15 Рӕстдзинад нал ис, фыдракӕндӕй йӕхи чи хизы, уый та искӕй амӕттаг свӕййы. Дунедарӕг федта, раст тӕрхон кӕй нал ис, уый, ӕмӕ Йын ӕхсызгон нӕ уыди.
Онан цы ми кодта, уый Дунедарӕджы цӕсты фыдми уыд, ӕмӕ Дунедарӕг уымӕн дӕр йӕ цард айста.
Йӕ саударӕн бонтӕ куы фесты, уӕд ӕм Давид арвыста ӕмӕ йӕ ӕрбакодта йӕ хӕдзармӕ. Сылгоймаг сси йӕ бинойнаг ӕмӕ йын ныййардта фырт. Фӕлӕ Давиды ми Дунедарӕджы цӕсты фыдракӕнд уыди.
Йегу йӕ хицауы лӕггадгӕнджытӕм куы рацыд, уӕд ӕй уыдон бафарстой: «Цы хабар у? Уыцы нӕрӕмон дӕм цӕй тыххӕй ӕрбацыд?» Дзуапп сын радта: «Цы лӕг у ӕмӕ цы ӕнӕхъола ныхӕстӕ фӕкӕны, уый уӕхӕдӕг дӕр куы зонут».
Фӕлӕ Дунедарӕджы Давиды мыггаг фесафын нӕ фӕндыд, кӕддӕр Давидимӕ кӕй сарӕзта, уыцы фидыды сӕраппонд. Уый Давидӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ байзӕддӕгтӕн сӕ зынг мыггагмӕ кӕй нӕ ахуысдзӕн, уымӕй.
О Дунедарӕг, Дӕ рӕстады фӕндагыл мӕ араз! Ме знӕгты фыдӕнӕн мын слӕгъз кӕн мӕ размӕ Дӕ фӕндаг!
Хъахбай сылгоймаджы халдих куы фестад Мӕ иузӕрдион сахар, ӕдзух раст тӕрхон чи хаста, уый. Кӕддӕр йӕ мидӕг уыди рӕстдзинад, ныр та дзы цӕрынц лӕгмартӕ.
цӕмӕй Мӕ адӕмы мӕгуыртӕн ӕмӕ ӕнӕбонтӕн раст тӕрхон ма кӕной, сӕ бартӕ сын ссӕндой, идӕдз устыты, сидзӕр сабиты стигъой.
стӕй, йӕ ныхӕстӕй раст лӕджы чи базылын кӕны, тӕрхоны мидӕг тӕрхонгӕнӕджы раст дзурын чи нӕ фӕуадзы ӕмӕ ӕназымы мӕнг ӕвдисӕйнӕгты руаджы азымджыны бынаты чи сӕвӕры, уыдон.
Фӕлитой адӕймаг фыдбылыз аразӕг у, тӕрхоны раз йӕ налат ӕвзаг суадзы ӕмӕ мӕгуыр лӕджы бабын кӕны рӕстӕй.
Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, хивастытӕ, йӕ амондӕй дардмӕ чи лидзы, уыдон:
Ӕрбайхъусут, Йаковы байзӕддӕгтӕ, Израилы ном чи хӕссы ӕмӕ Иудӕйы артӕй рацӕугӕ чи у, уыдон! Сымах ард фӕхӕрут Дунедарӕгӕй, уӕ Хуыцауыл нымайут Израилы Хуыцауы, фӕлӕ Йыл не стут иузӕрдион, не стут рӕстгӕнӕг.
Уыдон гӕртамы фӕрцы азымджыны сраст кӕнынц, раст лӕджы та фӕзылын кӕнынц.
Рӕстдзинады сӕрыл чи сдзура, йӕ фарс чи рахӕца, иу ахӕм сӕм нӕ разынд. Сӕ зӕрдӕ дарынц сӕ ницӕйаг, сӕ мӕнг ныхӕстыл. Сӕхи хъарынц фыдбылызтӕ, бӕллӕхтӕ аразыныл.
Ӕз карды амӕттаг бакӕндзынӕн, сӕргӕвддзысты уӕ фосау! Уымӕн ӕмӕ уӕм Ӕз сидтӕн, фӕлӕ дзуапп нӕ лӕвӕрдтат, дзырдтон, фӕлӕ сымах нӕ хъуыстат, ӕнӕуынон Мын цы хъуыддӕгтӕ сты, уыдоныл бафтыдыстут».
Гъемӕ фыр тӕссӕй ӕмризӕджы куыд ризат, афтӕ уӕ бафхӕрдзынӕн Ӕз дӕр. Уымӕн ӕмӕ уӕм сидтӕн, ӕмӕ Мын дзуапп нӕ радтат, дзырдтон уӕм, ӕмӕ Мӕм нӕ байхъуыстат. Ме ’вастӕй ныххӕцыдыстут фыдракӕндтыл, кодтат, Мӕнӕн фӕндон цы нӕу, уыдӕттӕ».
„Софониа, Дунедарӕг дӕ сауджын Йеходайы бӕсты сауджынӕй сӕвӕрдта, цӕмӕй, Дунедарӕджы хӕдзары пехуымпариуӕг чи кӕна, уыцы нӕрӕмонтӕм дӕ цӕст дарай ӕмӕ-иу сыл хъадамантӕ бакӕнай.
Уӕд-иу сын зӕгъ: „Мӕнӕ, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ зондамындмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕм! Фесӕфти рӕстдзинад, се ’взагӕй фӕцыдӕр!“
тӕрхондоны куы асайынц лӕджы, уӕд Дунедарӕг уыдӕттӕ нӕ зоны?
Тӕрхоны бонтӕ ӕрхӕццӕ сты, тӕригъӕдтӕ фидыны рӕстӕг ӕрцыд — уадз ӕмӕ уый базона Израил! Сымах пехуымпары ӕдылыйыл нымайут, Хуыцауы Удӕй хайджын чи у, уый та — ӕнӕзондыл, тӕригъӕдджын кӕй стут ӕмӕ уе ’нӕуынондзинад стыр кӕй у, уый тыххӕй.
Тӕрхондоны искӕй чи багӕды кӕны, уый уын свӕййы ӕнӕуынон, рӕстӕвдисӕнмӕ ӕнӕввӕрсонӕй кӕсут.
Зӕххыл хӕларзӕрдӕ адӕм нал ис, раст лӕджы никуыуал ссардзынӕ. Иууылдӕр систы лӕгмартӕ, алчи йе ’фсымӕры къӕппӕджы ’ппары.
Йӕ хиуӕттӕ уый куы фехъуыстой, уӕд Ӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй Йӕ сӕхимӕ акӕной, уымӕн ӕмӕ афтӕ ӕнхъӕл уыдысты, цыма Йӕ зонд фӕцыд.
Иутӕ дзырдтой: «Ай хӕйрӕджыты сайд у ӕмӕ сӕнттӕ цӕгъды. Цы йӕм хъусут?»
Иудейӕгтӕ Йын загътой: «Ныр мах бӕлвырд зонӕм, Ды хӕйрӕджы ахӕсты кӕй дӕ, уый. Суанг ма Авраам ӕмӕ пехуымпартӕ дӕр куы амардысты, уӕд Ды афтӕ куыд зӕгъыс, Мӕ ныхас Мын чи сӕххӕст кӕна, уый мӕлӕт никуы фендзӕн, зӕгъгӕ?
Павел йӕхи афтӕ куы раст кодта, уӕд Фест хъӕрӕй загъта: «Ды сӕрхъӕн дӕ, Павел! Фыр ахуырӕй дӕ зонд фӕцыд».
Савлӕн раздӕрау ӕнӕуынон уыдысты Бардарӕджы ахуыргӕнинӕгтӕ, ӕртхъирӕнтӕ сӕм кодта амарынӕй. Бацыд алчермӕ
Рацыд дзӕвгар рӕстӕг, ӕмӕ иудейӕгтӕ Савлы амарынвӕнд скодтой.
Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Дӕу кӕй стӕм, уый тыххӕй нӕм ӕрвылбон мӕлӕт ӕртхъирӕн кӕны; нымайынц нӕ ӕргӕвдинаг фыстыл».
Кӕд сонт стӕм, уӕд — Хуыцауы сӕраппонд; нӕ зонд кӕд нӕхимӕ ис, уӕд — сымах сӕраппонд.