Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 63:3 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

3 «О, Ӕз иунӕгӕй лӕмӕрстон сӕн, адӕмтӕй Мӕ фарсмӕ ничи ӕрбалӕууыд. Ӕмӕ Ӕз Мӕ фыр мӕстӕй се ’ппӕты дӕр ссӕстон мӕ къӕхты бын, лӕмӕрстон сӕ сӕнӕфсиры цупӕлттау. Сӕ туг Мыл-иу ӕрбакалд ӕмӕ Мын мӕнӕ самӕста Мӕ дарӕс.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 63:3
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Иудӕ йӕ къӕлӕуы сӕнӕфсиры зӕнгыл бӕтдзӕнис, талаты хуыздӕрыл бӕтдзӕни йӕ къӕлӕуы. Ӕнхъӕвздзӕн йӕ пӕлӕз сӕнӕфсиры доны, сӕнӕфсиры туджы ӕнхъӕвздзӕни йӕ дарӕс.


Йегу сын загъта: «Раппарут уыцы сылгоймаджы!» Раппӕрстой йӕ, ӕмӕ куы ’рхауди, уӕд йӕ туг бакалди галуаны къулыл ӕмӕ бӕхтыл. Йӕ бӕхы къӕхты бын ӕй фӕкодта Йегу.


Йӕ къӕдзил кедры зӕнгау — фидар, йӕ синты нуӕрттӕ стыхстысты кӕрӕдзиуыл.


Уый у Дунедарӕджы, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы, бон Цӕстылуайӕнты Дӕлвӕзы. Уый у сахары систӕ дӕрӕнгӕнӕн бон ӕмӕ хӕхтӕм ӕххуысмӕ дзыназыны бон.


Дунедарӕг Йӕ арм дардзӕни Сионыл. Моав ссӕст ӕрцӕудзӕн, хъӕмп фаджысы куыд ныссӕндынц, уыйау.


расыггӕнаг ефремонты алӕмӕты бӕстӕ сӕ къӕхты бын банай кӕндзысты.


Йӕ раст тӕрхон у згъӕрхӕдонау, Йӕ ирвӕзын кӕныны хъомыс та — такайау. Фыдгӕнджыты бафхӕрынӕн цы тӕрхон рахаста, уым Йӕхи ӕрбатыхта пӕлӕзау.


Ӕмӕ уӕд фыр мӕстӕй Мӕ къӕхты бын ныссӕстон алы адӕмты, ныффалгӕрон сӕ кодтон ӕмӕ сын сӕ туг акалдтон зӕххыл».


Уӕ, Дунедарӕг басаста мӕ тыхджынты! Мӕ ныхмӕ мын, бӕрӕгбонмӕ сӕ хонӕгау, ӕрӕмбырд кодта ме знӕгты, — ныццӕгъдой мын мӕ лӕппуты! Сӕнӕфсир сӕндуцӕны ссӕндӕгау, Иудӕйы чызджы Дунедарӕг бассӕста!


Райсут уе ’хсырфытӕ — кӕрдинаг бирӕ ис! Фезмӕлут! Сӕндуцӕнтӕн сӕн сӕ былтӕй кӕлы, зӕхх адӕмы тӕригъӕдтӕ нал уромы.


Ме знаг дӕр уыдӕттӕ фендзӕнис ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Кӕм ис дӕ Дунедарӕг Хуыцау?» Уынджы йӕ цъыфау куыд бассӕнддзысты, уымӕ ӕхсызгонӕй кӕсдзынӕн.


Иудӕйы байзӕддӕгтӕ, хӕсты рӕстӕг уынджы рыг цы хӕстонтӕ фессӕндынц, уыдоны ’нгӕс суыдзысты. Дунедарӕг семӕ уыдзӕн, ӕмӕ бӕхӕфсад фӕхудинаг кӕндзысты.


Ӕнӕхуыцӕутты бассӕнддзыстут, ӕмӕ уӕ къӕхты бын рыг фестдзысты, Ӕз кӕй снысан кодтон, уыцы бон, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ