21 Араздзысты хӕдзӕрттӕ ӕмӕ сӕ цӕрдзысты. Садздзысты сӕнӕфсиры талатӕ ӕмӕ сӕхицӕн тондзысты сӕнӕфсир.
Хуыцау уын уӕ хоры хуымтӕн ратдзӕни къӕвда, стӕй уӕ бафсаддзӕни дзаджджын тыллӕгӕй, ныккӕнӕн дӕр нӕ уыдзӕни уӕ хортӕн.
Мӕ адӕм цӕрдзысты фӕрнджын ран, ӕдас, ӕнӕмастӕй.
Дӕуӕн та, Езекиа, мӕнӕ нысан: ацы аз хӕрут, хӕдӕвзӕрдӕй цы хор ӕрзади, уый, иннӕ аз дӕр хӕрдзыстут, йӕхигъӕдӕй цы хор ӕрзайа, уый, ӕртыккаг аз та-иу байтаут ӕмӕ бафснайут уӕ хортӕ, скӕнут сӕндӕттӕ ӕмӕ хӕрут сӕнӕфсир.
Зӕхх уын йӕ бӕркад дӕтдзӕн, ӕмӕ ӕфсӕст уыдзыстут.
уӕд уын Ӕз мӕнӕ цы бакӕндзынӕн: тарниз ӕмӕ уыл тӕвдниз бафтаудзынӕн, уӕ цӕстыты рухс баталынг уыдзӕн, ӕмӕ удхарӕй мӕлдзыстут. Уӕ хуымтӕ-иу байтаудзыстут дзӕгъӕлы: уӕ фыдгултӕ-иу бахӕрдзысты уӕ тыллӕг.
Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн Мӕ адӕмы, Израилы. Афтид сахартӕ ног сараздзысты ӕмӕ сӕ ӕрцӕрдзысты, сӕндӕттӕ ныссадздзысты ӕмӕ сӕн нуаздзысты, скӕндзысты дыргъдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргътӕ хӕрдзысты.