14 Раст тӕрхонӕн нӕм йӕ кой дӕр нал ис, нӕ рӕстад фесӕфтам, фӕзы фӕкалди рӕстдзинад; ӕууӕнк цы у, уый нал зонӕм.
Йӕ бакомкоммӕ йын ӕрбадын кӕнут дыууӕ цъаммар лӕджы ӕмӕ йӕ ныхмӕ ӕвдисӕн кӕнӕнт, ды Хуыцауы ӕмӕ паддзахы ӕлгъыстай, зӕгъгӕ. Уый фӕстӕ-иу ӕй фӕссахармӕ ракӕнут ӕмӕ йӕ уым дурты бын фӕкӕнут».
Ӕмӕ Изреелы сахары хистӕртӕ ӕмӕ номджынтӕ бакодтой, Иезавел сӕм йӕ фыстӕджыты куыд ныффыста, афтӕ.
Алы ран дӕр зӕххыл иу хъуыддаг уыдтон: рӕстдзинад кӕм хъуамӕ уа, уым — фыдракӕнд, рӕстады бынаты дӕр афтӕ.
Хъахбай сылгоймаджы халдих куы фестад Мӕ иузӕрдион сахар, ӕдзух раст тӕрхон чи хаста, уый. Кӕддӕр йӕ мидӕг уыди рӕстдзинад, ныр та дзы цӕрынц лӕгмартӕ.
Ӕрбайхъусут-ма Мӕм, хивастытӕ, йӕ амондӕй дардмӕ чи лидзы, уыдон:
Уыдон гӕртамы фӕрцы азымджыны сраст кӕнынц, раст лӕджы та фӕзылын кӕнынц.
Израилы адӕм — Уӕларвӕфсады Бардарӕджы сӕндон; Йӕ уарзон талатӕ — иудейӕгтӕ. Уый Раст тӕрхон агуырдта Йӕ адӕмӕй, фӕлӕ туг ныууарыди, рӕстдзинад сӕ домдта, фӕлӕ Йӕм мӕнӕ фӕдисхъӕр хъуысы.
Иууылдӕр ниуӕм ӕрсытау, хъуыр-хъуыр кӕнӕм бӕлӕттау. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, нӕ хъизӕмӕрттӕй нӕ кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ, фӕлӕ нӕм ӕмгӕрон нал цӕуы.
Рӕстдзинады сӕрыл чи сдзура, йӕ фарс чи рахӕца, иу ахӕм сӕм нӕ разынд. Сӕ зӕрдӕ дарынц сӕ ницӕйаг, сӕ мӕнг ныхӕстыл. Сӕхи хъарынц фыдбылызтӕ, бӕллӕхтӕ аразыныл.
Раст хъуыддӕгтӕ кӕй нӕ кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ сӕрыл нӕ хӕцы Хуыцау дӕр. Рухсмӕ бӕлгӕйӕ, саудалынджы, уырзӕй сгаргӕйӕ, хилӕм.
пехуымпартӕн сӕ рагуацтӕ мӕнг сты, се ’ххуысӕй сауджынтӕ хицауиуӕг кӕнынц, Мӕ адӕмӕн та уыдӕттӕ сты ӕхсызгон. Ӕмӕ ӕппӕт уыдӕтты фӕстӕ цы фӕуыдзыстут?
Уӕд-иу сын зӕгъ: „Мӕнӕ, Дунедарӕджы, йӕ Хуыцауы, коммӕ чи нӕ кӕсы ӕмӕ зондамындмӕ чи нӕ хъусы, уыцы адӕм! Фесӕфти рӕстдзинад, се ’взагӕй фӕцыдӕр!“
Уыдӕттӕ йын куы бантысти, уӕд уӕларвон ӕфсадӕй хынджылӕггаг сарӕзта, Ӕцӕгад афӕлдӕхта зӕххыл, йӕ фӕндтӕ иууылдӕр сӕххӕст сты.
Израилы йӕ низӕй куы дзӕбӕх кодтон, уӕд рабӕрӕг сты Ефремы тӕригъӕдтӕ, Самарийы фыдракӕндтӕ, уымӕн ӕмӕ мӕнгард митӕ кӕнынц; хӕдзӕрттӕм лӕбурынц ӕмӕ уынгты адӕмы стигъынц.
Сымах мӕгуырты ӕфхӕрут, гӕртамӕн сӕ исут хор. Афтӕ кӕй кӕнут, уый тыххӕй, уӕхицӕн лӕгъз дуртӕй хӕдзӕрттӕ куы самайат, уӕд дӕр дзы нӕ фӕцӕрдзыстут; диссаджы сӕндӕттӕ скӕндзыстут, фӕлӕ сӕны хъӕстӕ нӕ фӕуыдзыстут.
О, раст тӕрхон скъӕлдзо чи фестын кодта ӕмӕ рӕстдзинад зӕхмӕ чи фехста, уыдон!
Бӕхтӕ къӕдзӕхтыл фезгъорынц? Галтӕй йӕ бахуым кӕнӕн ис? Сымах та раст тӕрхон фестын кодтат марг, рӕстдзинады дыргъ — скъӕлдзо!
Ӕгъдау йӕ тых дӕр уымӕн фесӕфта, рӕстдзинад нал ис. Ӕнӕхуыцау фӕуӕлахиз рӕстгӕнӕгыл, раст тӕрхон сзыгъуыммӕ ис.