Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 58:2 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

2 Уыдон Мӕ алы бон дӕр фӕрсынц, цы фӕндӕгтӕм сӕ хонын, уыдонӕй. Цыма рӕстгӕнджытӕ сты ӕмӕ Мын Мӕ уагӕвӕрдтыл фидар хӕцынц, уыйау Мӕ домынц, цӕмӕй тӕрхон кӕнон сӕ сӕраппонд, цӕмӕй лӕууон сӕ фарсмӕ.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 58:2
32 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг ӕнӕхуыцӕутты нывӕндтыл ӕлгъ кӕны, рӕстуды куывд ын ӕхсызгон у.


Фыдгӕнджытӕ ӕмӕ тӕригъӕдджынтӕ саст ӕрцӕудзысты, Дунедарӕджы чи ныууагъта, уыдон иууылдӕр бабын уыдзысты.


Додойаг фестут, тӕригъӕдджын адӕм, ӕгӕр стыр у уӕ азым! Фыдгӕнджыты мыггаг, фыдбоны гуырдтӕ! Ныууагътат Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы нал хъуыды кӕнут, уӕ чъылдым Ӕм раздӕхтат.


Дунедарӕг загъта: «Ацы адӕм Мын кад кӕнынц дзыхы ныхасӕй, ӕрмӕстдӕр се ’взагӕй, сӕ зӕрдӕ та дард у Мӕнӕй. Кувынц Мӕм, ӕрмӕст ӕгъдау афтӕ кӕй домы, уымӕн.


Сымах бирӕ бӕргӕ федтат, фӕлӕ фиппайгӕ ницы кодтат, уӕ хъустӕ гом бӕргӕ уыдысты, фӕлӕ сӕ хъусгӕ нӕ кодтат.


Гъемӕ дын Ӕз раргом кӕндзынӕн, дӕ митӕ куыд раст сты, уый. Ӕмӕ уӕд бӕрӕг уыдзӕни, цы пайда дын ӕрхӕссой, уый.


Мӕ цуры ӕрлӕуут, къулбадӕг усы лӕппутӕ, хӕтаг лӕг ӕмӕ хъахбай сылгоймаджы цот!


Дунедарӕгыл нӕ зӕрдӕ сивтам, мӕнг ныхӕстӕ дзырдтам, нӕ Хуыцауы фӕдыл цӕуын нӕ разы кодтам; гадзрахатмӕ, ӕгъатыр митӕм сидтыстӕм, мысыдыстӕм, хъусын кодтам мӕнгдзинад.


пехуымпар Йеремиамӕ ӕмӕ йын загътой: «Курӕм дӕ, сӕххӕст нын кӕн нӕ курдиат! Адӕмӕй ма чи аирвӕзт, уыдоны тыххӕй Дунедарӕгмӕ, дӕ Хуыцаумӕ, скув. Дӕхӕдӕг ӕй уыныс: чысыл йеддӕмӕ нал стӕм, раздӕр та бирӕ уыдыстӕм.


Уӕхӕдӕг уӕхи ныхмӕ тӕригъӕд ракодтат: арвыстат мӕ Дунедарӕгмӕ, нӕ Хуыцаумӕ, ӕмӕ мын загътат, цӕмӕй Йӕм сымах тыххӕй скувон, Дунедарӕг цыдӕриддӕр зӕгъа, уыдӕттӕ уын фехъусын кӕнон, мах алцыдӕр бакӕндзыстӕм, зӕгъгӕ. Ӕз уын сӕ абон фехъусын кодтон, фӕлӕ сымах нӕ хъусут Дунедарӕджы, уӕ Хуыцауы, ныхӕстӕм, цы зӕгъын уын бафӕдзӕхста, уыдӕттӕм. Уӕдӕ зонут: цӕмӕй дзы ӕрцӕрат, уый тыххӕй уӕ зӕрды цы бӕстӕм ацӕуын ис, уым кард, стонг ӕмӕ рынӕй амӕлдзыстут.


Уый фӕстӕ ӕрбацӕут ӕмӕ, Мӕ ном цы хӕдзарыл ӕвӕрд ис, уым Мӕ разы ӕрлӕуут ӕмӕ фӕзӕгъут: „Мах фервӕзтыстӕм!“ — цӕмӕй та дарддӕр ӕппӕт уыцы ӕлгъаг митӕ кӕнат.


Сымах давут, марут, хӕтут, мӕнг сомытӕ кӕнут, Баалӕн буд судзут ӕмӕ, кӕй нӕ зыдтат, уыцы ӕндӕр хуыцӕуттӕм кувут.


«Адӕймаджы фырт! Израилы хистӕртӕн фехъусын кӕн: „Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау: Мӕ бафӕрсынмӕ ӕрбацыдыстут? Сомы кӕнын Мӕхицӕй, ницы дзуапп уын ратдзынӕн“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Додойаг сты, Дунедарӕджы тӕрхоны бонмӕ чи бӕллы, уыдон! Цӕмӕн уӕ хъӕуы уыцы бон? Уый рухс нӕ, фӕлӕ талынг у.


Уыдон Ӕм бацыдысты ӕмӕ Йын загътой: «Ахуыргӕнӕг, мах зонӕм, Ды раст кӕй дӕ ӕмӕ искӕй зӕрдӕ балхӕныныл кӕй нӕ архайыс, уымӕн ӕмӕ никӕй хъулон кӕныс, фӕлӕ ӕцӕгады фӕткмӕ гӕсгӕ амоныс Хуыцауы фӕндаг. Кесӕрӕн хъалон фидын ӕмбӕлы ӕви нӕ? Фидӕм ын ӕви йын ма фидӕм?»


Уымӕн ӕмӕ Ирод тарстис Иоаннӕй; раст ӕмӕ сыгъдӕг адӕймаг кӕй у, уый зыдта ӕмӕ йыл йӕ арм дардта. Кӕд-иу Иоанны ныхӕстӕй фӕкъӕмдзӕстыг ис, уӕддӕр ӕм хъуыста ӕхсызгонӕй.


Иоанн уыди цырагъ — сыгъди ӕмӕ рухс кодта, сымах та уыцы цыбыр рӕстӕг фӕндыди йӕ рухсмӕ цин кӕнын.


Уыдон дзурынц, Хуыцауы зонӕм, зӕгъгӕ, афтӕмӕй Йыл сӕ митӕй сӕхи тигъ кӕнынц; сты цъаммар, хивӕнд ӕмӕ сӕ бон нӕу иунӕг хорз хъуыддаг саразын дӕр.


Ӕрбахӕстӕг ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм ӕрбахӕстӕг уыдзӕн. Ссыгъдӕг кӕнут уӕ къухтӕ, тӕригъӕдджынтӕ; ӕрӕхсут уӕ зӕрдӕтӕ, уӕ дызӕрдыгтӕ аиуварс кӕнут.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ