Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 61:6 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

6 Уӕхӕдӕг та суыдзыстут Дунедарӕджы нымад сауджынтӕ, нӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ. Адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ уыдзысты уӕхи, иууылдӕр уыдзысты сымах.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 61:6
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

ӕмӕ Мын сымах уыдзыстут сауджынты паддзахад, уаз адӕм“. Фӕхӕццӕ кӕн ацы ныхӕстӕ израилӕгтӕм».


Фӕлӕ ныр йӕ сӕудӕджеры бакуыст, йе ’фтиаг нывонд кӕндзӕни Дунедарӕгӕн. Къӕбицтӕ ӕмӕ йӕ ӕфтауцуӕттӕм не ’мбырд кӕндзысты, фӕлӕ йӕ дӕтдзысты, Дунедарӕджы раз аргъуыцгӕнгӕ чи цӕры, уыдонӕн, цӕмӕй сӕхи ӕфсадой ӕмӕ цӕуой зынаргъ дарӕсы.


Дӕ байзӕддӕгтӕ сбирӕ уыдзысты, афсӕрдзысты хуссармӕ ӕмӕ цӕгатӕрдӕм, сӕ дӕлбар бакӕндзысты алы адӕмты, ӕрцӕрдзысты гӕныстон сахарты».


Уӕдӕ ӕцӕгӕлӕттӕй дӕр Дунедарӕгимӕ чи баиу ис, лӕггад Ын кӕныны охыл, Дунедарӕджы ном чи уарзы, йӕхи Йын цагъар чи скодта ӕмӕ Йын Йӕ сабаты уагӕвӕрдтӕ чи ӕххӕст кӕны, Мӕ уагӕвӕрдтӕ йӕ уды рӕбинаг кӕмӕн сты,


Ӕз — Дунедарӕг — сӕххӕст кӕндзынӕн Мӕ дзырд. Йерусалимы сахарӕн сбирӕ кӕндзынӕн йӕ фарн, йемыдзаг ӕй бакӕндзынӕн адӕмты фӕллойӕ, раст ыл цыма дон раивылдзӕни, уыйау. Ӕмӕ уӕхи ӕнкъардзыстут, хъӕбысы кӕнӕ уӕрджытыл кӕй фӕрӕвдауынц, уыцы сабитау.


Ӕз уыдонӕй иуӕй-иуты равзардзынӕн, цӕмӕй мын уыдон сауджынтӕ ӕмӕ левиттау лӕггад кӕной, — зӕгъы Дунедарӕг.


Сауджын левиттӕ кӕддӕриддӕр Мӕ разы иууылсудзинӕгтӕ ӕмӕ ӕрвылбоны нывӕндтӕ хӕсдзысты, хойраджы хуынтӕ Мын судздзысты».


цӕмӕй Израилы адӕм Мӕнӕй се ’ргом мауал аздахой, сӕ фыдракӕндтӕй сӕхи мауал фӕчъизи кӕной, фӕлӕ суой Мӕ адӕм, Ӕз та уон сӕ Хуыцау“», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Хуыцау уӕ кӕй уарзы, уый тыххӕй уӕ курын, ӕфсымӕртӕ: уӕхи Йын ӕрхӕссут удӕгас, сыгъдӕг ӕмӕ фӕндиаг нывондӕн. Уый уыдзӕн, зӕрдӕйӕ чи цӕуы, уӕ уыцы куыст Хуыцауӕн.


Чи у Аполлос? Чи у Павел? Уыдон сты, сымах кӕй фӕрцы баууӕндыдыстут, ӕрмӕстдӕр уыцы кусджытӕ; ӕмӕ сӕ алчидӕр сарӕзта, Бардарӕг ын йӕ бӕрны цы хъуыддаг бакодта, уый.


Уӕдӕ нӕ сымах хъуамӕ нымайат Чырыстийы кусджытыл, Хуыцау Йӕ сусӕгдзинӕдтӕ кӕуыл баууӕндыди, уыдоныл.


Чырыстийы кусджытӕ сты? Мӕ зонд цыма фӕцыд, ӕз уыйау зӕгъын: ӕз уыдонӕй уӕлдӕр дӕн. Ӕз дзӕвгар фылдӕр бафыдӕбон кодтон, дзӕвгар фылдӕр уыдтӕн ахӕстӕтты, надтой мӕ ӕнӕвгъаудӕрӕй, бирӕ хӕттыты кастӕн мӕлӕты дзыхмӕ.


Фӕлӕ алы хъуыддаджы дӕр нӕхи ӕвдисӕм Хуыцауы кусджытӕй — фӕразон стӕм нӕ зынты, нӕ хъуӕгты, нӕ тыхст уавӕрты,


Левийы мыггагӕн хай нӕ уыдзӕн се ’фсымӕрты ’хсӕн. Дунедарӕг сын зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕмӕй Йӕхӕдӕг у уыдонӕн сӕ хай.


Ӕмӕ сымах дӕр цардӕгас дуртау уӕхи раттут Хуыцауӕн, уӕхицӕй лӕггады хӕдзар самайынӕн; уыдзыстут дзы сыгъдӕг кусджытӕ ӕмӕ Йын Йесо Чырыстийы фӕрцы хӕсдзыстут фӕндиаг нывӕндтӕ — лӕггад Ын кӕндзыстут Сыгъдӕг Удӕй разӕнгардӕй.


Сымах та стут ӕвзӕрст мыггаг, Паддзахы уаз лӕггадгӕнджытӕ, сыгъдӕг адӕм, Хуыцауы исбон, талынгӕй Йӕ диссаджы рухсмӕ кӕй ракодта ӕмӕ Йӕ алӕмӕты хъуыддӕгтӕ хъусын кӕнынмӕ кӕмӕ фӕсидти, Йӕ уыцы ӕвзӕрстытӕ.


паддзӕхтӕ ӕмӕ нӕ Йӕ Хуыцауӕн ӕмӕ Фыдӕн лӕггадгӕнджытӕ Чи скодта, Уымӕн кад ӕмӕ Паддзахад уӕд ӕнусӕй-ӕнустӕм! Аммен.


Тӕхудиаг сты, мӕрдты фыццаг райгасы цард чи райсдзӕн, уыдон: дыккаг мӕлӕты бон сыл нӕ цӕуы, фӕлӕ уыдзысты Хуыцауӕн ӕмӕ Чырыстийӕн лӕггадгӕнджытӕ ӕмӕ Йемӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мин азы.


Скодтай сӕ паддзӕхтӕ, нӕ Хуыцауӕн лӕггадгӕнджытӕ, ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты зӕххыл».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ