Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 58:8 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

8 Гъеуӕд уӕ фарн сӕрттивдзӕн сӕууон хурау, ӕмӕ байгас уыдзысты уӕ хъӕдгӕмттӕ. Уӕ хорз хъуыддӕгтӕ цӕудзысты уӕ разӕй, ӕмӕ уыл Ме стыр арфӕ ’рцӕудзӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 58:8
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Бонрӕфтау ныййирд уыдзӕни дӕ цард, сӕуӕхсидау срухс уыдзӕни дӕ цӕсгом.


Бӕрзонд у Дунедарӕг ӕппӕт адӕмты сӕрмӕ, арвӕй уӕлдӕр — Йӕ кад.


Ме ’нӕзонды аххосӕй сысмаг сты, хӕф кӕнынц мӕ цӕфтӕ.


Уымӕн ӕмӕ мын Ды Де стыр хорзӕх саккаг кодтай, бахызтай мӕ ӕнӕбын зындонӕй.


Израилы адӕмӕн сӕ разӕй цӕуӕг Дунедарӕджы зӕд сӕ фӕстӕ ӕрлӕууыд, сӕ разӕй цы мигъы цӕджындз уыд, уый сӕ фӕстӕ фӕци.


Хӕрзуаг адӕймаг йӕхицӕн пайда ’рхӕссы, ӕгъатыр та йӕхӕдӕг йӕхи фыдбылызы баппары.


Рӕдау зӕрдӕ цӕрӕн фӕрӕзтӕй цух нӕ уыдзӕн; искӕмӕн йӕ дойны чи басӕтта, уый йӕхӕдӕг дӕр дойныйӕ нӕ амӕлдзӕн.


Рӕстудты фӕндаг — сӕуӕхсиды ’нгӕс, цалынмӕ бынтон не ’рбабон ис, уӕдмӕ ирдӕй-ирддӕр кӕны;


Байгом кӕнут кулдуар, уадз ӕмӕ мидӕмӕ бацӕуой рӕстаг адӕм, Хуыцауы иузӕрдион адӕм.


Мӕй сӕрттивдзӕни хурау, хур та, цы у, уымӕй авд хатты рухсдӕрӕй, авд боны дӕргъы цы рухс ратты, уый йын цыма иу бонмӕ ӕрӕмбырд уыдзӕн, уыйау. Уыцы бон Дунедарӕг бабӕтдзӕни Йӕ адӕмы цӕфтӕ, байгас сын кӕндзӕни сӕ хъӕдгӕмттӕ.


Бӕстӕйы цӕрджытӕй ничиуал рахъаст кӕндзӕн, ӕдзухъом, рынчын дӕн, зӕгъгӕ. Се ’ппӕтӕн дӕр барст ӕрцӕудзӕни сӕ азым.


Сындӕг-иу рацӕут, тындзгӕ цыдӕй нӕ, фӕлӕ. Ма-иу разгъорут, уымӕн ӕмӕ уыл разӕй дӕр ӕмӕ фӕсте дӕр ауддзӕни Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.


Цытӕ кодтой, уый Ӕз дзӕбӕх уыдтон. Фӕлӕ сӕ ныр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл сараздзынӕн. Цы мӕстытӕ бавзӕрстой, уыдоны фӕстӕ сӕ барӕвдаудзынӕн, ныфс сӕ бауадздзынӕн.


Дунедарӕг зӕгъы: «Сыст, сӕрттив, Йерусалим, — ссыгъди дӕ рухс, дӕ сӕрмӕ тӕмӕнтӕ калы Дунедарӕджы кад!


Ӕппӕт дуне нытталынг уыдзӕн. Сау мылазон тары бын фӕуыдзысты алы адӕмтӕ. Ӕрмӕст дӕ сӕрмӕ рухс тӕмӕн скалдзӕни Дунедарӕджы кад.


Сионы сӕраппонд ӕз хъусӕй нӕ лӕудзынӕн, Йерусалимы сӕрвӕлтау нӕ басабыр уыдзынӕн, цалынмӕ сӕуӕхсидау нӕ сӕрттива йӕ рӕстад, судзгӕ цырагъау — йӕ ирвӕзындзинад.


Дӕ хосгӕнӕг суыдзынӕн Мӕхӕдӕг, дӕ цӕфтӕ дын байгас кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Дӕу хъодыгонд хуыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Сионы сахар никӕйуал хъӕуы».


Фӕлӕ Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн ӕнӕниздзинад ратдзынӕн, сдзӕбӕх сӕ кӕндзынӕн, парахатӕй сын сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ратдзынӕн.


Ассири мах нӕ фервӕзын кӕндзӕни, нал сбаддзыстӕм бӕхтыл ӕмӕ, нӕхи къухӕй кӕй сарӕзтам, уыдоны нӕ хуыцӕуттӕ нал схондзыстӕм. Сидзӕртӕ Дӕ хорзӕхӕй схайджын вӕййынц».


Сымахыл та, Мӕ номӕн кад чи кӕны, уыдоныл, скӕсдзӕни рӕстдзинады хур. Йӕ тынтӕ ӕвдадзы хос сты, ӕмӕ, фосдонӕй ӕддӕмӕ кӕй рауагътой, уыцы хӕрзхаст родтау гӕппытӕ кӕндзыстут.


Уымӕн ӕмӕ ацы адӕмӕн сӕ зӕрдӕтӕ ныддур сты, хъусӕй зынтӕй хъусынц ӕмӕ сӕ цӕстытӕ сӕхгӕдтой, цӕмӕй цӕстӕй дӕр ма феной, хъусӕй дӕр ма фехъусой ӕмӕ йӕ зӕрдӕйӕ дӕр ма бамбарой, се ’ргом Мӕм ма раздахой ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон“.


ӕмӕ мын загъта: „Корнелий, дӕ куывд дын фехъуыстӕуыд, дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.


Фӕлӕ Дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй куы уа, уӕддӕр Йӕ зӕрдӕйӕн адджын у.


Корнелий зӕды куы федта, уӕд фӕтарст ӕмӕ бафарста: «Цы, Бардарӕг?» Зӕд ын дзуапп радта: «Дӕ куывдтытӕ ӕмӕ дӕ хорз хъуыддӕгтӕ нӕ ферох сты Хуыцауӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ