Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 56:10 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

10 Мӕ адӕмы раздзӕуджытӕ иууылдӕр куырм сты, ницы ’мбарынц. Иууылдӕр сты гоби куыйтау — сӕ бон срӕйын дӕр нӕу. Хуыссын бирӕ уарзынц ӕмӕ сӕхи ауагътой, фынӕйӕ сӕнттӕ цӕгъдынц.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 56:10
24 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕцӕг, Иоасы паддзахиуӕгыл дыууын ӕртӕ азы куы рацыд, уӕд дӕр сауджынтӕ нӕма бавнӕлдтой уыцы бӕрнон куыстмӕ.


Дунедарӕг уыл тарф фынӕй бафтыдта, уӕ цӕстытӕ уын сӕхгӕдта, пехуымпартӕ, уӕ сӕртӕ уын батыхта, зонынджынтӕ.


Дистӕ кӕнут, фыр дисӕй бандзыг ут, уӕхи бакуырм кӕнут ӕмӕ куырмӕджы бадут! Ныррасыг стут, ӕрмӕст сӕнӕй нӕ; цудтытӕ кӕнут, ӕрмӕст карз нозтӕй нӕ.


Дӕ хъахъхъӕнджытӕ сӕ хъӕлӕсы дзаг цинхъӕр кӕнынц, уымӕн ӕмӕ сӕхи цӕстӕй уынынц, Дунедарӕг Сионмӕ куыд ӕрбаздӕхы, уый.


Дунедарӕг загъта: «Хъӕр кӕн дӕ тых, дӕ бонӕй, сыкъауадындзау азӕлӕд дӕ хъӕлӕс! Мӕ адӕмӕн, Йаковы байзӕддӕгтӕн, бауайдзӕф кӕн сӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ сӕ тӕригъӕдты тыххӕй!


Куырмытау ныр куы хъеллау кӕнынц уынгты, сӕхи фӕчъизи кодтой тугӕй! Сӕ дарӕсыл сын ничи уӕнды андзӕвын.


Израилы пехуымпартӕ, Йерусалимӕн пехуымпариуӕг чи кодта ӕмӕ йын, фарнӕн йӕ кой дӕр нӕ уӕвгӕйӕ, фарн ис, зӕгъгӕ, йӕ цӕстылуайӕнтӕ чи дзырдта, уыдон», — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Хъахъхъӕнӕг ӕвзидгӕ кард куы фена, фӕлӕ сыкъауадындзӕй куынӕ ныууаса, цӕмӕй адӕмы бахиза, уый тыххӕй, уӕд, фыдгулы кард кӕй баййафа, уый йӕ тӕригъӕды аххосӕй карды амӕттаг бауыдзӕн, фӕлӕ Ӕз дзуапп ӕрдомдзынӕн дӕуӕй.


Бындзагъд фӕуыдзысты Мӕ адӕм, фаг кӕй не ’мбарынц, уый тыххӕй. Сауджынтӕ, исты бамбарын уӕ кӕй нӕ бафӕндыд, уый тыххӕй уыл Ӕз мӕхи атигъ кӕндзынӕн. Сымах уӕ Хуыцауы Ӕгъдау куыд ферох кодтат, афтӕ уын Ӕз дӕр уӕ цоты рохуаты ныууадздзынӕн.


Ассирийы паддзах! Дӕ фыййӕуттӕ фынӕй кӕнынц, де ’лдӕрттӕ хуыссынц. Дӕ адӕм ныххӕлиу сты хӕхты, чи сӕ ӕрӕмбырд кӕна, уый дӕр нӕй.


Ныууадзут сӕ, уыдон сты куырмыты куырм фӕтӕгтӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы хона, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты».


Уӕхи хизут куыйтӕй, уӕхи хизут зианхӕссӕг кусджытӕй, уӕхи хизут, буарӕй хынджылӕггаг чи аразы, уыдонӕй.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ