Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 62:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Дунедарӕг фехъусын кодта ӕгас дунейӕн: «Фехъусын кӕнут Сионы сахарӕн, дӕ ирвӕзыны сахат ӕрбаввахс ис, зӕгъгӕ! Дунедарӕг ӕрбацӕуы ӕмӕ схорзӕхджын кӕндзӕн Йӕ адӕмы».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 62:11
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Хуыцау мӕнӕн — мӕ ирвӕзынгӕнӕг, мӕ уды ныфс — нӕ зонын Йемӕ тас. Мӕ хъомыс — Уый, мӕ зарӕджы сӕр — Дунедарӕг! Уый сси мӕ ирвӕзынгӕнӕг!»


Ды ферох кодтай дӕ ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы, дӕ Къӕдзӕх ӕмӕ дӕ Фидар дӕ хъуыдыйы дӕр нал уыди. Ды скодтай диссаджы дыргъдӕттӕ, ныссагътай ӕцӕгӕлон сӕнӕфсиры талатӕ.


Дунедарӕджы кадӕн ныззарут ног зарӕг! Стаут Ӕй, денджыздзаутӕ, денджызы цӕрӕгойтӕ ӕмӕ ӕппӕт бӕстӕтӕ, зӕххы алы кӕрӕтты!


уӕ сӕрибары дуг уын ӕрбаввахс кодтон, дард нал у. Рӕхджы рахӕцдзынӕн Сионы хохы сӕраппонд, Израил суыдзӕни Мӕ фӕлындӕн.


Рацӕут Вавилонӕй, лидзгӕ кӕнут халдейӕгтӕй, цинимӕ хъусын кӕнут ацы фарны уац, хӕццӕ йӕ кӕнут зӕххы цъары алы кӕрӕттӕм, дзурут: «Дунедарӕг фервӕзын кодта Йӕ цагъары, Йаковы байзӕддаджы!»


Ӕз та ӕнхъӕлдтон, дзӕгъӕлы тухӕнӕй марын мӕхи, мӕ хъарутӕ ӕнӕхъуаджы хардз кӕнын. Фӕлӕ мӕ Дунедарӕг сраст кӕндзӕни, хорз мын ракӕндзӕни мӕ Хуыцау.


Загъта мын: «Ды — Мӕ лӕггадгӕнӕг, фӕлӕ ма, уымӕй уӕлдай, Ды Йаковы раздӕры хъомыс раздахдзынӕ. Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ ды рухс суыдзынӕ адӕмтӕн, цӕмӕй, Мӕнӕй цы ирвӕзындзинад рацыд, уый аххӕсса зӕххы кӕрӕттӕм».


Мӕ рӕстдзинад ӕрӕввахс ис. Ме ’ххуыс уӕм фӕхӕццӕ кӕны. Мӕ хъомыс адӕмтӕн уыдзӕни фидауынгӕнӕг. Денджызгӕрон сахартӕ Мыл сӕхи бафӕдзӕхсдзысты, Мӕ хъомысӕй уыдзысты ныфсджын.


«О, ӕрцӕудзӕн Ирвӕзынгӕнӕг Сионмӕ, Йаковы байзӕддӕгтӕм, йӕ фыдракӕндтӕ чи ныууагъта, уыдонмӕ», — зӕгъы Дунедарӕг.


Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.


«Зӕгъут Сионы чызгӕн: мӕнӕ дӕм дӕ сӕрныллӕг Паддзах фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ».


Ӕмӕ сын загъта: «Ӕрзилут ӕгас дунейыл ӕмӕ Фарны Уац хъусын кӕнут алкӕмӕн дӕр.


«Ма тӕрс, Сионы чызг! Мӕнӕ дӕ Паддзах фӕцӕуы, къӕлӕуыл бадгӕйӕ».


Арвы кӕрон куы ныххӕлиу уа уӕ хъӕстӕ, уӕд дӕр уӕ ӕрбаиу кӕндзӕни Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, ӕмӕ уӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздахдзӕн.


«Рӕхджы ӕрцӕудзынӕн, ӕмӕ фиддон Мемӕ ис — алкӕмӕн дӕр йӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ бафиддзынӕн.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ