Исайа 65:25 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст25 Иумӕ хиздзысты бирӕгъ ӕмӕ уӕрыкк. Домбай стурау хӕрдзӕни хъӕмп, калм та цӕрдзӕни зӕххы рыгӕй. Фыдракӕнд ӕмӕ зиан ничи кӕндзӕни Мӕ уаз хохыл». Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Алы адӕмтӕй уын ӕрбакӕндзысты ӕфсымӕртӕ бӕхтыл, хӕргӕфсытыл ӕмӕ уадӕмдзу теуатыл, ӕрбаласдзысты сӕ тохуӕрдӕтты ӕмӕ лӕгуӕрдӕтты. Ӕрбакӕндзысты сӕ Мӕ уаз хохмӕ, Йерусалиммӕ, ӕмӕ сӕ балӕвар кӕндзысты Мӕнӕн, Дунедарӕгӕн, израилӕгтӕ Мын Мӕ Кувӕндонмӕ сыгъдӕг мигӕнӕны хуын куыд ӕрбахӕссынц, раст уый хуызӕн.
Цыдӕриддӕр бакодтой, уыдӕттӕй се ’фсарм куы ссудза, уӕд-иу сын равдис Кувӕндоны фӕлгонц, йӕ арӕзт, йӕ рацӕуӕнтӕ ӕмӕ йӕ бацӕуӕнтӕ. Скӕн-иу сын Кувӕндоны хахныв ӕмӕ-иу сын радзур йе ’ппӕт арӕзт, стӕй йе ’ппӕт уагӕвӕрдтӕ ӕмӕ ӕгъдӕутты тыххӕй, ныффыс сын сӕ сӕхи раз, цӕмӕй сӕ ма рох кӕной ӕмӕ сӕ ӕххӕст кӕной.