22 Хӕдзӕрттӕ нӕ араздзысты ӕмӕ дыргъдӕттӕ нӕ кӕндзысты ӕцӕгӕлӕттӕн. Ме ’взӕрст адӕм цӕрдзысты, бӕлас цас цӕры, уый бӕрц, цӕрдзысты сӕ къухты фӕллойӕ.
Ӕдӕппӕтӕй та Мефушал фӕцарди фарастсӕдӕ ӕхсай фараст азы.
Ӕдӕппӕтӕй та Адам фӕцарди фарастсӕдӕ ӕртын азы.
Уаз дӕ Ды, Израилы кады зарджыты астӕу Дӕ паддзахы бадӕны бадыс.
цӕмӕй хъусын кӕной, Дунедарӕг, мӕ къӕдзӕх, рӕстаг кӕй у, уый ӕмӕ Йӕм ӕнӕрастӕй кӕй ницы ис!
Дунедарӕг ард бахордта Йе стыр хъомысӕй: «Дӕ хойраг дын нал ратдзынӕн дӕ фыдгултӕн, цы сӕныл бафыдӕбон кодтай, уый дын нал нуаздзысты ӕцӕгӕлӕттӕ.
Тыллӕг чи бафснайы, хӕргӕ дӕр дзы уыдон кӕндзысты ӕмӕ Дунедарӕджы стаудзысты. Сӕн дӕр, сӕнӕфсир чи тоны, уыдон Мӕ Кувӕндоны кӕртыты нуаздзысты».
Ме ’взӕрстытӕ уӕ номӕй пайда кӕндзысты ӕлгъыстӕн, Дунедарӕг Хуыцау уӕ мӕлӕты хай бакӕндзӕн, Йӕ цагъартӕн та ратдзӕни ног ном.
Мӕ хӕхбӕстӕ исбонӕн кӕмӕн радтон, уыцы Йаков ӕмӕ Иудӕйӕн фидӕнмӕ сбирӕ кӕндзынӕн сӕ байзӕддӕгты. Ме ’взӕрст цагъартӕн уыцы хӕхбӕстӕ суыдзысты фыдӕй-фыртмӕйы исбон, ӕмӕ дзы цӕрдзысты мыггагмӕ.
Цы ног арв ӕмӕ ног зӕхх сфӕлдисон, уыдон ӕдзух Мӕ цӕсты раз куыд уыдзысты, уыйау уӕ байзӕддӕгтӕ дӕр ӕмӕ уӕ ном дӕр. Уый уын зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.
уӕд уын Ӕз мӕнӕ цы бакӕндзынӕн: тарниз ӕмӕ уыл тӕвдниз бафтаудзынӕн, уӕ цӕстыты рухс баталынг уыдзӕн, ӕмӕ удхарӕй мӕлдзыстут. Уӕ хуымтӕ-иу байтаудзыстут дзӕгъӕлы: уӕ фыдгултӕ-иу бахӕрдзысты уӕ тыллӕг.