Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 57:19 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

19 Ӕз афтӕ бакӕндзынӕн, ӕмӕ Мӕ дзыхы ныхасӕй дӕр стаудзысты. Ратдзынӕн сын амонд ӕмӕ фарн — дард чи у, уыдонӕн дӕр, ӕмӕ, хӕстӕг чи у, уыдонӕн дӕр. Се ’ппӕты дӕр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн», — афтӕ зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 57:19
27 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

О Дунедарӕг! Ды нын фарн балӕвар кӕндзынӕ. Нӕ хъуыддӕгтӕ иууылдӕр — Дӕуӕй аразгӕ.


Удвидар, ӕнӕфӕцудгӕ чи у, уыдоны Ды схайджын кӕныс фарнӕй, уымӕн ӕмӕ Дӕуӕй сты ныфсджын.


Уӕд раст тӕрхоны фӕрцы мыггагмӕ ӕрбынӕттон уыдзысты фарн, ӕнцой ӕмӕ ӕдасдзинад.


Дунедарӕг Хуыцау мын радта куырыхонты ӕвзаг, цӕмӕй-иу ӕз мӕ дзыхы ныхасӕй барӕвдауон фӕллад лӕджы. Ӕрвылрайсом мӕ райхъал кӕны, цӕмӕй Йӕм зыдӕй хъусон Йӕ ахуыргӕнинагау.


Ӕз айтыгътон уӕлӕрвтӕ ӕмӕ фидар сарӕзтон зӕхх. Ӕмӕ Сионы цӕрджытӕн зӕгъын, сымах Мӕ адӕм стут! Фӕдзӕхсын уын, адӕмы рӕгъмӕ куыд хӕссат Мӕ уынаффӕтӕ. Ӕмӕ уӕ Ӕз Мӕ базыры бын бакӕндзынӕн».


«Мӕнӕ Мӕ фидыды нысан семӕ. Ӕз дӕ схайджын кодтон Мӕ Удӕй, Дӕ дзыхы дын бавӕрдтон Мӕ ныхӕстӕ, ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ ныр мыггагмӕ уыдзысты дӕхи, дӕ байзӕддӕгты ӕмӕ сӕ фӕстагӕтты былалгъыл», — зӕгъы Дунедарӕг.


Уыцы зынгӕй мын бандзӕвыд мӕ былтыл ӕмӕ загъта: «Ацы зынг дӕ былтыл андзӕвыд, ӕмӕ фервӕзтӕ дӕ азымӕй, барст дын ӕрцыди дӕ тӕригъӕд».


Дӕ хосгӕнӕг суыдзынӕн Мӕхӕдӕг, дӕ цӕфтӕ дын байгас кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Дӕу хъодыгонд хуыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Сионы сахар никӕйуал хъӕуы».


Фӕлӕ Ӕз ацы сахары цӕрджытӕн ӕнӕниздзинад ратдзынӕн, сдзӕбӕх сӕ кӕндзынӕн, парахатӕй сын сабырдзинад ӕмӕ ӕдасдзинад ратдзынӕн.


Израил, раздӕх дӕ Хуыцаумӕ, уымӕн ӕмӕ дӕ тӕригъӕдты тыххӕй сӕфыс.


«Сӕ гадзрахатӕй сӕ Ӕз сӕнӕниз кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ Мӕ фӕндонмӕ гӕсгӕ бауарздзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕм нал мӕсты кӕнын.


Ӕмӕ уӕд Ӕз адӕмты ӕвзӕгтӕ ссыгъдӕг кӕндзынӕн, цӕмӕй иууылдӕр Дунедарӕджы ном арой ӕмӕ Йын ӕмзӕрдӕйӕ лӕггад кӕной.


Уыцы заман Ефремы уӕрдӕттӕ ӕмӕ Йерусалимы бӕхты фесафдзынӕн, хӕстон ӕрдынтӕ саст ӕрцӕудзысты. Уый адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕн сабырдзинад ӕмӕ паддзахиуӕг кӕндзӕн иу денджызӕй иннӕмӕ, Евфраты донӕй зӕххы кӕрӕттӕм.


Ӕмӕ хӕдзар уый аккаг куы уа, уӕд ыл уӕ арфӕ ӕрцӕудзӕни, науӕд уӕ фарн фӕстӕмӕ раздӕхдзӕни уӕхимӕ.


Ӕмӕ сын загъта: «Ӕрзилут ӕгас дунейыл ӕмӕ Фарны Уац хъусын кӕнут алкӕмӕн дӕр.


«Кад Хуыцауӕн бӕрзӕндты, зӕххыл та фарнимӕ уӕнт, Хуыцау кӕуыл ауды, уыдон!»


Уымӕн ӕмӕ уын Ӕз ахӕм ӕвзаг ӕмӕ куырыхон зонд ратдзынӕн, уе знӕгтӕ ӕмбырдӕй уӕ ныхмӕ фӕлӕууын дӕр ӕмӕ уӕм сдзурын дӕр куыд нӕ бафӕразой.


Хуыцау израилаг адӕмӕн рарвыста Йӕ ныхас — Йесо Чырыстийы руаджы адӕмимӕ кӕй фидауы, уыцы Фарны Уац. Чырысти та у ӕппӕт адӕмы Бардарӕг.


Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ бавӕрдта сымахӕн ӕмӕ уӕ цотӕн, стӕй, дард чи у — нӕ Бардарӕг Хуыцау кӕмӕ сиды, ӕппӕт уыдонӕн».


Сымах кӕддӕр дард уыдыстут, ныр та Йесо Чырыстиимӕ иудзинады фӕрцы баиу стут, ӕмӕ уӕ Йӕ Туг ӕрбахӕстӕг кодта кӕрӕдзимӕ.


Кувут мӕн тыххӕй дӕр, цӕмӕй мӕ дзурын куы бахъӕуа, уӕд мын Хуыцау, цы зӕгъон, уый ратта ӕмӕ ӕз ныфсджынӕй раргом кӕнон Фарны Уацы сусӕгдзинад.


Цӕй уӕдӕ Йесойы фӕрцы иудадзыг ӕппӕлӕм Хуыцауӕй — уадз ӕмӕ Йын уый уа нӕ нывонд, ӕмӕ афтӕмӕй кадджын кӕнӕм Йӕ ном.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ