8 Дунедарӕг ард бахордта Йе стыр хъомысӕй: «Дӕ хойраг дын нал ратдзынӕн дӕ фыдгултӕн, цы сӕныл бафыдӕбон кодтай, уый дын нал нуаздзысты ӕцӕгӕлӕттӕ.
Уӕ зӕхх ныггӕныстон, уӕ сахартӕ арты хай баисты, уӕ хуымты бӕркад уын уӕ цӕстыты раз ӕцӕгӕлӕттӕ ссивынц. Зӕрӕстон фӕци уӕ бӕстӕ, цыма йӕ ӕцӕгӕлӕттӕ дымгӕмӕ ныддардтой, уыйау.
Мӕхицӕй сомы кӕнын, Мӕ дзыхӕй рӕстдзинад кӕй цӕуы ӕмӕ Мӕ дзырдӕн аивӕн кӕй нӕй, уый тыххӕй: Мӕ разы ӕрзоныг кӕндзӕн алы адӕймаг, алы ӕвзаг сомы кӕндзӕни Мӕнӕй.
Нойы заман доны хъаймӕт куы фӕци, уӕд куыд расомы кодтон, зӕххыл доны хъаймӕт нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, афтӕ сомы кӕнын ныр дӕр, нал дӕм смӕсты уыдзынӕн ӕмӕ дӕм нал бартхъирӕн кӕндзынӕн.
Уе ’взистӕй цӕмӕн дӕттут, къӕбӕры аккаг уын цы нӕу, уый сӕрмӕ? Уӕ хъиамӕтӕй дӕр цӕмӕн фидут, уе стонг уын цы нӕ сафы, ууыл? Мӕ коммӕ куы кӕсат, уӕд уӕ хойраг уыдзӕни фӕрнӕйдзаг, уӕ удтӕ ӕфсаддзыстут хӕрзад хӕринагӕй.
Стыр дисы бафтыд, сӕрылхӕцӕг кӕй нӕ разынд, ууыл. Ӕмӕ Йын уӕд Йӕхи къух ӕрхаста уӕлахиз, Йӕ раст тӕрхон Ын баххуыс кодта.
Самарийы хӕхтыл ногӕй сӕндӕттӕ скӕндзынӕ, сӕндондартӕ сӕ сараздзысты ӕмӕ тыллӕг ӕрӕмбырд кӕндзысты.
Уыцы адӕм дын аныхъуырдзысты дӕ тыллӕг ӕмӕ дӕ хор, дӕ фыртты ӕмӕ дӕ чызджыты, дӕ фысты ӕмӕ дӕ галты, дӕ сӕнӕфсиртӕ ӕмӕ дӕ легъуи бӕлӕстӕ. Бырутӕй ӕхгӕд сахартӕ — ныфсджын кӕмӕй дӕ, уыдон — ныддӕрӕн кӕндзысты кардӕй.
Фехъусын сын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Израилы адӕмы куы равзӕрстон, уыцы бон Мӕ къух уӕлӕмӕ систон ӕмӕ расомы кодтон Йаковы хӕдзарвӕндагӕн, Мӕхи сын раргом кодтон Мысыры зӕххыл. Мӕ къух хӕрдмӕ систон ӕмӕ сын загътон: ‚Ӕз Дунедарӕг дӕн, уӕ Хуыцау!‘
уӕд уын Ӕз мӕнӕ цы бакӕндзынӕн: тарниз ӕмӕ уыл тӕвдниз бафтаудзынӕн, уӕ цӕстыты рухс баталынг уыдзӕн, ӕмӕ удхарӕй мӕлдзыстут. Уӕ хуымтӕ-иу байтаудзыстут дзӕгъӕлы: уӕ фыдгултӕ-иу бахӕрдзысты уӕ тыллӕг.
Ӕз уацарӕй раздахдзынӕн Мӕ адӕмы, Израилы. Афтид сахартӕ ног сараздзысты ӕмӕ сӕ ӕрцӕрдзысты, сӕндӕттӕ ныссадздзысты ӕмӕ сӕн нуаздзысты, скӕндзысты дыргъдӕттӕ ӕмӕ сын сӕ дыргътӕ хӕрдзысты.
Сылгоймагимӕ бафидаудзынӕ, фӕлӕ дӕ усаг ӕндӕры бауыдзӕн. Хӕдзар сараздзынӕ, фӕлӕ дзы ӕндӕр чидӕр ӕрцӕрдзӕн. Сӕндон скӕндзынӕ, фӕлӕ дзы тыллӕг не ’рӕмбырд кӕндзынӕ.
Дӕ цӕстыты раз дын дӕ гал аргӕвддзысты, фӕлӕ дзы ды нӕ фӕхъӕстӕ уыдзынӕ. Дӕ хӕрӕг дын байсдзысты, ӕмӕ дын ӕй фӕстӕмӕ нал ратдзысты. Де знӕгты амӕттаг бауыдзысты дӕ фысвос, ӕмӕ дын ничи баххуыс кӕндзӕн.
Дӕ зӕххы тыллӕг ӕмӕ дӕ къухты фӕллой дын, кӕй никуы зыдтай, уыцы адӕм хӕрдзысты, ды та дӕ бонтӕ ссӕст ӕмӕ ӕфхӕрдӕй тондзынӕ.
Уӕларвмӕ Мӕ къух сисгӕйӕ, Ме ’нусондзинадӕй сомы кӕнын: