Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 59:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Уӕд ныгуылӕн ӕмӕ скӕсӕны адӕмтыл тас бафтаудзысты Дунедарӕджы ном, Йӕ кады хабӕрттӕ. Тыхгӕнджытӕ цӕугӕдонау куы ’рбагуылф кӕной, уӕд сӕ Дунедарӕг ныффалгӕрон кӕндзӕн уадау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 59:19
25 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Денджыз сӕ уындӕй фӕлыгъди, Иорданы цӕугӕдон фӕстӕрдӕм фӕцыди.


Уӕ зӕрды ис адӕймаджы бӕрзондӕй зӕхмӕ фехсын, фӕливын уын ӕхсызгон у. Дзыхы ныхасӕй арфӕтӕ кӕнынц, зӕрдӕйӕ та — ӕлгъитгӕ.


Дардӕй ӕрбаввахс кӕны Дунедарӕджы ном! Йӕ маст судзы пиллон артау, ничи йын бафӕраздзӕн. Йӕ ком — йемыдзаг мастӕй, Йе ’взаг — алцы ныхъуырӕг артау.


Йӕ раулӕфт — абухгӕ фурдау, куы раивылы ӕмӕ дзы лӕг йӕ къубалы онг куы аныгъуылы, уыйау. Уый адӕмты сӕфты сасирӕй балуардзӕн; адӕмтыл бакӕндзӕни дзылар ӕмӕ сӕ уый рӕдыд фӕндагмӕ сараздзӕн.


Уадз ӕмӕ скӕсӕнӕй ныгуылӕнмӕ иууылдӕр базоной, Мӕн йеддӕмӕ ӕндӕр Хуыцау кӕй нӕй, уый. Ӕз — Дунедарӕг.


Уыдон ӕрбацӕудзысты дунейы алы кӕрӕттӕй: дард скӕсӕнӕй, цӕгатӕй, ныгуылӕнӕй — денджызы ’рдыгӕй ӕмӕ хуссарӕй — Синимы зӕххӕй».


Ӕз — Дунедарӕг — сӕххӕст кӕндзынӕн Мӕ дзырд. Йерусалимы сахарӕн сбирӕ кӕндзынӕн йӕ фарн, йемыдзаг ӕй бакӕндзынӕн адӕмты фӕллойӕ, раст ыл цыма дон раивылдзӕни, уыйау. Ӕмӕ уӕхи ӕнкъардзыстут, хъӕбысы кӕнӕ уӕрджытыл кӕй фӕрӕвдауынц, уыцы сабитау.


ӕмӕ сыл уый тыххӕй Дунедарӕг рауадздзӕн Евфраты стыр ӕмӕ абухгӕ дӕттӕ — Ассирийы паддзахы йе ’ппӕт хъомысимӕ. Ӕмӕ уый йе ’ппӕт донвӕдтӕй анхъӕвздзӕни размӕ, йӕ былгӕрӕттӕ доны бын фӕуыдзысты.


Ӕппӕт зӕххон паддзахӕдты бартӕ, сӕ кад ӕмӕ сӕ хъӕздыгдзинад лӕвӕрд ӕрцӕудзысты сыгъдӕджытӕн, Иууылбӕрзонды адӕмӕн. Йӕ паддзахад у ӕнусон, ӕппӕт барджын хицӕуттӕ Йын лӕггад кӕндзысты ӕмӕ Йӕм хъусдзысты“.


Калмау сдӕрдзысты рыг, уаллӕттау ралӕсдзысты сӕ фидӕрттӕй, фӕтӕрсдзысты Дӕуӕй, нӕ Дунедарӕг Хуыцауӕй.


Уӕд мын афтӕ зӕгъы: «Уый Дунедарӕг ахӕм хуызы Зоровавелӕн фехъусын кодта Йӕ ныхас: хъару ӕмӕ хъомысы фӕрцы нӕ, фӕлӕ Мӕ Уды руаджы, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг.


Скӕсӕнӕй ныгуылӕны онг адӕмты ’хсӕн скадджын уыдзӕн Мӕ ном! Алы ран Мӕ номы кадӕн буд судздзысты, сыгъдӕг нывӕндтӕ Мын ӕрхӕсдзысты. Адӕмтӕ Мын стаудзысты Мӕ ном, — зӕгъы Уӕларвӕфсады Бардарӕг. —


Зӕгъын уын: бирӕтӕ ӕрцӕудзысты скӕсӕн ӕмӕ ныгуылӕнӕй, ӕмӕ Уӕларвон Паддзахады Авраам, Исаак ӕмӕ Йаковимӕ иу фынгыл ӕрбаддзысты.


Уӕд фыдгӕнӕг йӕхи раргом кӕндзӕн, ӕмӕ йӕ Бардарӕг Йесо амардзӕн Йӕ комулӕфтӕй, цы бон ӕрцӕуа, уыцы бон ӕй бабын кӕндзӕн Йӕ кады рухсӕй.


Ӕвдӕм зӕд ныууасыд сыкъауадындзӕй, ӕмӕ уӕларвы азӕлыдысты ахӕм ныхӕстӕ: «Дуне ныр сси нӕ Дунедарӕджы ӕмӕ Йӕ Чырыстийы Паддзахад, ӕмӕ Уый паддзахиуӕг кӕндзӕни ӕнусӕй-ӕнустӕм».


Уӕд ӕз фехъуыстон, уӕлӕрвты хъӕрӕй цы загъдӕуыд, уый: «Ныр нӕ Хуыцау ирвӕзындзинад ӕрхаста, ӕмӕ ралӕууыд Йӕ тыхы ӕмӕ паддзахиуӕгады, Йӕ Чырыстийы хицаудзинады рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ раппӕрстӕуыд не ’фсымӕртыл цъыфкалӕджы, ӕхсӕвӕй-бонӕй сыл нӕ Хуыцауы раз цъыф чи калдта, уый.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ