Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 59:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Йӕ раст тӕрхон у згъӕрхӕдонау, Йӕ ирвӕзын кӕныны хъомыс та — такайау. Фыдгӕнджыты бафхӕрынӕн цы тӕрхон рахаста, уым Йӕхи ӕрбатыхта пӕлӕзау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 59:17
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Рӕстдзинад-иу мӕ уӕлӕ дарӕсау ӕркодтон, рӕстдзинад уыд мӕ уӕлӕфтау, мӕ худ.


Ӕрбацӕут ӕмӕ цины зарӕгӕй Дунедарӕджы сыстауӕм, кад кӕнӕм Хуыцауӕн, нӕ ирвӕзӕн Къӕдзӕхӕн.


Рӕстдзинад суыдзӕни Йӕ рон, иузӕрдиондзинад ӕрбабӕтдзӕни Йӕ синтыл.


О Дунедарӕг! Ды Дӕ къух бӕрзонд систай, фӕлӕ йӕ уыдон нӕ уынынц. Дӕ адӕмы сӕрыл куыд хӕцыс, уый куы феной, уӕд фӕхудинаг уыдзысты; цы арттӕрхон сӕм кӕсы, уый аныхъуырдзӕн Де знӕгты.


Уыцы байзӕддаг рацӕудзӕн Йерусалимӕй, Сионы хохӕй. Уыцы хъуыддаг ӕрцӕудзӕн, Уӕларвӕфсады Бардарӕг уыл ӕнувыд кӕй у, уый фӕрцы.


Дунедарӕг рацӕудзӕни гуыппырсарау, разӕнгард уыдзӕни хӕцынмӕ. Уӕлахизы хъӕр ныккӕндзӕн ӕмӕ Йӕ хъомысӕй ныффалгӕрон кӕндзӕни Йе знӕгты.


Раст-ма, раст, Дунедарӕг! Равдис Дӕ хъомыс! Раст-ма, рагзаманты-иу куыд растадтӕ, афтӕ! Ды акъӕртт кодтай Рагавы. Скъуыхтӕ кодтай залымы.


Ӕркӕс уӕларвӕй, Дӕ кадджын ӕмӕ Дӕ уаз бынатӕй! Кӕм ис Дӕ уарзондзинад, Дӕ хъомыс? Куы ницыуал Дын уынӕм Дӕ бирӕ хӕрзтӕй, Дӕ хорзӕхтӕй!


«Ӕмӕ Дӕ дарӕс афтӕ сырх цӕмӕн у, раст цыма сӕндуцӕны сӕн лӕмӕрстай, уый хуызӕн?» —


«О, Ӕз иунӕгӕй лӕмӕрстон сӕн, адӕмтӕй Мӕ фарсмӕ ничи ӕрбалӕууыд. Ӕмӕ Ӕз Мӕ фыр мӕстӕй се ’ппӕты дӕр ссӕстон мӕ къӕхты бын, лӕмӕрстон сӕ сӕнӕфсиры цупӕлттау. Сӕ туг Мыл-иу ӕрбакалд ӕмӕ Мын мӕнӕ самӕста Мӕ дарӕс.


Паддзах Давиды бадӕны ӕрбаддзӕн, Йӕ паддзахы бартӕ уыдзысты ӕгӕрон ӕмӕ зӕххыл расиддзӕни фидыд. Давиды паддзахад мыггагмӕ ӕрфидар кӕндзӕни, раст тӕрхон хӕсгӕйӕ. Уӕларвӕфсады Бардарӕг Ыл ауддзӕн.


Афтӕмӕй Мӕ маст ссӕудзӕн, Мӕ судзгӕ маст ӕрсабыр уыдзӕн ӕмӕ уӕд ӕрӕнцайдзынӕн. Мӕ судзгӕ масты амӕттаг куы фӕуой, уӕд базондзысты, Ӕз, Дунедарӕг, рӕстдзинады сӕрыл тохгӕнгӕйӕ кӕй дзырдтон, уый.


Ӕмӕ мын уӕд, мемӕ цы зӕд ныхас кодта, уый загъта: «Фехъусын кӕн: Уӕларвӕфсады Бардарӕг афтӕ зӕгъы: Мӕ маст рафыхти Йерусалим ӕмӕ Сионы знӕгтӕм,


Уӕд Йӕ ахуыргӕнинӕгты зӕрдыл ӕрлӕууыди, Сыгъдӕг Фыст цы зӕгъы, уый: «Дӕ Хӕдзары мӕт Мӕ удхарӕй мары».


ӕцӕгдзинады дзырд, Хуыцауы хъару. Рӕстдзинад нӕ хотых у, дарӕм ӕй рахиз къухы дӕр ӕмӕ галиуы дӕр.


Уӕдӕ фидар лӕуут, уӕ астӕутӕ ӕрбалвасут ӕцӕгадӕй, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстады згъӕрхӕдон.


Ирвӕзындзинады згъӕрхуд райсут, стӕй монон цирхъ — Хуыцауы Ныхас.


Мах та боны хъӕбултӕ стӕм ӕмӕ уӕм къӕрцхъус. Уырнындзинад ӕмӕ уарзт не згъӕрхӕдон уӕнт, ныфс нӕ кӕй ис фервӕзынӕй, уый та — не згъӕрхуд.


Йӕ маст райсдзӕни, Хуыцауы чи нӕ зоны ӕмӕ нӕ Бардарӕг Йесойы Фарны Уацы коммӕ чи нӕ кӕсы, уыдонӕй.


Мах зонӕм, афтӕ Чи загъта: «Мӕ бар уадзут маст исын, Ӕз аккаг фӕуыдзынӕн». Ӕмӕ ноджыдӕр: «Бардарӕг тӕрхон кӕндзӕн Йӕ адӕмӕн».


Ӕз федтон арвы дуар гомӕй ӕмӕ Барӕджы урс бӕхыл. Барӕджы хонынц Иузӕрдион ӕмӕ Ӕцӕг, уымӕн ӕмӕ ӕнӕхӕрам сты Йӕ тӕрхон ӕмӕ Йӕ тох.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ