Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 6:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Йӕ алыварс лӕууыдысты артуадзгӕ удгоймӕгтӕ — серафимтӕ, ӕхсӕзгай базыртӕ сын, ӕмӕ дзы алчидӕр йӕ дыууӕ базырӕй ӕмбӕрзта йӕ цӕсгом, йе ’ннӕ дыууӕ базырӕй — йӕ къӕхтӕ, аннӕ дыууӕ базырӕй та тӕхгӕ кодта.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 6:2
34 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Аврам ныддӕлгом ис Хуыцауы раз. Хуыцау ын загъта:


Илийа йӕ куы айхъуыста, уӕд йӕ пӕлӕзӕй йӕ цӕсгом ӕрбамбӕрзта, афтӕмӕй рацыд ӕмӕ лӕгӕтмӕ бацӕуӕны ӕрлӕууыд. Цавӕрдӕр хъӕлӕс ӕй бафарста: «Ам цы архайыс, Илийа?»


Миха загъта: «Байхъус-ма, Дунедарӕг дӕу тыххӕй цы зӕгъы, уымӕ! Ӕз федтон Дунедарӕджы Йӕ паддзахы бадӕны бадгӕ. Йӕ уӕларвон ӕфсад иууылдӕр Йӕ рахиз ӕмӕ Йӕ галиуфарс лӕууыдысты.


Сӕ иуӕн дӕр ӕмӕ иннӕмӕн дӕр йӕ базыртӕ уыдысты фӕндзгай ӕлмӕринты дӕргъӕн, афтӕмӕй базыртыгъд херувимтӕй алкӕцыйӕн дӕр йӕ иу базыры кӕронӕй йӕ иннӕ базыры кӕронмӕ уыди дӕс ӕлмӕрины. Сӕ дыууӕ дӕр уыдысты ӕмиӕстӕ, ӕмхуызӕттӕ.


Соломон базыртыгъд херувимты сӕвӕрдта Рухсмонуаты мидӕг, кӕрӕдзийы фарсмӕ. Сӕ кӕройнаг базырты кӕрӕттӕ ӕндзӕвыдысты Кувӕндоны фӕйнӕ къулыл, сӕ иннӕ базырты кӕрӕттӕ та — кӕрӕдзиуыл.


Херувимтӕн сӕ базыртӕ уыдысты Фидыды Чырыны сӕрмӕ тыгъд ӕмӕ йӕ ӕмбӕрзтой йӕ хӕссӕн хъилтимӕ.


Ды дӕ иунӕг Дунедарӕг! Ды сфӕлдыстай арв, уӕлӕрвтӕ ӕмӕ ӕппӕт стъалытӕ, зӕхх ӕмӕ йыл цыдӕриддӕр ис, уый, денджызтӕ ӕмӕ дзы цыдӕриддӕр ис, уыдон! Алцӕмӕн дӕр цард ды дӕттыс! Дӕуӕн кад кӕнынц ӕппӕт уӕларвон ӕфсӕдтӕ!


Иу бон Хуыцауы фырттӕ Дунедарӕджы раз ӕрлӕууыдысты, сайтан дӕр — се ’хсӕн.


кӕд ӕмӕ Хуыцау Йӕ сыгъдӕджытыл дӕр не ’ууӕнды, арв дӕр сыгъдӕгыл нӕ нымайы?


Уый Йӕ дӕлдӕртыл ӕххӕстӕй Йӕ зӕрдӕ нӕ дары, Йӕ зӕдты дӕр нӕ хоны ӕнӕлаз.


Айтындзыс талынг — ӕрлӕууы ӕхсӕв, хъӕддаг сырдтӕ рацӕуынц сӕ бынӕттӕй.


Агурут Дунедарӕджы, агурут Ын Йӕ хъомыс, кӕддӕриддӕр тырнут Йӕ размӕ.


Хуыцауы тас — сыгъдӕг, нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ. Дунедарӕгӕн йӕ тӕрхӕттӕ — ӕцӕг, иууылдӕр рӕстаг сты.


Уымӕн ӕмӕ мах Дӕ азарӕй фесӕфӕм, Дӕ маст ныл ӕвирхъау тас ӕфтауы.


Се ’ргом — кӕрӕдзимӕ, сӕ цӕстӕнгас — Фидыды Чырыны сӕрмӕ, херувимтӕ йын сӕ хӕрдмӕтыгъд базыртӕй ӕмбӕрздзысты йӕ сӕр.


Ӕз дӕ фыдӕлты Хуыцау дӕн — Авраамы Хуыцау, Исаакы Хуыцау, Йаковы Хуыцау». Моисей йӕ цӕсгом бамбӕрзта: нӕ уӕндыди Хуыцаумӕ кӕсын.


Херувимтӕн сӕ базыртӕ уыдысты хӕрдмӕ тыгъд ӕмӕ афтӕмӕй ӕмбӕрзтой Фидыды Чырыны сӕр, сӕ цӕсгӕмттӕ уыдысты кӕрӕдзимӕ арӕзт, се ’ргом та — Чырыны сӕры ’рдӕм.


Уӕд мӕм серафимтӕй иу ӕрбатахти зынджы къӕрттимӕ — нывондхӕссӕны цӕхӕрӕй йӕ ӕртыскӕнӕй фелвӕста.


Ахӕм уыдысты сӕ цӕсгӕмттӕ. Сӕ базыртӕ та — уӕлӕрдӕм тыгъд, дыууӕ базырӕй ӕндзӕвыдысты сӕ кӕрӕдзиуыл, иннӕ дыууӕйӕ ӕмбӕрзтой сӕ гуыр.


Куы-иу рацӕйцыдысты, уӕд-иу сын ӕз сӕ базырты уынӕр хъуыстон денджызы уынӕрау, Ӕппӕтхъомысы хъӕлӕсау, хӕстон асадӕны тохы хъӕрау. Куы-иу ӕрлӕууыдысты, уӕд-иу сӕ базыртӕ ӕруагътой.


Ӕз федтон: цӕгатӕрдыгӕй ӕрбацӕуы зилгӕ уад — тынг стыр ӕврагъ, уый сыгъди артау, йӕ алыварс тӕмӕнтӕ калдта.


фӕлӕ дзы алкӕмӕн дӕр уыди цыппар цӕсгомы ӕмӕ цыппар базыры.


сӕ базыртӕ кӕрӕдзиуыл ӕндзӕвыдысты. Цӕугӕ-цӕуын фӕстӕмӕ нӕ кастысты, алчидӕр дзы цыди, йӕ цӕсгом кӕцырдӕм арӕзт уыди, уыцырдӕм.


Херувимтӕ-иу куы сызмӕлыдысты, уӕд-иу цӕлхытӕ дӕр цыдысты семӕ, херувимтӕ-иу сӕ базыртӕ куы айтыгътой, зӕххӕй сӕхи хӕрдмӕ сисыны охыл, уӕд-иу сӕ нӕ фӕхицӕн сты цӕлхытӕ дӕр — уыдысты семӕ.


Алкӕмӕн дӕр сӕ уыди цыппар цӕсгомы, алкӕмӕн дӕр — цыппар базыры, базырты бын та адӕймаджы къухты хуызӕттӕ.


Йӕ паддзахы бадӕн — арт, йӕ цӕлхытӕ артау цӕхӕр калынц, Йӕ цурӕй пиллонкалгӕ арт цӕугӕдонау размӕ бырсы. Лӕггад Ын кӕнынц мин-минтӕ, уырдыг Ын лӕууынц ӕрдзӕ-ӕрдзӕтӕ. Байгом сты чингуытӕ, ӕмӕ тӕрхон райдыдта.


Мӕ кувыны рӕстӕг, изӕры нывӕндты афонмӕ ’ввахс, мӕ разы февзӕрд, мӕ фыццаг цӕстылуайӕны кӕй федтон, уыцы Гавриил.


Зӕд, йӕ разы чи лӕууыд, уыдонӕн бардзырд радта: «Раласут ын йӕ чъизи дарӕс». Йӕхицӕн та йын загъта: «Дӕ азым дын систон, ныр дыл бӕрӕгбоны дарӕс скӕндзынӕн.


Буд судзыны рӕстӕджы кӕрты уыди бирӕ кувӕг адӕм.


Зӕдты тыххӕй фыст ис: «Йӕ зӕдты Уый скӕны дымгӕтау, Йӕ лӕггадгӕнджыты — зынг ӕмӕ артау».


Уый фӕстӕ ӕз федтон ӕндӕр зӕды арвы бӕрзӕндты тӕхгӕ. Уыдис ӕм мыггагмӕйы Фарны Уац зӕххон цӕрджытӕн, цӕмӕй йӕ хъусын кӕна алы знӕм ӕмӕ алы мыггагӕн, алы ӕвзаг ӕмӕ адӕмыхаттӕн.


Цыппар уӕларвон удгоймагӕй алкӕмӕн дӕр уыди фӕйнӕ ӕхсӕз базыры; алырдыгӕй дӕр ӕмӕ сӕ базырты бын дӕр уыди бирӕ цӕстытӕ. Уыдон ӕхсӕвӕй-бонӕй ӕнӕрынцайгӕйӕ дзурынц: Уаз у, уаз у, уаз у Дунедарӕг Хуыцау, Ӕппӕтылхӕцӕг, «Чи уыд, Чи ис ӕмӕ Чи ӕрцӕудзӕн, Уый!»


Зӕдтӕ иууылдӕр лӕууыдысты паддзахы бадӕны, стӕй цыппар ӕмӕ ссӕдз хистӕры ӕмӕ цыппар уӕларвон удгоймаджы алыварс. Уыдон ныддӕлгом сты паддзахы бадӕны раз ӕмӕ куывтой Хуыцаумӕ:


Ӕз федтон иу цӕргӕсы уӕлиӕутты тӕхгӕ ӕмӕ фехъуыстон, хъӕрӕй цы дзырдта, уый: «Сыкъауадындзтӕй ма цы ӕртӕ зӕды ныууасдзысты, уыдоны уастӕй бӕллӕх, бӕллӕх, бӕллӕх ӕрцӕудзӕн зӕххон цӕрджытыл!»


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ