕ байзӕддӕгты дын се ’ппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн Дунедарӕг, ӕгӕрон уыдзӕн сӕ фарн.


Дӕ байзӕддӕгтӕ сбирӕ уыдзысты, афсӕрдзысты хуссармӕ ӕмӕ цӕгатӕрдӕм, сӕ дӕлбар бакӕндзысты алы адӕмты, ӕрцӕрдзысты гӕныстон сахарты».


Уӕд ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕны адӕмтыл тас бафтаудзысты Дунедарӕджы ном, Йӕ кады хабӕрттӕ. Тыхгӕнджытӕ цӕугӕдонау куы ’рбагуылф кӕной, уӕд сӕ Дунедарӕг ныффалгӕрон кӕндзӕн уадау.


Адӕмтӕ ӕмӕ дыл паддзӕхтӕ ауддзысты, мад йӕ дзидзидай сабийы йӕ риуы ’хсырӕй куыд фӕхӕссы, уыйау. Ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау.


Уӕхӕдӕг та суыдзыстут Дунедарӕджы нымад сауджынтӕ, нӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ. Адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ уыдзысты уӕхи, иууылдӕр уыдзысты сымах.


Сымах хайджын уыдзыстут йӕ ныфсӕй, йӕ фарнӕй, уӕ мондӕгтӕ исдзыстут йӕ бирӕ бӕркадӕй.


Уымӕн ӕмӕ нын райгуырди Саби — рардӕуыди нын Фырт. Уый у не суинаг Паддзах. Сӕвӕрдзысты Йыл кадджын нӕмттӕ: Ӕрдхӕрӕны Уынаффӕгӕнӕг, Хъомысджын Хуыцау, Ӕнусон Фыд, Фидыды Ӕлдар.


Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.


Фӕлӕ Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн ӕнӕниздзинад ратдзынӕн, сдзӕбӕх сӕ кӕндзынӕн, парахатӕй сын сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ратдзынӕн.


Ацы Кувӕндон, йӕ размӕ цы хӕдзар уыди, уымӕй кадджындӕр уыдзӕн, ӕмӕ Ӕз ацы бынат фарнӕй схайджын кӕндзынӕн, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ