Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 54:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

11 Уӕ, бецау, тымыгъты амӕттаг чи баци, хъыгӕй йемыдзаг чи у, уыцы сахар! Ӕз дын дӕ сисы дуртӕ самайдзынӕн зынаргъ ӕмӕ ӕнӕхӕлгӕ змӕстимӕ, бындур та сын сӕвӕрдзынӕн сапфирӕй.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 54:11
43 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ сын паддзах бардзырд радта, цӕмӕй Кувӕндонӕн бындур ӕрӕвӕрынӕн ласой стыр ӕмӕ зынаргъ, биноныг карст дуртӕ.


Кувӕндонӕн йӕ астӕрдыл дӕр скодта сыгъзӕрин цъар — рӕбинаг уаты дӕр ӕмӕ раззаг уаты дӕр.


Ӕз ме ’ппӕт тыхтӕ бахардз кодтон ууыл, цӕмӕй мӕ Хуыцауы хӕдзарӕн ӕрцӕттӕ кӕнон ӕрмӕг: сыгъзӕрин дзауматӕн — сыгъзӕрин, ӕвзист дзауматӕн — ӕвзист, ӕрхуы дзауматӕн — ӕрхуы, ӕфсӕйнаг дзауматӕн — ӕфсӕйнаг, хъӕдын дзауматӕн — хъӕдӕрмӕг; оникс, фӕлгӕты бавӕргӕ дуртӕ, налхъуыт-налмастӕ ӕмӕ алы зынаргъ дуртӕ, стӕй бирӕ мрамор.


Ноджы ма йӕ саив кодта зынаргъ дуртӕ ӕмӕ Парваимӕй ласт сыгъзӕринӕй.


Офираг зӕринӕй йын саргъгӕнӕн нӕй, зынаргъ дуртӕ сапфир ӕмӕ ониксӕй йӕ нӕ балхӕндзынӕ.


Ӕнаххосӕй мӕм знаджы цӕстӕй чи кӕсы, уыдоны мыл ма бауадз худын, кӕрӕдзимӕ сӕ цӕстытӕ ныкъулын!


Рацыди дзӕвгар рӕстӕг. Мысыры паддзах амарди. Израилӕгтӕ сӕ уӕззау куыстӕй ӕнцой нӕ зыдтой, ӕрдиаг кодтой, ӕххуысмӕ дзынӕзтой, ӕмӕ сӕ хъӕрзын Хуыцаумӕ фехъуысти.


ӕмӕ федтой Израилы Хуыцауы. Йӕ къӕхты бын уыдис цыдӕр, сапфир-дурӕй астӕрды хуызӕн, арвау сыгъдӕг.


Уыцы ран ӕм Дунедарӕджы зӕд раргом ис арты ӕвзӕгты, судзгӕ сындзкъутӕрӕй. Моисей федта: къутӕрыл арт сирвӕзт, фӕлӕ йӕ нӕ судзы.


Дунедарӕг загъта: «Ӕз уынын Мӕ адӕмы хъизӕмар Мысыры. Хъусын, ӕххуысмӕ куыд дзыназынц, уый, — цӕстдарджытӕ сӕ ’фхӕрынц ӕнӕвгъау. Ӕз зонын, мӕ адӕмӕн сӕ хъару кӕй басаст,


Йӕ къухтӕ — сыгъзӕрин кӕхцытӕ, топазтӕй сӕ сфӕлыстӕуыд. Йӕ гуыбын — пылыстӕг, цыма йӕ саив кодтой сапфиртӕй.


Уӕдӕ цы дзуапп раттын хъӕуы ацы адӕмы минӕвӕрттӕн? Уыдонӕн зӕгъын хъӕуы, Сион сфидар кодта Дунедарӕг, ӕмӕ дзы Йӕ адӕмы мӕгуыртӕ сӕ сӕртӕ бафснайдзысты, зӕгъгӕ».


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн.


Кирӕн зӕгъын: „Мӕ адӕмӕн фыййау уыдзынӕ“. Уый Мын сӕххӕст кӕндзӕни Ме ’ппӕт фӕндтӕ дӕр. Йерусалимӕн зӕгъдзӕни: „Ногӕй дӕ рацараздзысты!“ Кувӕндонӕн зӕгъдзӕни: „Амад ӕрцӕудзынӕ!“»


Ныр Сионы сахары адӕм та дзырдтой, Дунедарӕг нӕ ныууагъта, Нӕ Хуыцауӕй ферох стӕм, зӕгъгӕ.


Гъемӕ уӕдӕ ӕрбайхъусут, сӕны хъӕстӕ чи нӕ фӕци, афтӕмӕй расыгау цух-мухтӕ чи кӕны, уыдон!


Ратдзынӕн ӕй уе ’фхӕрджыты къухмӕ, афтӕ уын чи дзырдта, ныддӕлгом ут зӕххыл ӕмӕ уыл къахӕй балӕгӕрдӕм. О, сымах-иу ныддӕлгом стут сӕ разы, ӕмӕ-иу уыдон, надвӕдыл цӕуӕгау, алӕгӕрстой уӕ чъылдымтыл».


Дӕ систы дӕндаг-рӕгътӕ дын скӕндзынӕн лалӕй, дӕ кулдуӕрттӕ — изумрудӕй, дӕ алыварс быру та дын сфӕлынддзынӕн алы зынаргъ дуртӕй.


Ды уыдтӕ, удхайраг чи фӕвӕййы, ахӕм уагъд усы хуызӕн. Фӕлӕ дӕм ныр фӕстӕмӕ сиды Дунедарӕг, дӕ Хуыцау, ӕмӕ зӕгъы: «Фыццаг уарзоныл чи бахъоды кӕндзӕн?


Нырӕй фӕстӕмӕ нал уыдзынӕ, дзӕгъӕлӕй чи баззад ӕмӕ фыдгулы цӕстӕй кӕмӕ кастысты, йӕ иувӕрсты кӕмӕн цыдысты, ахӕм сахар. Ӕз дӕ скадджын кӕндзынӕн мыггагмӕ, цин дыл кӕндзысты фидӕны фӕлтӕртӕ.


Дӕ хосгӕнӕг суыдзынӕн Мӕхӕдӕг, дӕ цӕфтӕ дын байгас кӕндзынӕн, — зӕгъы Дунедарӕг. — Дӕу хъодыгонд хуыдтой ӕмӕ дзырдтой: «Сионы сахар никӕйуал хъӕуы».


Мӕ хъӕрзын хъуысы ме знӕгтӕм дӕр, хъуысы, нӕй сабыргӕнӕг, знӕгтӕ цин кӕнынц, цы мын бакуыстай, ууыл! Дӕ тӕрхоны бон ралӕууӕд! Мӕ фыдгултӕ мӕ фӕндӕгтыл фӕцӕуӕнт!


Сӕ сӕрмӕ цы ӕрдынӕг уыд, уый уӕлӕ уыди цыдӕр, сапфиртӕй конд паддзахы бадӕны ӕнгӕс, йӕ уӕлӕ та бадти чидӕр, адӕймаджы хуызӕн.


Ӕз федтон: херувимты сӕрмӕ цы ӕрдынӕг уыд, уый сӕрмӕ зынди цыдӕр, сапфирӕй конд паддзахы бадӕны хуызӕн.


Дӕ систӕ амайыны рӕстӕг ӕрхӕццӕ уыдзӕн, дӕ арӕнтӕ фӕуӕрӕхдӕр кӕндзынӕ.


Уалынмӕ денджыз афтӕ тынг сабухта, ӕмӕ уылӕнтӕ бӕлӕгъы сӕрты калдысты; Йесо та фынӕй уыди.


Уыдӕттӕ уын Ӕз уый тыххӕй загътон, цӕмӕй Мемӕ уат ӕмӕ Мӕ фарнӕй схайджын уат. Ацы дунейы хъизӕмӕрттӕ ӕвзардзыстут, фӕлӕ-иу фидар лӕуут: Ӕз фӕуӕлахиз дӕн ацы дунейыл».


Алы ран дӕр ныфс бауагътой ахуыргӕнинӕгты, фӕдзӕхстой сын, цӕмӕй уырнындзинадыл фидар хӕцой, ӕмӕ сын дзырдтой, Хуыцауы Паддзахадмӕ бацӕуыны сӕраппонд мах бирӕ зынтӕ бавзарын хъӕуы, зӕгъгӕ.


Сымах дӕр лӕуут, апостолтӕ ӕмӕ пехуымпартӕ кӕй сарӕзтой, сӕрӕвӕрӕн дур та Йесо Чырысти Йӕхӕдӕг кӕмӕн у, уыцы бындурыл.


Уыйадыл сӕм Мӕ маст ссудздзӕни, сӕхи бар сӕ ныууадздзынӕн, Мӕхи сӕм нал равдисдзынӕн, ӕмӕ сыл дудгӕбон куы акӕна, бӕллӕхтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнты бын куы фӕуой, уӕд дзурдзысты: „Кӕд, нӕ Хуыцау нӕ кӕй ныууагъта, уымӕн ныл ӕрцыдысты ацы фыдбылызтӕ?!“


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ