13 Ливанӕй дын ӕрбаласдзысты диссаджы хорз хъӕдӕрмӕг: кипарис, тӕгӕр ӕмӕ кедр, цӕмӕй Мын рӕсугъд сфӕлындой Мӕ Кувӕндон — Мӕ къахӕвӕрӕн.
Паддзах Давид сыстад ӕмӕ загъта: «Байхъусут мӕм, ме ’фсымӕртӕ, мӕ адӕм! Мӕ зӕрды уыди, Дунедарӕджы Фидыды Чырын, нӕ Хуыцауы къахӕрӕвӕрӕн, кӕм ӕрӕнцой кӕна, ахӕм хӕдзар саразын, ӕрцӕттӕ йын кодтон аразӕн ӕрмӕг дӕр.
Мӕнӕу, хъӕбӕрхор, сой ӕмӕ сӕны кой скодтай, ӕмӕ-иу уыдон та дӕхи кусджытӕн рарвит.
Кад уӕд Дунедарӕгӕн, нӕ фыдӕлты Хуыцауӕн, Йерусалимы Дунедарӕджы хӕдзар фӕстӕмӕ йӕ къахыл слӕууыны хъуыды паддзахы сӕры Чи бауагъта!
Уӕлӕрвтӕ хъусын кӕнынц Йӕ раст тӕрхон, адӕмтӕ ӕвдисӕн сты Йӕ кадӕн.
Дунедарӕг — хӕрзаудӕг, Йӕ хорзӕх — ӕнусон, Йӕ иузӕрдиондзинад — фӕлтӕрӕй фӕлтӕрмӕ.
Дидинӕг ракалӕд, цины хъӕр самайӕд, ма уӕд йӕ абухгӕ цинӕн кӕрон! Лӕвӕрд ын ӕрцӕуӕд Ливаны нӕргӕ кад, фестӕд Кармелау, Шаронау рӕсугъд! Уадз ӕмӕ адӕм сӕхи цӕстӕй феной не Скӕнӕг Хуыцауы кад ӕмӕ цыт!
Сындзкъутӕры бӕсты ӕрзайдзӕни кипарис, пысырайы бӕсты та — мирт. Ӕмӕ уый уыдзӕни Дунедарӕджы кадӕн, уыдзӕни мыггагмӕйы ӕвдисӕйнаг, ӕнӕфехалгӕ нысан.
Ӕрбатӕрдзысты дӕм Кедары бӕстӕй лыстӕг фос, дӕу уыдзысты Невайоты фырытӕ. Мӕ зӕрдӕмӕ сӕ чи фӕцӕуа, уыдоны Мын ӕвӕрдзыстут Мӕ нывондхӕссӕныл, ӕмӕ Ӕз Мӕ Кувӕндон скадджын кӕндзынӕн.
Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг: «Уӕларв Мӕ бадӕн у, зӕхх — Мӕ къӕхтӕвӕрӕн. Цавӕр хӕдзар Мын хъуамӕ саразат сымах? Кӕм ис Мӕн аккаг ӕрӕнцайӕн бынат?
Сурмӕ куы рахызтӕн, уӕд цӕугӕдоны былгӕрӕтты, дыууӕрдыгӕй дӕр, ӕз федтон бирӕ бӕлӕстӕ.