Исайа 52:1 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст1 Раст-ма, раст, Сион, ӕмӕ равдис дӕ кӕддӕры хъомыс! Ӕрбакӕн дӕ уӕлӕ дӕ кады фӕлыстытӕ, уаз сахар Йерусалим! Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ кулдуарӕй мидӕмӕ нал бахиздзӕн иунӕг ӕнӕсунӕтгонд ӕмӕ, чи фӕчъизи ис, уый дӕр. အခန်းကိုကြည့်ပါ။ |
Сионы сахары хъынцъымгӕнджытӕн сӕ зӕрдӕ барухс кӕнынмӕ. Нырӕй фӕстӕмӕ-иу фӕнычы бӕсты сӕ сӕртыл кады худтӕ ’ркӕндзысты, цӕссыджы бӕсты-иу цины сойӕ байсӕрддзысты сӕхи, сӕхъисы бӕсты-иу кады пӕлӕз скӕндзысты. Адӕмтӕ фендзысты, сӕ хъомыс Хуыцауӕй кӕй у, уый ӕмӕ сӕ бардзысты, Дунедарӕг Едемы дыргъдоны кӕй ныссагъта, уыцы бӕлӕстимӕ. Ӕмӕ Дунедарӕгӕн Йӕ кады ном айхъуысдзӕни дунейыл.