2 «Ӕмӕ Дӕ дарӕс афтӕ сырх цӕмӕн у, раст цыма сӕндуцӕны сӕн лӕмӕрстай, уый хуызӕн?» —
Иудӕ йӕ къӕлӕуы сӕнӕфсиры зӕнгыл бӕтдзӕнис, талаты хуыздӕрыл бӕтдзӕни йӕ къӕлӕуы. Ӕнхъӕвздзӕн йӕ пӕлӕз сӕнӕфсиры доны, сӕнӕфсиры туджы ӕнхъӕвздзӕни йӕ дарӕс.
Йӕ раст тӕрхон у згъӕрхӕдонау, Йӕ ирвӕзын кӕныны хъомыс та — такайау. Фыдгӕнджыты бафхӕрынӕн цы тӕрхон рахаста, уым Йӕхи ӕрбатыхта пӕлӕзау.
«Уый сырх-сырхид дарӕсы Чи рацӕуы Едомы сахар Боцрайӕ? Уый Чи у уыцы хъомысджын, Чи рацӕуы уыцы барджын къахдзӕфтӕй Йӕ дарӕсы мидӕг?» «Уый Ӕз дӕн — рӕстдзинад Дзурӕг ӕмӕ хъомысджын Ирвӕзынгӕнӕг!»
Ӕмӕ сомы кӕнын Мӕхицӕй, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау, — дӕ туджы дӕ фӕмӕцын кӕндзынӕн, тугисджытӕ зилдзысты дӕ фӕдыл. Туг ныккалынмӕ ӕмхиц кӕй уыдтӕ, уый тыххӕй дын дӕхи туг дӕр ӕрцагуырдӕуыдзӕн.
Зӕд йе ’хсырф зӕххыл фехста, сӕнӕфсиры цупӕлттӕ ӕрлыг кодта ӕмӕ сӕ ныппӕрста Хуыцауы фыдӕхы стыр сӕндуцӕны.
Ис Ыл тугӕйдзаг пӕлӕз; Йӕ ном: Хуыцауы Дзырд.
Йӕ дзыхӕй зынди цыргъ цирхъ адӕмты цӕгъдынӕн. Уый сӕ хиздзӕнис ӕфсӕн лӕдзӕгӕй; сӕндуцӕны Йӕ къӕхтӕй лӕмары сӕнӕфсир — Ӕппӕтылхӕцӕг Хуыцауы стыр фыдӕхы сӕн.