19 Хур ӕмӕ мӕй нал уыдзысты дӕ рухсгӕнджытӕ, фӕлӕ дын Дунедарӕг Хуыцау уыдзӕни мыггагмӕйы рухс ӕмӕ кад.
Бирӕтӕ дзурынц мӕнӕй: «Хуыцау ӕй нӕ фервӕзын кӕндзӕн!»
Фыдгӕнджытӕ бабын уыдзысты, Дунедарӕгыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдонӕн та зӕхх бауыдзӕни сӕ исбон.
О Хуыцау, фехъус мын мӕ хъӕр! Ӕрмӕстдӕр мӕ Ды сраст кӕндзынӕ! Ды-иу мӕ фервӕзын кодтай уынгӕджы заман. Батӕригъӕд кӕн ӕмӕ мын айс мӕ куывд!
Мӕ хуыссӕны дӕр Дӕ ӕрымысын, ӕхсӕвыгон дӕр Демӕ сты мӕ хъуыдытӕ.
Хорзӕх ӕмӕ иузӕрдиондзинад баиу уыдзысты, рӕстдзинад ӕмӕ фарн кӕрӕдзийӕн батӕ кӕндзысты.
Иузӕрдиондзинад тау суадздзӕни зӕххӕй, ӕмӕ рӕстад ӕркӕсдзӕни уӕларвӕй.
Йаковы хӕдзарвӕндаг! Ӕрбацӕут, ӕмӕ Дунедарӕджы рухсы цӕрӕм!
Мӕй ныссырх уыдзӕн ӕмӕ хур къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг паддзахиуӕг кӕндзӕни Сионы хохыл, Йерусалимы, ӕмӕ Йӕ кад адӕмы хистӕртӕн раргом кӕндзӕн.
Уыцы бон, Йӕ адӕмӕй ма удӕгасӕй чи баззайа, уыдонӕн Уӕларвӕфсады Бардарӕг суыдзӕни сӕ аив дидинхуд, сӕ алӕмӕты рӕсугъд фӕлыст.
Мӕй сӕрттивдзӕни хурау, хур та, цы у, уымӕй авд хатты рухсдӕрӕй, авд боны дӕргъы цы рухс ратты, уый йын цыма иу бонмӕ ӕрӕмбырд уыдзӕн, уыйау. Уыцы бон Дунедарӕг бабӕтдзӕни Йӕ адӕмы цӕфтӕ, байгас сын кӕндзӕни сӕ хъӕдгӕмттӕ.
Дымгӕмӕ сӕ ныддардзыстут, ӕмӕ сӕ дымгӕ ахӕсдзӕн, уаддым сӕ ныххӕлиу кӕндзӕн. Ӕмӕ уӕд бацин кӕндзыстут Дунедарӕгыл, стаудзыстут Израилы Стыр Хуыцауы».
Уый сраст ӕмӕ скадджын кӕндзӕн Израилы байзӕддӕгты се ’ппӕты дӕр.
Дунедарӕг кӕй ссӕрибар кӕна, уыдон цингӕнгӕ ӕрбаздӕхдзысты Сионмӕ, ӕнусон цин ӕнхъӕвздзӕни сӕ сӕрмӕ. Цинӕй райдзысты, мӕт ӕмӕ хъынцъымӕн та сӕ кой дӕр нал уыдзӕн.
Дунедарӕг зӕгъы: «Сыст, сӕрттив, Йерусалим, — ссыгъди дӕ рухс, дӕ сӕрмӕ тӕмӕнтӕ калы Дунедарӕджы кад!
Талынджы цы адӕм цардысты, уыдон ӕгӕрон рухс федтой, саудалынджы бӕстӕйы чи царди, уыдоны сӕрмӕ рухс сӕрттывта.
Ӕз сахары алыварс ӕхсидгӕ сис фестдзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ йӕ адӕмы ’хсӕн скадджын уыдзынӕн. Лидзгӕут цӕгатӕй, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ уӕ Ӕз, дымгӕмӕ фӕйлауӕгау, алы рӕтты ныххӕлиу кодтон, — зӕгъы Дунедарӕг.
мӕнӕ сӕм Ӕз мӕ къух сисдзынӕн, ӕмӕ сӕ раздӕры цагъайрӕгтӕн ӕфтиаг суыдзысты. Уӕд базондзыстут, сымахмӕ Мӕ Уӕларвӕфсады Бардарӕг кӕй рарвыста, уый.
Муртаттӕгтӕн Уый уыдзӕни Дӕу ӕргомгӕнӕг рухс, Дӕ адӕмӕн, Израилӕн та — йӕ кад».
Уый дӕ кад у, дӕ Хуыцау, дӕ цӕстыты раз дӕу тыххӕй уыцы стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг диссӕгтӕ Чи сарӕзта, Уый.
Рухсы тыххӕй сахары нӕ хъӕуы нӕдӕр хур, нӕдӕр мӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕ ныррухс кодта Хуыцауы кад, Уӕрыкк та у йӕ рухсгӕнӕн.
Уым ӕхсӕв нӕ уыдзӕн, нӕ дзы хъӕудзӕн нӕдӕр рухсгӕнӕн, нӕдӕр хуры рухс, уымӕн ӕмӕ сын рухс кӕндзӕн Бардарӕг Хуыцау; ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзысты мыггагӕй-мыггагмӕ.