6 Уымӕ гӕсгӕ ӕрцӕудзӕн ахӕм бон, ӕмӕ Мӕ адӕм бамбардзысты, Ӕз Чи дӕн, уый. Базондзысты, кӕддӕр Йӕ ном „Ӕз дӕн“ Чи схуыдта, Уый Ӕз кӕй дӕн!»
цӕмӕй исчи ӕнустӕм фӕцӕра ӕмӕ мӕлӕт ма фена.
Моисей бафарста: «Израилӕгтӕм куы фӕцӕуон, уӕ фыдӕлты Хуыцау мӕ сымахмӕ рарвыста, зӕгъгӕ, ӕмӕ мӕ уыдон Дӕ номӕй куы бафӕрсой, уӕд сын куыд хъуамӕ зӕгъон?»
Дунедарӕг загъта: «Ме ’ппӕт кад дӕр дын дӕ цурты рацӕуын кӕндзынӕн. Раргом дын кӕндзынӕн Дунедарӕджы ном. Кӕмӕн Мӕ фӕнды Мӕ хорзӕх раттын, уымӕн ӕй ратдзынӕн, батӕригъӕд кӕнын Мӕ кӕмӕн фӕнды, уымӕн батӕригъӕд кӕндзынӕн».
Аврааммӕ, Исаакмӕ ӕмӕ Йаковмӕ Ӕз раргом дӕн Ӕппӕтхъомыс Хуыцауӕй, фӕлӕ сын, „Дунедарӕг“, зӕгъгӕ, уыцы номимӕ Мӕхи нӕ раргом кодтон.
Бӕрзонд хохмӕ схиз, Сионы сахар, фарны уац хӕссӕг! Дӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕр кӕн, фарны уац хӕссӕг Йерусалим! Ныхъхъӕр кӕн, ӕппындӕр мацӕмӕй тӕрс! Мӕнӕ — уӕ Хуыцау, зӕгъгӕ, зӕгъ Иудейы сахартӕн!
Раздӕр цы загътон, уый сӕххӕст ис. Ныр та зӕгъдзынӕн ног ныхас, зӕгъдзынӕн ӕй рагагъоммӕ, цалынмӕ нӕма сӕххӕст ис, уӕдмӕ».
Паддзӕхтӕ дӕ ӕфсаддзысты хойрагӕй, ус-паддзӕхтӕ дын суыдзысты дыджызӕтӕ. Ныллӕг дын-иу акувдзысты, сдӕрдзысты дын дӕ зӕвӕтты рыг, ӕмӕ уӕд базондзынӕ: Ӕз Дунедарӕг дӕн, ӕмӕ Мыл йӕ зӕрдӕ чи дары, уыдон фыдӕнхъӕл нӕ фӕуыдзысты».
Адӕмтӕ ӕмӕ дыл паддзӕхтӕ ауддзысты, мад йӕ дзидзидай сабийы йӕ риуы ’хсырӕй куыд фӕхӕссы, уыйау. Ӕмӕ уӕд базондзынӕ, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, дӕ Ирвӕзынгӕнӕг ӕмӕ дӕ Сӕрибаргӕнӕг, Йаковы хъомысджын Хуыцау.
Алчи кӕрӕдзийы ӕмӕ ӕфсымӕр ӕфсымӕры нал ахуыр кӕндзӕн ӕмӕ нал дзурдзӕн, Дунедарӕджы базонут, зӕгъгӕ, — иууылдӕр Мӕ зондзысты, стырӕй, чысылӕй, — зӕгъы Дунедарӕг. — Ӕз сын сӕ фыдракӕндтӕ ныббардзынӕн, сӕ тӕригъӕдтӕ сын нал ӕрымысдзынӕн.
Ӕмӕ бамбардзыстут, Ӕз Дунедарӕг кӕй дӕн, уый, уӕ фыдракӕндтӕ ӕмӕ уӕ хъахбай миты тыххӕй цӕй аккаг стут, афтӕ уын куынӕ бакӕнон, фӕлӕ уын Мӕ номы сӕраппонд хорздзинад куы саразон, уӕд, о Израилы хӕдзар, — зӕгъы Дунедарӕг Хуыцау“».
Хуыцау адӕймаг нӕу — мӕнг ныхӕстӕ нӕ кӕны, адӕмы хуызӕн Йӕ хъуыды нӕ ивы. Зӕгъа ӕмӕ ма бакӕна? Зӕрдӕ бавӕра ӕмӕ Йӕ ныхас ма сӕххӕст кӕна?