9 Ӕрбацӕут, хъӕддаг сырдтӕ, хъӕды цӕрӕгойтӕ, ӕрбацӕут ӕмӕ хӕрут!
Паддзах радта суӕгъд кӕныны бардзырд, адӕмты хицау ын радта сӕрибар.
Ныууадздзысты сӕ тугдзых мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн, ӕмӕ сӕ мӕргътӕ хӕрдзысты сӕрддӕргъы, сырдтӕ та — зымӕджы».
Скӕсӕнӕй, дард бӕстӕй, фӕсидтӕн цӕргӕсмӕ, Мӕ фӕнд Мын чи сӕххӕст кӕндзӕн, уыцы лӕгмӕ. Ӕз, рагагъоммӕ цы загътон, уый сӕххӕст кӕндзынӕн, цы скарстон, уымӕн ӕнӕ ’рцӕугӕ нӕй.
Мӕ исбоны алыварс тугдзых мӕргътӕ ӕрӕмбырд сты, цыма хъулон тугдзых маргъ у, уыйау. Цӕугӕут ӕмӕ ӕппӕт быдираг сырдты ӕрӕмбырд кӕнут! Уадз ӕмӕ Мын аныхъуырой Мӕ исбон!
Додойаг фесты, Мӕ фысты рӕгъау Мын чи сафы ӕмӕ сӕ чи ныххӕлиу кодта, уыцы фыййӕуттӕ! — зӕгъы Дунедарӕг.
Нилы ӕппӕт кӕсӕгтимӕ дӕ фехсдзынӕн ӕдзӕрӕг ран, тыгъд быдыры, ӕмӕ дыл уым ничи бамӕт кӕндзӕн, ничи дӕ баныгӕндзӕн. Хъӕддаг сырдтӕн ӕмӕ мӕргътӕн дӕ бахӕрын кӕндзынӕн.
Дӕуӕн та, адӕймаджы фырт, Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: алы мыггаг мӕргътӕ ӕмӕ сырдтӕн фехъусын кӕн: „Алырдыгӕй ӕрӕмбырд ут ӕмӕ ӕрбацӕут Мӕ нывондмӕ, Ӕз уын цы кусарт кӕнын, уымӕ, ӕрӕмбырд ут стыр куывдмӕ Израилы хӕхтӕм! Хӕрут дзидза ӕмӕ нуазут туг!
Уӕ мӕрдтыл уын тӕхаг мӕргътӕ ӕмӕ зӕххон сырдтӕ ӕмбырдтӕ кӕндзысты, ӕмӕ сӕ асурӕг нӕ уыдзӕн.