24 Ӕз-иу сӕ фехъусдзынӕн, нӕма-иу Мӕм скувдзысты, афтӕ. Сӕ курдиат-иу нӕма зӕгъдзысты, афтӕ-иу сын ӕй сӕххӕст кӕндзынӕн.
Авраамы цагъар куывд нӕма фӕцис, ӕмӕ дын мӕнӕ, йӕ дурын йе уӕхскыл, афтӕмӕй рацӕуы Ревеккӕ — Бетуелы, Милка ӕмӕ Авраамы ӕфсымӕр Нахоры фырты, чызг.
Амоцы фырт Исайа арвыста Езекиамӕ, цӕмӕй йын фехъусын кӕной: «Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, Израилы Хуыцау: ды мӕм ӕххуысагур скуывтай, Ассирийы паддзах Санхерибӕй хъастгӕнгӕйӕ, ӕмӕ дӕ Ӕз фехъуыстон».
Рӕстдзинад ӕмӕ раст тӕрхон Ын ӕхцон сты, Йӕ хорзӕхӕй йемыдзаг у зӕхх.
Ӕнӕхуыцӕуттӕн бацамондзынӕн Дӕ фӕндӕгтӕ, ӕмӕ Дӕм тӕригъӕдджынтӕ раздӕхдзысты.
зӕры бонты дӕр дыргъджын, донджын ӕмӕ райдзастхуыз уыдзысты,
Сионы хохыл цӕрджытӕ, Йерусалимы адӕм, бирӕ нӕ калдзыстут уӕ цӕссыг. Хуыцау уын ныббардзӕни, куы Йӕм сдзыназат, уӕд. Куыддӕр уын фехъуса уӕ дзыназын, афтӕ уын дзуапп ратдзӕни.
Дунедарӕг загъта: «Мӕ мӕгуыр, Мӕ гӕвзыкк адӕм дойныйӕ мӕлынц ӕмӕ дон нӕ арынц, донмондагӕй се ’взаг сӕ комы ныххус ис. Фӕлӕ сӕ Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Хуыцау — фехъусдзынӕн, сӕ тыхсты сӕ нӕ ныууадздзынӕн.
Агурут Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ ссардзыстут, кувут Ӕм, уымӕн ӕмӕ уӕм ӕрӕввахс ис!
Уӕд-иу Мӕм скувут, ӕмӕ уын уӕ куывд айсдзынӕн. Ӕххуысагур Мӕм куы сдзыназат, уӕд уын дзуапп ратдзынӕн, Ӕз мӕнӕ дӕн, зӕгъгӕ. Хынджылӕггаг куы никӕйуал кӕнат, хахуыртӕ куынӕуал хӕссат,
Дунедарӕджы къух нӕ фӕцыбыр — ис Ӕм сымах фервӕзын кӕныны хъомыс. Уӕдӕ уӕзхъус дӕр нӕ нӕу — ӕххуысагур Ӕм куы скувиккат, уӕд уӕ ӕнӕмӕнг фехъусид.
Уый мын загъта: «Ма тӕрс, Даниил! Сусӕгтӕ бамбарынмӕ тырнгӕйӕ, Хуыцауы раз сӕрныллӕгӕй фыццаг хатт куы ӕрлӕууыдтӕ, уӕд дын тӕккӕ уыцы бон дӕ куывд фехъуыста, ӕмӕ ӕз уымӕн ӕрцыдтӕн.
Уыцы ӕртыккаг хай Ӕз ӕвзистау арты батайын кӕндзынӕн, ссыгъдӕг сӕ кӕндзынӕн сыгъзӕринау. Уыдон Мӕм кувдзысты, ӕмӕ сӕ Ӕз фехъусдзынӕн. Ӕз зӕгъдзынӕн: „Адон сты Мӕ адӕм“. Уыдон зӕгъдзысты: „Дунедарӕг — нӕ Хуыцау!“»
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: уӕ куывды цы курат, уый ныридӕгӕн кӕй райстат, ууыл ӕууӕндут ӕмӕ йӕ уӕд ӕнӕмӕнгӕй райсдзыстут.
Куы скуывтой, уӕд, кӕм уыдысты, уыцы бынат нынкъуысти, се ’ппӕтыл дӕр Сыгъдӕг Уд ӕртыхсти, ӕмӕ ӕдӕрсгӕ хъусын кодтой Хуыцауы ныхас.