12 Дӕ систы дӕндаг-рӕгътӕ дын скӕндзынӕн лалӕй, дӕ кулдуӕрттӕ — изумрудӕй, дӕ алыварс быру та дын сфӕлынддзынӕн алы зынаргъ дуртӕй.
Мидагъуыст кӕрӕдзийы ныхмӕ ӕвӕрд уыдысты рудзгуыты фӕлгӕттӕ, ӕртыгай рӕнхъытӕй.
ӕртыккаджы — гиацинт, агат, аметист;
Дӕ ныв дын скодтон, Йерусалим, Мӕ армытъӕпӕнтыл. Дӕ систӕ ӕдзух лӕууынц Мӕ цӕстыты раз.
Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци, хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ, бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.
Дӕ байзӕддӕгты дын се ’ппӕты дӕр сахуыр кӕндзӕн Дунедарӕг, ӕгӕрон уыдзӕн сӕ фарн.
Уыцы бон Уӕларвӕфсады Бардарӕг Йӕ адӕмы фыстау фервӕзын кӕндзӕн; кады худы зынаргъ дуртау сӕрттивдзысты Йӕ зӕххыл.
Сахары къул уыди стыр ӕмӕ бӕрзонд, уыди дзы дыууадӕс дуары, дуӕрттыл лӕууыдысты дыууадӕс зӕды. Дуӕрттыл фыст уыдысты израилаг адӕмы дыууадӕс мыггаджы нӕмттӕ.