Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 62:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Уыцы адӕмы схондзысты, Дунедарӕг кӕй фервӕзын кодта, уыцы уаз адӕм. Дӕу та схондзысты, Дунедарӕг дзӕгъӕл кӕй нӕ ныууагъта, уыцы бӕллиццаг сахар.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 62:12
30 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

О Хуыцау, мӕ зӕрдӕ фӕфидар ис, зардзӕни мӕ уд ӕмӕ Дӕ стаудзӕни зарӕджы зӕлтӕй!


ӕмӕ Мын сымах уыдзыстут сауджынты паддзахад, уаз адӕм“. Фӕхӕццӕ кӕн ацы ныхӕстӕ израилӕгтӕм».


Сионы сахар раст тӕрхоны руаджы фервӕздзӕн, йӕ цӕрджытӕй йӕ цӕрджытӕй фӕсмонмӕ чи ӕрцыд, уыдон та — сӕ рӕстады фӕрцы.


Уыдзӕни уӕрӕх фӕндаг уым, Уазвӕндаг — йӕ ном. Ӕнӕсыгъдӕг ыл йӕ къах не ’рӕвӕрдзӕн, уый ӕрмӕстдӕр Йӕ агурӕгӕн уыдзӕн, ӕмӕ ӕдылы дӕр нӕ фӕдзӕгъӕл уыдзӕн, фыццаг хатт куы цӕуа, уӕд дӕр.


Никуы фендӕуыдзӕн уыцы фӕндагыл домбай кӕнӕ ’ндӕр тугдзых сырд. Дунедарӕг кӕй фервӕзын кодта, уыцы адӕм ыл цӕудзысты ӕрмӕстдӕр.


Сионы цӕрджытӕй удӕгасӕй чи баззайа, Йерусалимы сахары чи аирвӕза ӕмӕ, цӕмӕй Йерусалимы цӕрой, уый тыххӕй сӕ нӕмттӕ чиныджы фыст кӕмӕн ӕрцӕуой, уыдоны схондзысты уаз адӕм.


Дунедарӕг загъта: «Мӕ мӕгуыр, Мӕ гӕвзыкк адӕм дойныйӕ мӕлынц ӕмӕ дон нӕ арынц, донмондагӕй се ’взаг сӕ комы ныххус ис. Фӕлӕ сӕ Ӕз — Дунедарӕг, Израилы Хуыцау — фехъусдзынӕн, сӕ тыхсты сӕ нӕ ныууадздзынӕн.


Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.


Басур кодтай денджыз, йӕ бынты йын, йе ’рфыты, айгӕрстай фӕндаг, кӕй фервӕзын кодтай, уыцы адӕмӕн.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Уӕйгӕнӕггаг уӕ сӕрмӕ ницы райстон ӕмӕ ӕлхӕнӕггаг дӕр уӕ сӕрыл ницы ратдзынӕн, афтӕмӕй уӕ ссӕрибар кӕндзынӕн».


Дӕ адӕм уыдзысты рӕстгӕнджытӕ, ӕмӕ, цы зӕхх сфӕлдыстон, дыргъдонау кӕй сарӕзтон, уый мыггагмӕ уыдзӕни сӕ исбон. Ӕмӕ Мӕ кады ном айхъуысдзӕн адӕмтыл.


Ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фендзысты, Дунедарӕг дын Йӕ раст тӕрхоны фӕрцы цы хӕрзты бацыд, уый. Ӕппӕт паддзӕхтӕ дӕр дын фендзысты дӕ кад. Дунедарӕг дын ратдзӕни ног ном ӕмӕ дӕм уыцы номӕй дзурдзысты иууылдӕр.


Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал нымайдзысты дзӕгъӕл сахарыл, дӕ зӕхх дӕр дын нал схондзысты «ӕдзӕрӕг быдыр». Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕхи хондзысты «Хуыцауы уарзон», дӕ зӕхх та — «моймӕдзыд»! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзынӕ, ӕмӕ Йын дӕ зӕхх суыдзӕни бинойнагау.


Ацы зӕхх бирӕ рӕстӕг нӕ уыди Дӕ адӕмы исбон, уымӕн ӕмӕ Дын фыдгултӕ фӕчъизи кодтой Дӕ Кувӕндон.


«Ӕз раргом дӕн, чи Мӕм нӕ куывта, уыдонмӕ. Чи Мӕ нӕ агуырдта, уыдон Мӕ ссардтой. „Мӕнӕ дӕн, мӕнӕ!“ — дзырдтон, Мӕхи чи нӕ уыд, уыцы адӕммӕ.


Зӕгъын дын: ды дӕ Петр, ӕмӕ ацы дурыл Ӕз сараздзынӕн Мӕ аргъуан, ӕмӕ йӕ зындоны тыхтӕ нӕ басӕтдзысты.


Сахуыр сӕ кӕнут, Ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын. Ӕз та дунейы фӕудмӕ кӕддӕриддӕр уыдзынӕн уемӕ».


Адӕймаджы Фырт ӕрцыд сӕфтыты бацагурынмӕ ӕмӕ сӕ фервӕзын кӕнынмӕ».


Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ахӕм фыстӕ дӕр Мын ис, ӕмӕ Мӕ уыдоны дӕр ӕрбакӕнын хъӕуы. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс ӕмӕ иууылдӕр суыдзысты иу дзуг, ӕмӕ сын иу Фыййау уыдзӕни.


Фӕлӕ ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, уӕвгӕ, цӕугӕ дӕр ӕркодта, ӕмӕ ӕцӕг кувджытӕ нӕ уӕларвон Фыдмӕ кувдзысты Ӕцӕгады Удӕй разӕнгардӕй, уымӕн ӕмӕ Фыд Йӕхицӕн ахӕм кувджыты агуры.


Цӕмӕй уӕ, кӕй сӕвзӕрын кодта, ӕппӕт уыцы адӕмтӕй уӕлдӕр сӕвӕра, кад, намыс ӕмӕ уӕ ӕппӕт хӕрзты аккаг скӕна, ӕмӕ, зӕрдӕ уын куыд бавӕрдта, афтӕ Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, уаз адӕм уат».


Йӕ фӕдзӕхстытӕ Йын куы ӕххӕст кӕнат ӕмӕ Йӕ фӕндӕгтыл куы цӕуат, уӕд уӕ Дунедарӕг, куыд уын расомы кодта, афтӕ Йӕ уаз адӕм скӕндзӕн.


Уымӕн ӕмӕ сымах сыгъдӕг адӕм стут Дунедарӕгӕн, уӕ Хуыцауӕн; сымах равзӕрста Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, зӕххы цъары ӕппӕт адӕмты ’хсӕн, цӕмӕй Йӕ адӕм уат.


Ӕхцауарз ма ут, фӕлӕ уӕм цы ис, уый фагыл нымайут. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау Йӕхӕдӕг загъта: «Нӕ дӕ ныууадздзынӕн ӕмӕ дӕ нӕ ферох кӕндзынӕн».


Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.


Уыдон зарыдысты ног зарӕг: «Ды дӕ чиныг райсыны ӕмӕ йын йӕ мыхуыртӕ сисыны аккаг! Уымӕн ӕмӕ Дӕу ӕрхастӕуыди нывондӕн, ӕмӕ Дӕ Тугӕй Ды Хуыцауӕн балхӕдтай адӕмты — алы мыггаг ӕмӕ алы ӕвзаг, алы адӕм ӕмӕ алы знӕмты ӕхсӕнӕй!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ