Исайа 52:11 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст11 Цӕугӕут, цӕугӕут! Рацӕут уырдыгӕй! Уӕхи хизут, сыгъдӕг цы нӕу, ахӕм истӕуыл бандзӕвынӕй! Ӕцӕгӕлон адӕмы ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ уӕхи ссыгъдӕг кӕнут, уымӕн ӕмӕ Дунедарӕджы Кувӕндонӕн йӕ мигӕнӕнтӕ сымах хӕсдзыстут! အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Алы адӕмтӕй уын ӕрбакӕндзысты ӕфсымӕртӕ бӕхтыл, хӕргӕфсытыл ӕмӕ уадӕмдзу теуатыл, ӕрбаласдзысты сӕ тохуӕрдӕтты ӕмӕ лӕгуӕрдӕтты. Ӕрбакӕндзысты сӕ Мӕ уаз хохмӕ, Йерусалиммӕ, ӕмӕ сӕ балӕвар кӕндзысты Мӕнӕн, Дунедарӕгӕн, израилӕгтӕ Мын Мӕ Кувӕндонмӕ сыгъдӕг мигӕнӕны хуын куыд ӕрбахӕссынц, раст уый хуызӕн.