13 Дунедарӕг зӕгъы: «Мӕ цагъар суыдзӕни куырыхон хъуыддӕгтӕ аразӕг. Скадджын уыдзӕн, схиздзӕн уӕлӕмӕ, сбӕрзонд уыдзӕн.
Дунедарӕг загъта: «Мӕнӕ Мӕ Лӕггадгӕнӕг — Йемӕ дӕн Ӕз, Ме ’взӕрст, Мӕ ахсджиаг. Мӕ Удӕй Йӕ схайджын кӕндзынӕн, ӕмӕ адӕмтӕн фехъусын кӕндзӕни Мӕ раст тӕрхон.
Ӕрбайхъусут мӕм, денджызгӕрон сахартӕ, лӕмбынӕг ӕрбайхъусут, дардбӕстаг адӕмтӕ! Дунедарӕг мӕм фӕсидти мӕ мады гуыбынмӕ, дунейы рухс нӕма федтон, афтӕ мӕм сдзырдта мӕ номӕй.
Загъта мын: «Ды Мӕ цагъар дӕ, Израил, дӕ фӕрцы скадджын кӕндзынӕн Мӕхи».
Уымӕ гӕсгӕ Йын бирӕтимӕ ратдзынӕн хай, хъомысджынтимӕ байуардзӕни ӕфтиаг, уымӕн ӕмӕ Йӕхицӕн равзӕрста мӕлӕт. Фыдгӕнджыты хыгъдмӕ Йӕ бахастӕуыд, афтӕмӕй та Йӕхимӕ райста бирӕты тӕригъӕд, фыдгӕнджытӕн сси хатыркурӕг».
Афтӕ зӕгъы Бӕрзонд, Кадджын, Мыггагмӕцӕрӕг, Уаз Чи хуыйны, Уый: «Ӕз цӕрын уаз бӕрзӕндты, фӕлӕ ма ноджы — састзӕрдӕтимӕ ӕмӕ сӕрныллӕгтимӕ. Састзӕрдӕтӕн раттын ныфс, сӕрныллӕгтӕн сӕ зӕрдӕтӕ райгас кӕнын.
Ралӕудзӕн ахӕм рӕстӕг, — зӕгъы Дунедарӕг, — ӕмӕ Ӕз бӕрзонд сӕвӕрдзынӕн Давиды байзӕддаджы, рӕстаг Ӕвзар. Йӕ бадӕны ӕрбаддзӕн паддзах, йӕ хъуыддӕгты архайдзӕн уӕлзондимӕ, раст тӕрхон кӕндзӕни зӕххыл.
Мӕ фосы сӕргъы сӕвӕрдзынӕн иу фыййауы, чи сӕ хиза, уый — Мӕ цагъар Давиды. Уый сӕ хиздзӕн, уыдзӕни сӕ фыййау.
Уӕдӕ байхъус, стыр алчер Йешуа! Дӕ бакомкоммӕ цы алчертӕ бадынц, уыдон дӕр Мӕ фехъусӕнт, Мӕ нысанӕн ӕвдисӕнтӕ сты уыдон. Мӕнӕ Ӕз ӕрбакӕнын Ӕвзар, Мӕ лӕггадгӕнӕджы.
Йесо сӕм ӕрбахӕстӕг ис ӕмӕ сын загъта: «Арв ӕмӕ зӕххыл ӕппӕт бартӕ дӕр Мӕнӕн лӕвӕрд сты.
Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг алкӕмӕй дӕр уӕлдӕр у; зӕххӕй чи у, уый та зӕххон у ӕмӕ ныхас кӕны зӕххонау. Уӕларвӕй Ӕрцӕуӕг алкӕмӕй уӕлдӕр у.
Фырт у Хуыцауы кады тӕмӕн; Фырт у Фыды халдих. Фыртӕн ӕппӕтыл дӕр Йӕ бон цӕуы Йӕ хъомысджын дзырдӕй. Нӕ тӕригъӕдтӕй нӕ ссыгъдӕг кӕнгӕйӕ, Уый цытджын бӕрзӕндты ӕрбадти Дунедарӕджы рахизфарс