Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 65:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Мӕ хӕхбӕстӕ исбонӕн кӕмӕн радтон, уыцы Йаков ӕмӕ Иудӕйӕн фидӕнмӕ сбирӕ кӕндзынӕн сӕ байзӕддӕгты. Ме ’взӕрст цагъартӕн уыцы хӕхбӕстӕ суыдзысты фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕмӕ дзы цӕрдзысты мыггагмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 65:9
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Сомбон Йаковы байзӕддӕгтӕ ног уидӕгтӕ ауадздзысты. Израил ног талатӕ суадздзӕн ӕмӕ дидинӕг ракалдзӕн, ӕгас дуне байдзаг уыдзӕн йӕ дыргътӕй.


Сионы хохыл цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм, бирӕ нӕ калдзыстут уӕ цӕссыг. Хуыцау уын ныббардзӕни, куы Йӕм сдзыназат, уӕд. Куыддӕр уын фехъуса уӕ дзыназын, афтӕ уын дзуапп ратдзӕни.


Мӕ адӕм цӕрдзысты фӕрнджын ран, ӕдас, ӕнӕмастӕй.


Сусӕгӕй кӕнӕ талынг рӕтты никуы дзырдтон. Йаковы хӕдзарвӕндагӕн нӕ дзырдтон, дзӕгъӕлы Мӕ агурут, зӕгъгӕ. Ӕз Дунедарӕг дӕн, рӕстдзинад Чи дзуры ӕмӕ ӕцӕгдзинад Чи ӕргом кӕны, Уый.


Уый сраст ӕмӕ скадджын кӕндзӕн Израилы байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Йӕ цагъарӕн: «Ӕрцӕудзӕн ахӕм фарны заман, фервӕзыны бон, ӕмӕ Дӕ Ӕз фехъусдзынӕн ӕмӕ Дын баххуыс кӕндзынӕн. Ӕз Дӕ бахиздзынӕн фыдбылызӕй, Мӕ адӕмӕн скӕндзынӕн Мӕ фидыд. Ды сӕ ногӕй ӕрцӕрын кӕндзынӕ сӕ гӕныстоны зӕххыл, байуардзынӕ сын цӕрӕнуӕттӕ, сӕ бынтӕ.


Дзыназын куы байдайай, уӕд дӕм бакӕсдзыстӕм, кӕддӕра дӕ куыд фервӕзын кӕндзысты дӕ бирӕ гуымирытӕ. Се ’ппӕты дӕр дымгӕмӕ ныддардзысты, Йӕ зӕрдӕ Мӕныл чи дары, уыдоны хай бауыдзӕни зӕхх, Мӕ уаз хох бауыдзӕни сӕ исбон».


Дӕ адӕм уыдзысты рӕстгӕнджытӕ, ӕмӕ, цы зӕхх сфӕлдыстон, дыргъдонау кӕй сарӕзтон, уый мыггагмӕ уыдзӕни сӕ исбон. Ӕмӕ Мӕ кады ном айхъуысдзӕн адӕмтыл.


Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.


Хӕдзӕрттӕ нӕ араздзысты ӕмӕ дыргъдӕттӕ нӕ кӕндзысты ӕцӕгӕлӕттӕн. Ме ’взӕрст адӕм цӕрдзысты, бӕлас цас цӕры, уый бӕрц, цӕрдзысты сӕ къухты фӕллойӕ.


Райсдзынӕн уӕ, цы адӕмтӕ, цы бӕстӕтыл ныххӕлиу стут, уырдыгӕй ӕмӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн уӕ бӕстӕмӕ.


Рӕстӕг куы ’рцӕуа, уӕд уӕ Ӕз ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, уӕ хӕдзармӕ уӕ ӕрбакӕндзынӕн, ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн уын уӕ ном ӕмӕ уӕ кады кой айхъуысын кӕндзынӕн, ӕмӕ уӕхи цӕстӕй фендзыстут, уӕ раздӕры фарн уын куыд раздӕхтон, уый, — зӕгъы Дунедарӕг.


Ӕмӕ уыцы бонтӕ куы нӕ фӕкъаддӕр уыдаиккой, уӕд иу адӕймаг дӕр нӕ фервӕзтаид. Фӕлӕ ӕвзӕрстыты сӕраппонд Хуыцау уыцы бонтӕ фӕкъаддӕр кӕндзӕн.


Фарны Уацыл кӕй не ’ууӕндынц, уымӕ гӕсгӕ Хуыцауы знӕгтӕ сты, ӕмӕ уый уӕ пайдайӕн у. Фӕлӕ уыдон ӕвзӕрст адӕм сты, ӕмӕ сӕ Хуыцау уарзы сӕ рагфыдӕлты тыххӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ