Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 57:17 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

17 Зыд ӕмӕ кӕрӕф кӕй уыдысты, уый тыххӕй сыл Мӕ маст калдтон, цагътон сӕ ӕмӕ сӕ фыр мӕстӕй Мӕхи ӕмбӕхстон, фӕлӕ уӕддӕр кодтой, сӕхи цы фӕндыди, уый.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 57:17
29 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дӕ цӕстӕй цы уыныс, уый — хорз, истӕмӕ бӕллын — зӕрдӕйы сагъӕс. Уыдӕттӕ дӕр аивгъуыйынц, дымгӕ ’рцахсыныл куы архайай, уымӕй уӕлдай не сты!


Додойаг фестут, тӕригъӕдджын адӕм, ӕгӕр стыр у уӕ азым! Фыдгӕнджыты мыггаг, фыдбоны гуырдтӕ! Ныууагътат Дунедарӕджы, Израилы Стыр Хуыцауы нал хъуыды кӕнут, уӕ чъылдым Ӕм раздӕхтат.


Ӕвзист ӕмӕ сыгъзӕрины бын фӕци сӕ зӕхх, сӕ хӕзнатӕн ныккӕнӕн дӕр нал ис. Сӕ зӕхх нал зыны бӕхтӕй, сӕ тохуӕрдӕттӕ сты ӕнӕнымӕц.


Стигъджыты ӕмӕ абырджыты амӕттаг чи бакодта Израилы адӕмы, Йаковы байзӕддаджы? Уый Дунедарӕг уыд! — Йӕ разы кодтам тӕригъӕдджын митӕ. Йӕ амынд фӕндӕгтыл нӕ цыдыстӕм, Йе ’гъдау Ын не ’ххӕст кодтам.


Ды ӕцӕгдӕр Хуыцау дӕ, цӕстӕй фенӕн Кӕмӕн нӕй, Уый, Израилы Хуыцау, Ирвӕзынгӕнӕг.


Куыйтау зыд ӕмӕ кӕрӕф сты, ӕфсис нӕ зонынц. Адӕмы хъӕр кӕмӕ нӕ хъуысы, уыцы фыййӕуттау сӕ алчи тыхсы ӕрмӕст йӕхи удыл, йӕхи пайдайыл.


Ӕгӕр нӕм ма мӕсты кӕн, Дунедарӕг, мыггагмӕ Дӕ зӕрдыл ма дар нӕ азым. Ӕркӕс-ма нӕм, мах иууылдӕр Дӕ адӕм куы стӕм!


Сымах та иуӕрдыгӕй Мӕнӕн гал ӕргӕвдут, иннӕрдыгӕй та уӕ гуымирыйӕн адӕймаг-нывонд хӕссут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн фыс кусарт кӕнут, иннӕрдыгӕй та куыдзы ӕфцӕг сӕттут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн хуын хӕссут, иннӕрдыгӕй та хуыйы хъуырӕй туг уадзут. Иуӕрдыгӕй Мӕнӕн буд судзут, иннӕрдыгӕй та уӕ хуыцаугондӕн табу кӕнут. Равзӕрстат уӕхи фӕндӕгтӕ, уӕ зӕрдӕ рухс кӕны уе ’лгъаг митӕй.


Дунедарӕг Йе ’ргом аздӕхта Йаковы байзӕддагӕй, фӕлӕ ӕз уӕддӕр Дунедарӕгӕй ныфсджын уыдзынӕн, мӕ зӕрдӕ Йыл дардзынӕн.


Адӕм, чи сӕ цӕвы, Уымӕ нӕ раздӕхынц, Уӕларвӕфсады Бардарӕджы нӕ агурынц.


Уӕ фыртты уын Ӕз дзӕгъӕлы ӕфхӕрдтон: уӕддӕр Мын Мӕ фӕдзӕхстытӕм нӕ хъуыстой. Ӕгъатыр домбайау уӕ кард уӕ пехуымпарты аныхъуырдта!


Дӕуӕн та дӕ цӕстытӕ ӕмӕ дӕ зӕрдӕ бӕллынц ӕрмӕст ӕфтиагмӕ, ӕнаххосты туг калынмӕ, ӕфхӕрд ӕмӕ тыхмимӕ!»


Раздӕхут, сабитӕ, гадзрахатӕй рацӕуджытӕ, — зӕгъы Дунедарӕг, — уымӕн ӕмӕ Ӕз дӕн уӕ Сӕрыхицау. Алы сахарӕй дӕр Ӕз райсдзынӕн иуы, алы хӕдзарвӕндагӕй дӕр — дыууӕйы, ӕмӕ уӕ ӕркӕндзынӕн Сионмӕ.


«Раздӕхут Мӕм, гадзрахатӕй рацӕуӕг цот! Ӕз уын уӕ хивӕнд зӕрдӕтӕ сдзӕбӕх кӕндзынӕн». «Мӕнӕ Дӕм фӕцӕуӕм, уымӕн ӕмӕ Ды Дунедарӕг дӕ, нӕ Хуыцау!


О Дунедарӕг! Ау, Дӕ цӕст рӕстдзинад нӕ уыны? Дӕрӕн сӕ кӕныс, фӕлӕ сӕм рыст нӕ хъары, ныццӕгъдыс сӕ, фӕлӕ зонды къахыл не ’рлӕууынц. Дуртӕй хъӕбӕрдӕр систы, фӕсмон кӕнын сӕ зӕрды нӕй!


Ды цӕрыс стыр цӕугӕдӕтты был. Дӕ хӕзнатӕ ӕнӕнымӕц сты, фӕлӕ ӕрцыди де сӕфт, адӕмы нал стигъдзынӕ.


Иууылдӕр, стырӕй, чысылӕй, ӕрмӕст ӕфтиагмӕ бӕллынц, пехуымпарӕй сауджыны онг мӕнгард сты сӕ хъуыддӕгтӕ.


Уый тыххӕй сын Ӕз сӕ устыты ӕндӕртӕн ратдзынӕн, сӕ быдыртӕ та — ног хицӕуттӕн. Уымӕн ӕмӕ стырӕй, чысылӕй мулкмондаг сты, сауджынӕй, пехуымпарӕй — мӕнгард.


Лӕмбынӕг сӕм хъуыстон, фӕлӕ рӕстдзинад нӕ дзурынц, йӕ фыдракӕндтыл дзы иу дӕр нӕ фӕсмон кӕны. Цы бакуыстон, зӕгъгӕ, ничи дзуры, цыма бӕх тохы быдыры размӕ ныййарц вӕййы, уыйау алчидӕр йӕхи фӕндагмӕ згъоры.


Ӕрбацӕудзысты дӕм къордтӕ-къордтӕй, ӕрбаддзысты дӕ разы ӕмӕ дын хъусдзысты дӕ ныхӕстӕм, фӕлӕ сӕ не ’ххӕст кӕндзысты; дзыхӕй дын козбау митӕ кӕндзысты, сӕ зӕрдӕ та агурдзӕни пайда.


Загъта ма сын: «Уӕхи хъахъхъӕнут кӕрӕфдзинад уарзынӕй, уымӕн ӕмӕ адӕймаджы цард йӕ бирӕ мулкӕй аразгӕ нӕу».


Уӕдӕ амарут уӕ мидӕг, уӕ зӕххон ӕрдзыхъӕдӕй уӕм цы ис, уыдон: хӕтын, чъизи митӕ, ӕлгъаг монцтӕ, кӕрӕфдзинад, уымӕн ӕмӕ уый мӕнгхуыцаумӕ кувынӕй уӕлдай нӕу.


Бирӕ мулкмӕ чи бӕллы, уыдон та бахауынц къӕппӕджы, фӕлварӕнты, ӕмӕ фӕвӕййынц, бӕллӕх ӕмӕ бынсӕфтмӕ чи ӕркӕны, бирӕ ахӕм ӕнӕзонд ӕмӕ фыдбылызы мондӕгты амӕттаг.


Сӕ цӕстытӕ агурынц хӕтаг сылгоймӕгты, тӕригъӕдӕй ӕфсис нӕ зонынц; сӕ къӕппӕджы бахауынц, йӕ уырнынад кӕмӕн не сфидар, ахӕмтӕ. Сӕ зӕрдӕтӕ систы кӕрӕф, уыдон ӕлгъыст сты,


Кӕрӕф кӕй сты, уымӕ гӕсгӕ уын зӕрдӕлхӕнӕн ныхӕстӕ кӕндзысты, цӕмӕй уӕ сӕхицӕн исты расайой. Тӕрхон сын раджы рахастӕуыд, ӕмӕ сӕм мӕлӕт ныридӕгӕн ӕнхъӕлмӕ кӕсы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ