Исайа 62:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст2 Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты, Дунедарӕг дын Йӕ раст тӕрхоны фӕрцы цы хӕрзты бацыд, уый. Ӕппӕт паддзӕхтӕ дӕр дын фендзысты дӕ кад. Дунедарӕг дын ратдзӕни ног ном ӕмӕ дӕм уыцы номӕй дзурдзысты иууылдӕр. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Мӕ адӕмӕй чи фервӕза, уыдоны скӕндзынӕн Мӕ минӕвӕрттӕ. Арвитдзынӕн сӕ алы адӕмтӕм, алы бӕстӕтӕм: Таршишмӕ, Пулмӕ ӕмӕ Лудмӕ, Мешехмӕ ӕмӕ Рошмӕ, Тувалмӕ ӕмӕ Йаванмӕ, ноджы ма алы дард сакъадӕхтӕм, Мӕ кой Мын кӕм никуы фехъуыстой ӕмӕ Мын Мӕ кад кӕм никуы федтой, уыцы бӕстӕтӕм, ӕмӕ адӕмӕн дзурдзысты Мӕ кады тыххӕй.