Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 59:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Иууылдӕр ниуӕм ӕрсытау, хъуыр-хъуыр кӕнӕм бӕлӕттау. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм Дунедарӕджы тӕрхонмӕ, нӕ хъизӕмӕрттӕй нӕ кӕд фервӕзын кӕндзӕн, уымӕ, фӕлӕ нӕм ӕмгӕрон нал цӕуы.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 59:11
19 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ ма ныр цӕмӕ у мӕ каст, Дунедарӕг? Мӕ ныфс ӕрмӕстдӕр Ды дӕ.


О Хуыцау, батӕригъӕд мын кӕн! Адӕм мӕ фӕдыл зилынц, лӕбурынц мӕм, ссӕндынц мӕ ӕрвылбон.


Де сфӕлдыст адӕмтӕ Дӕм иууылдӕр ӕрбацӕудзысты, Дунедарӕг, ӕрзоныг кӕндзысты Дӕ разы, сыстаудзысты Дӕ ном.


Мӕ хъӕлӕс уыди зӕрватыччы цъиу-цъиуы, бӕлоны хъуырруйы хуызӕн. Арвы бӕрзондмӕ кастӕн ныфссастӕй ӕмӕ куывтон: „О Дунедарӕг! Нал фӕразын, фӕдзӕхсын дыл Мӕхи!“


Дӕ цот рафтыдысты, тигътыл ныффӕлдӕхтысты ӕмӕ удхар кӕнынц, сӕгуыт ахсӕн хызы куыд фӕудхар кӕны, афтӕ. Ахӕм ӕвирхъау уавӕры сыл сӕмбӕлди Дунедарӕджы азар, Хуыцауы фыдӕх.


Раст тӕрхонӕн нӕм йӕ кой дӕр нал ис, нӕ рӕстад фесӕфтам, фӕзы фӕкалди рӕстдзинад; ӕууӕнк цы у, уый нал зонӕм.


Фидыды фӕндаг нӕ зонынц, раст хъуыддӕгтӕ нӕ аразынц. Цӕуынц галиу фӕндӕгтыл ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фарн не ссардзысты сӕхӕдӕг дӕр.


Раст хъуыддӕгтӕ кӕй нӕ кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ нӕ сӕрыл нӕ хӕцы Хуыцау дӕр. Рухсмӕ бӕлгӕйӕ, саудалынджы, уырзӕй сгаргӕйӕ, хилӕм.


Сабыр цардыл нӕ зӕрдӕ дарӕм, фӕлӕ хорзӕй ницы уынӕм, сдзӕбӕхмӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм, фӕлӕ фӕзынд ӕвирхъау тас!


Мӕ сӕр куы фестид ӕнӕхъӕнӕй цӕссыгтӕ, мӕ цӕстытӕ — цӕссыгдоны гуырӕн, ӕхсӕвӕй-бонӕй уӕд дзыназин ӕз мӕ адӕмӕн сӕ мӕрдтыл!


Уӕ, амонд байстай Ды мӕ цардӕй, ӕз ферох кодтон циндзинад!


Чи ма сӕ аирвӕза, уыдон та балидздзысты хӕхтӕм ӕмӕ къӕдзӕхтыл цӕрдзысты дӕлвӕзты бӕлӕттау. Се ’ппӕт дӕр дзыназдзысты се ’наккаг миты аххосӕй.


Зӕрдиагӕй Мӕм кувыны бӕсты сӕ хуыссӕнуӕтты ӕрдиаг кодтой; къӕбӕр ӕмӕ сӕны тыххӕй ӕрӕмбырд вӕййынц, Мӕнӕй та се ’ргом аздӕхтой.


Уымӕн ӕмӕ ахӕм уынаффӕ рахастӕуыд: Ниневийы сахар гомгӕрццӕй аззайдзӕн, йӕ цӕрджыты йын уацары акӕндзысты. Йӕ унӕуттӕ марой кӕнынц, сӕ риутӕ хойынц бӕлӕттау!


Аразгӕ цады дон йӕ ауазӕнтӕй куыд ратоны, уыйау адӕм лидзынц Ниневийӕ. Хъӕр сӕм кӕнынц: «Ӕрлӕуут-ма! Ӕрлӕуут!» Фӕлӕ дзы иу дӕр не здӕхы фӕстӕмӕ.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ