Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 52:12 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

12 Сындӕг-иу рацӕут, тындзгӕ цыдӕй нӕ, фӕлӕ. Ма-иу разгъорут, уымӕн ӕмӕ уыл разӕй дӕр ӕмӕ фӕсте дӕр ауддзӕни Дунедарӕг, Израилы Хуыцау.

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 52:12
23 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Ӕмӕ дӕм, цыма, тута бӕлӕсты цъуппытӕй къахуынӕр хъуысы, афтӕ куы фӕкӕса, уӕд-иу райдай хӕцын — уый Хуыцау рацыди дӕ разӕй филистимӕгты ӕфсад цӕгъдынмӕ».


Хӕрут ронбастӕй, уӕ къахыдарӕс — уӕ къӕхтыл, уӕ лӕдзджытӕ — уӕ къухы, афтӕмӕй. Хӕрут-иу тагъд-тагъд — уый Дунедарӕджы Куадзӕн у.


Мысырӕгтӕ израилӕгты тагъд кодтой; ӕвӕстиатӕй сӕ фӕндаг куыд дарой, ууыл архайдтой, науӕд иууылдӕр цагъды фӕуыдзыстӕм, зӕгъгӕ.


Мысырӕй цы хыссӕ рахастой, уымӕй афыхтой донгонд дзултӕ. Хыссӕйыл ӕнхъизӕн нӕ уыди, уымӕн ӕмӕ израилӕгты Мысырӕй сургӕ ракодтой, ӕмӕ сӕ фӕндагмӕ хӕринаг сцӕттӕ кӕныны бон нал фӕци.


Дунедарӕг бакодта афтӕ, ӕмӕ Мысыры паддзах хивастӕй израилӕгты фӕсте расырдта, уыдон та ӕдӕрсгӕ цыдысты сӕ фӕндагыл.


Рӕстаг лӕгӕн йӕ фӕндаг раст у — Дӕхӕдӕг ӕй кӕныс рӕствӕндаг.


Уымӕ гӕсгӕ Дунедарӕг Хуыцау афтӕ зӕгъы: «Ӕз Сионы хохыл сӕрӕвӕрӕнӕн фӕлтӕрд ӕмӕ зынаргъ дур сӕвӕрдзынӕн, ӕмӕ, йӕ уырнындзинад фидар кӕмӕн у, уый нӕ фӕтасдзӕн.


Куырмыты акӕндзынӕн, нырмӕ кӕй нӕ зыдтой, ахӕм фӕндагыл, ӕнӕзонгӕ фӕндӕгтыл сӕ акӕндзынӕн. Сӕ размӕ сын тар ныррухс кӕндзынӕн, сӕ фӕндӕгтӕ сын слӕгъз кӕндзынӕн. Гъе афтӕ сыл ауддзынӕн, нӕ сӕ ныууадздзынӕн.


Мӕхӕдӕг цӕудзынӕн дӕ разӕй ӕмӕ дын дӕ развӕндагыл зӕххӕмвӕз скӕндзынӕн алы хох, ныссӕтдзынӕн алы ӕрхуы дуар, ныппырх сын кӕндзынӕн се ’фсӕн ӕхгӕнӕнтӕ.


Нӕ мӕлдзысты стонг ӕмӕ дойныйӕ, хур дӕр сӕ нӕ судздзӕн. Уымӕн ӕмӕ сын Ӕз тӕригъӕд кӕндзынӕн, хондзынӕн сӕ Мӕ фӕдыл ӕмӕ сӕ кӕндзынӕн суадӕтты цурмӕ.


Сӕ фӕндагыл сын ӕмраст-ӕмлӕгъз скӕндзынӕн хӕхтӕ.


Рӕхджы ссӕрибар уыдзысты ахӕстытӕ, ныггӕнды сыдӕй нӕ амӕлдзысты.


Цытӕ кодтой, уый Ӕз дзӕбӕх уыдтон. Фӕлӕ сӕ ныр сӕ къахыл слӕууын кӕндзынӕн ӕмӕ сӕ раст фӕндагыл сараздзынӕн. Цы мӕстытӕ бавзӕрстой, уыдоны фӕстӕ сӕ барӕвдаудзынӕн, ныфс сӕ бауадздзынӕн.


Гъеуӕд уӕ фарн сӕрттивдзӕн сӕууон хурау, ӕмӕ байгас уыдзысты уӕ хъӕдгӕмттӕ. Уӕ хорз хъуыддӕгтӕ цӕудзысты уӕ разӕй, ӕмӕ уыл Ме стыр арфӕ ’рцӕудзӕн.


Цӕлхдуртӕ пырхгӕнӕг ацӕудзӕни сӕ разӕй, ӕмӕ, сӕ фӕндагыл цы бырутӕ уа, уыдон ныппырх кӕндзысты, кулдуары уылты ахиздзысты ӕмӕ фӕстӕмӕ дӕр рацӕудзысты. Сӕ паддзах сӕ разӕй цӕудзӕн, сӕ сӕргъы та уыдзӕни Дунедарӕг.


Ӕппӕты фӕстӕ йӕ бынатӕй, къорд къорды фӕдыл, фенкъуысти Даны байзӕддӕгты ӕфсад, йӕ разӕй — Ахиезер, Амишаддайы фырт.


Куадзӕны нывонд ма хӕр ӕнхъизӕнджын дзулимӕ. Авд боны дӕргъы дын уыцы дзидзаимӕ фыдӕвзарӕны хойраг — донгонд дзул — хӕргӕ у, Мысырӕй ӕвӕстиатӕй кӕй фӕраст дӕ, уый мысынӕн. Афтӕмӕй ды цӕргӕбонты дӕ зӕрдыл дардзынӕ Мысырӕй рацыды бон.


Уымӕн ӕмӕ Дунедарӕг, уӕ Хуыцау, хӕстмӕ уемӕ цӕуы, цӕмӕй уе знагыл фӕуӕлахиз уат“.


Иууылдӕр куы фӕфале сты, уӕд Иорданыл ахызти Дунедарӕджы Фидыды Чырын дӕр, ӕмӕ сауджынтӕ йемӕ ӕрлӕууыдысты адӕмы разӕй.


Йешуа адӕмӕн бафӕдзӕхста: «Тохы хъӕр ма ныккӕнут, уӕ хъӕлӕс ма райхъуысӕд ӕмӕ уӕ дзыхӕй иу ныхас дӕр ма схауӕд. Ахӕм бон ӕрцӕудзӕн, ӕмӕ уын мӕхӕдӕг бардзырд ратдзынӕн, тохы хъӕр ныккӕнут, зӕгъгӕ, ӕмӕ-иу уӕд ныхъхъӕр кӕнут».


Деворӕ Баракӕн загъта: «Цӕугӕ! Абон дын Дунедарӕг Сисерайы дӕ къухмӕ ратдзӕни. Дунедарӕг Йӕхӕдӕг цӕудзӕн дӕ разӕй!» Барак дӕс мин хӕстонимӕ Фаворы хохы сӕрӕй ӕрцыди.


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ