7 Ма ныхъхъус ут, кувут Дунедарӕгмӕ, цалынмӕ Йерусалимы сахар ногӕй сараза, цалынмӕ, йӕ кады ном дунейыл кӕмӕн айхъуыса, ахӕм сахар дзы сараза, уӕдмӕ!
Дӕ ныв дын скодтон, Йерусалим, Мӕ армытъӕпӕнтыл. Дӕ систӕ ӕдзух лӕууынц Мӕ цӕстыты раз.
Дӕ зӕхх никуыуал бавзардзӕн тыхми, гӕныстон ӕмӕ заууатмӕ никуыуал ӕрцӕудзӕн. Дӕ систӕ дын суыдзысты ирвӕзынгӕнӕг, дӕ кулдуӕрттӕ та — кад хӕссӕг.
Зӕххыл зайӕгойтӕ билцъ куыд суадзынц ӕмӕ куыд байрӕзынц, уыйау Дунедарӕг ӕппӕт адӕмтӕн равдисдзӕн Йӕ рӕстдзинад ӕмӕ Йӕ кад.
Ацы сахар Мӕ ӕппӕт зӕххон адӕмты ’хсӕн скадджын кӕндзӕн. Цы хорзӕхтӕ йын балӕвар кодтон, уый куы фехъусой, уӕд Мӕ цингӕнгӕйӕ стаудзысты. Цы фарнӕй йӕ схайджын кодтон, уый куы базоной, уӕд фыр тӕссӕй нырриздзысты.
Ма нӕ бафтау фыдӕвзарӕны, фӕлӕ нӕ бахиз сайтанӕй. Уымӕн ӕмӕ Паддзахад, тых ӕмӕ кад Дӕу сты мыггагмӕ. Аммен.
Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».