Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 54:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

1 «Сцин кӕн, ӕнӕзӕнӕг, сывӕллон чи никуы ныййардта, уый! Цинхъӕр кӕн, арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, уый! Кӕй ныууагътой, уымӕн фылдӕр цот уыдзӕни моймӕдзыдӕй». Афтӕ загъта Дунедарӕг Сионы сахарӕн.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 54:1
21 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Саррӕ загъта: «Фӕхудын мӕ кодта Хуыцау. Ацы хабар чи фехъуса, уый дӕр фӕхуддзӕни мемӕ».


Мах нӕ, Дунедарӕг, мах нӕ, фӕлӕ Дӕ ном скадджын кӕн, Дӕ хорзӕхы, Дӕ ӕцӕгады сӕраппонд!


— Нӕ хо чысыл у нырма, риуы хъӕр ыл нӕма ис, курӕг ӕй куы фӕуа, уӕд цы кӕндзыстӕм?


Сионы цӕрджытӕ, цин кӕнут ӕмӕ цинӕй райут, уымӕн ӕмӕ тынг стыр у уе ’хсӕн Израилы Уаз Хуыцау!»


Адӕмтӕй ма чи баззайа, уыдон хъӕлӕсыдзагӕй стаудзысты Дунедарӕджы кад, ныгуылӕнӕрдыгӕй сӕ цины хъӕр хъуысдзӕн.


Цингӕнгӕ зарут, уӕлӕрвтӕ! Цинхъӕр кӕнут, зӕххы ӕрфытӕ, фӕзмӕнт уӕ, заргӕ, хӕхтӕ ӕмӕ хъӕды ӕппӕт бӕлӕстӕ! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг ссӕрибар кодта Йаковы байзӕддаджы, Израилы руаджы Йӕхи ӕргом кӕны, тӕмӕнкалгӕ.


Цин кӕн, уӕларв! Цинӕй рай, зӕхх! Цинхъӕр кӕнут, хӕхтӕ! Дунедарӕг барӕвдыдта Йӕ удхайраг адӕмы, батӕригъӕд сын кодта.


Дӕ хӕлддзӕгтӕ, дӕ заууаты зӕхх ныр фӕкъуындӕг уыдзысты уыдонӕн, дӕ гӕныстонгӕнджытӕн та дӕ арӕнтыл сӕ кой, сӕ хъӕр дӕр нал уыдзӕн.


Ды уыдтӕ, йӕ цот кӕмӕн бабын сты, уыцы сылгоймаджы хуызӕн. Фӕлӕ дӕм рӕхджы дӕ ног цот — ног адӕм — хатдзысты, ам нын къуындӕг у ӕмӕ нын цӕрынӕн зӕххытӕ ратт, зӕгъгӕ.


Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ нал нымайдзысты дзӕгъӕл сахарыл, дӕ зӕхх дӕр дын нал схондзысты «ӕдзӕрӕг быдыр». Уый нӕ, фӕлӕ дын дӕхи хондзысты «Хуыцауы уарзон», дӕ зӕхх та — «моймӕдзыд»! Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы зӕрдӕмӕ фӕцӕудзынӕ, ӕмӕ Йын дӕ зӕхх суыдзӕни бинойнагау.


Ӕнхъӕлцау сылгоймаг куыд хъуамӕ ныййара йӕ сабийы, удхар куынӕ бавзара, уӕд? Чи кӕд фехъуыста кӕнӕ федта ахӕм хабар? Кӕннод иу бонмӕ кӕд фӕзынди иставӕр бӕстӕ ӕмӕ ӕваст кӕд айдзаг ис адӕмӕй? Фӕлӕ Сион, куыддӕр йӕ арын афон ралӕууыд, афтӕ йӕ фыртты ныридӕгӕн ныййардта.


Зар, Сионы чызг! Дӕ цины хъӕр райхъуысӕд, Израил! Йерусалимы чызг, дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй!


Цин кӕн, Сионы чызг! Дӕ зӕрдӕ райӕд фыр цинӕй, Йерусалимы чызг! Мӕнӕ дӕм фӕцӕуы дӕ Паддзах! Уый у рӕстаг, сӕрныллӕг, ирвӕзындзинад дын ӕрхӕсдзӕн, фӕцӕуы къӕлӕуыл, хӕрӕджы лӕппыныл бадгӕйӕ.


Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Сцин кӕн, ӕнӕзӕнӕг, сывӕллон чи никуы ныййардта, уый! Цинхъӕр кӕн, арӕг сылгоймаджы хъизӕмӕрттӕ чи нӕ бавзӕрста, уый! Кӕй ныууагътой, уымӕн фылдӕр цот уыдзӕни моймӕдзыдӕй».


Ӕфсӕст чи уыди — къӕбӕрыл кусынц, ӕххормаг чи уыди — уыцы сӕр сӕ нал хъӕуы. Ӕнӕзӕнӕг ныййардта авд хъӕбулы, бирӕзӕнӕгджын та иунӕгӕй ’руайы.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ