Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 60:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ кулдуӕрттӕ никуыуал рахгӕндзынӕ, ӕхсӕв дӕр ӕмӕ бон дӕр уыдзысты гом, цӕмӕй дӕм ӕнӕсцухӕй ласой адӕмты хъӕздыг фӕллӕйттӕ, уыдоны разӕй та дӕм цӕуой сӕ паддзӕхтӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 60:11
11 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Уый фӕстӕ, сабаты размӕ, изӕрдалынгты Йерусалимы сахары кулдуар сӕхгӕнын кодтон ӕмӕ загътон, сабат цалынмӕ ахицӕн уа, уӕдмӕ йӕ ӕхгӕдӕй куыд дарой. Мӕ адӕмӕй ма кулдуары раз хъахъхъӕнджытӕ дӕр сӕвӕрдтон, сабатбон мидӕмӕ куыд ницы ӕрбахастӕуа, афтӕ.


сӕ паддзӕхты сын сбӕттой рӕхыстӕй, сӕ уӕздӕттыл сын хъадамантӕ бакӕной,


Уыцы заман Дунедарӕг Йӕ азары амӕттаг бакӕндзӕн уӕларвӕфсад дӕр ӕмӕ зӕххон паддзӕхты дӕр.


Байгом кӕнут кулдуар, уадз ӕмӕ мидӕмӕ бацӕуой рӕстаг адӕм, Хуыцауы иузӕрдион адӕм.


Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».


уыдоны Ӕз се ’ппӕты дӕр фӕхондзынӕн Мӕ уаз хохмӕ. Мӕ кувӕн хӕдзары сын балӕвар кӕндзынӕн цин ӕмӕ Мын барст уыдзысты, Мӕ нывондхӕссӕныл Мын цы иууылсудзинӕгтӕ ӕрхӕссой ӕмӕ Мын цы кусӕрттӕ акӕной, уыдон. Ӕмӕ Мын уӕдӕй фӕстӕмӕ адӕмтӕ Мӕ Хӕдзар хондзысты ӕппӕт адӕмты кувӕн хӕдзар».


Дӕ зӕхх никуыуал бавзардзӕн тыхми, гӕныстон ӕмӕ заууатмӕ никуыуал ӕрцӕудзӕн. Дӕ систӕ дын суыдзысты ирвӕзынгӕнӕг, дӕ кулдуӕрттӕ та — кад хӕссӕг.


Куы сӕ фенай, уӕд дӕ цӕсгом барухс уыдзӕн. Фыр цинӕй дӕ зӕрдӕ нырриздзӕни, арвыл абаддзӕн. Адӕмты хъӕздыг фӕллӕйттӕ дӕ къухы бафтдзысты, денджызы сӕрты дӕм ӕрбахӕццӕ уыдзысты.


Уӕхӕдӕг та суыдзыстут Дунедарӕджы нымад сауджынтӕ, нӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕ. Адӕмты хъӕздыгдзинӕдтӕ уыдзысты уӕхи, иууылдӕр уыдзысты сымах.


Йерусалимы цӕрджытӕ, цӕугӕут, ахизут уӕ сахары кулдуарыл ӕрцӕттӕ кӕнут адӕмӕн фӕндаг, слӕгъз ӕй кӕнут, йӕ дуртӕй йӕ ссыгъдӕг кӕнут, адӕмтӕн уӕ тырыса сисут нысанӕн!


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ