Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 54:9 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

9 Нойы заман доны хъаймӕт куы фӕци, уӕд куыд расомы кодтон, зӕххыл доны хъаймӕт нал уыдзӕни, зӕгъгӕ, афтӕ сомы кӕнын ныр дӕр, нал дӕм смӕсты уыдзынӕн ӕмӕ дӕм нал бартхъирӕн кӕндзынӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 54:9
18 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕгмӕ схӕццӕ ис ӕхцон хӕрздӕф, ӕмӕ загъта Йӕхицӕн: «Адӕймаджы тыххӕй нал ралгъитдзынӕн зӕхх, кӕд йе ’взонгӕй фӕстӕмӕ йӕ зӕрдӕ фыдбылызмӕ ӕмхиц у, уӕддӕр. Ӕппӕт цӕрӕг удты никуыуал фесафдзынӕн, доныхъаймӕт нал ӕрцӕудзӕни зӕххыл.


Ферох дӕ уыдзысты уӕд дӕ хъизӕмӕрттӕ, чи акалди, уыцы донау нал ӕрлӕудзысты дӕ зӕрдыл.


Авраамӕн ныстуанӕн кӕй ныууагъта, Исаакӕн сомы кӕмӕй ракодта.


Уыцы бон ды зӕгъдзынӕ: «Стауын дӕ, Дунедарӕг! Мӕсты мӕм уыдтӕ, фӕлӕ ныр ссыди Дӕ маст, басабыр мӕ кодтай.


Алырдӕм-ма афӕлгӕс! Дӕ адӕм дӕм ӕмбырд кӕнын байдыдтой. Цардӕгас дӕн Ӕз, — зӕгъы Дунедарӕг, — фӕлындӕнтау бацин кӕндзынӕ се ’ппӕтыл дӕр, ног чындзау сӕ сфӕлынддзынӕ дӕхи.


Афтӕ зӕгъы Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, Йӕ адӕмы Мастисӕг: «Уӕ къухӕй уын фӕстӕмӕ исын Мӕ азар ӕмӕ Мӕ фыдӕхы нуазӕн. Нырӕй фӕстӕмӕ уын ӕй нал дӕтдзынӕн.


Афӕлгӕсут-ма уӕлӕрвтыл! Ӕркӕсут-ма зӕхмӕ дӕр! Уӕлӕрвтӕ ӕрбайсӕфдзысты фӕздӕгау, зӕхх дӕр алӕбырдзӕн дарӕсау, йӕ цӕрджытӕн сыскъуыйдзӕни сӕ мыггаг. Ӕцӕг, Ӕз цы ирвӕзындзинад дӕттын, уымӕн йӕ фарн нӕ фесӕфдзӕни мыггагмӕ дӕр, Мӕ рӕстдзинадӕн сӕфӕн нӕй.


Уӕ фыдгултӕ бабын уыдзысты, рӕмпӕг дарӕс куыд бахӕры, къуыдыргалм та — къуымбил, уый хуызӕн».


Гъе ахӕм хъысмӕт ис, Ӕз цы ныхас фӕзӕгъын, уымӕн дӕр. Пайда не ’рхӕсгӕйӕ Мӕм фӕстӕмӕ нӕ раздӕхы, фӕлӕ Мын сӕххӕст кӕны Мӕ фӕндон, саразы, цӕй тыххӕй йӕ рарвыстон, уый».


Дунедарӕг ард бахордта Йе стыр хъомысӕй: «Дӕ хойраг дын нал ратдзынӕн дӕ фыдгултӕн, цы сӕныл бафыдӕбон кодтай, уый дын нал нуаздзысты ӕцӕгӕлӕттӕ.


Дунедарӕг афтӕ зӕгъы: «Бӕрзонд арвӕн сбарӕн куыд нӕй, зӕххы бындуртӕн — басгарӕн, афтӕ Ӕз дӕр Израилы байзӕддӕгты сӕ хъуыддӕгты тыххӕй Мӕхицӕй никуы аппардзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг.


Уӕд дӕм Мӕ маст ссӕудзӕни. Мӕ зӕрдӕ дӕм нал ӕхсайдзӕн, ӕмӕ ӕрсабыр уыдзынӕн, нал мӕсты кӕндзынӕн.


Мӕ фынгыл бафсӕддзыстут бӕхтӕ, барджытӕ, ӕхсарджынтӕ ӕмӕ алы хӕстон адӕмы туг ӕмӕ фыдӕй“, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау.


Ӕз Израилы адӕмӕй Ме ’ргом нал аздахдзынӕн, уымӕн ӕмӕ сӕ схайджын кӕндзынӕн Мӕ Удӕй. Уый зӕгъын Ӕз — Дунедарӕг Хуыцау».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ