Biblia Todo Logo
အွန်လိုင်း သမ္မာကျမ်းစာ

- ကြော်ငြာတွေ -




Исайа 51:23 - Библи: Сыгъдӕг Фысты чингуытӕ: Рагон Фӕдзӕхст ӕмӕ Ног Фӕдзӕхст

23 Ратдзынӕн ӕй уе ’фхӕрджыты къухмӕ, афтӕ уын чи дзырдта, ныддӕлгом ут зӕххыл ӕмӕ уыл къахӕй балӕгӕрдӕм. О, сымах-иу ныддӕлгом стут сӕ разы, ӕмӕ-иу уыдон, надвӕдыл цӕуӕгау, алӕгӕрстой уӕ чъылдымтыл».

အခန်းကိုကြည့်ပါ။ ကော်ပီ




Исайа 51:23
15 ပူးပေါင်းရင်းမြစ်များ  

Дунедарӕг! Ды нын нӕ тӕригъӕдтӕм куы кӕсай, уӕд чи бафӕраздзӕн!


Рӕстуд фервӕзы фыдбылызӕй, йӕ бӕсты дзы бахауы ӕнӕхуыцау.


Раст лӕгӕн йӕ ахӕстаргъ — ӕнӕхуыцау, цӕсгомджынӕн та — фӕлитой.


Сымах Мӕ уаз хохыл куыд нуӕзтат, афтӕ ’ппӕт адӕмтӕ дӕр масты кӕхц нуаздзысты, фырнызтӕй ныррасыг уыдзысты, ӕмӕ зӕххыл сӕ кой дӕр нал баззайдзӕн.


Ме знаг дӕр уыдӕттӕ фендзӕнис ӕмӕ къӕмдзӕстыгӕй баззайдзӕн, уымӕн ӕмӕ дзырдта: «Кӕм ис дӕ Дунедарӕг Хуыцау?» Уынджы йӕ цъыфау куыд бассӕнддзысты, уымӕ ӕхсызгонӕй кӕсдзынӕн.


Йерусалимы алыварс знӕгтӕ куы ’рхъула кӕной, уӕд ӕй Ӕз йӕ алыварс цӕрӕг адӕмтӕн ӕмӕ суанг Иудӕйӕн дӕр, кӕмӕй ныррасыг уыдзысты, ахӕм кӕхц фестын кӕндзынӕн.


Йешуа ӕппӕт израилӕгтӕм дӕр фӕсидт ӕмӕ йе ’фсӕддон хицӕуттӕн загъта: «Рацӕут-ма хӕстӕгдӕр ӕмӕ мӕнӕ ацы паддзӕхты бӕрзӕйтыл къахӕй ӕрлӕуут». Уыдон бацыдысты ӕмӕ паддзӕхты бӕрзӕйтыл къахӕй ӕрлӕууыдысты.


Кувӕндоны ӕддаг кӕрт та ныууадз, ма йӕ сбар, уымӕн ӕмӕ муртаттӕгтӕн лӕвӕрд у: уыдон сыгъдӕг сахар сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты дыууӕ ӕмӕ дыууиссӕдз мӕйы.


Ды цы сылгоймаджы федтай, уый та у, зӕххон паддзӕхтыл ӕлдариуӕг чи кӕны, уыцы стыр сахар».


ကြှနျုပျတို့နောကျလိုကျပါ:

ကြော်ငြာတွေ


ကြော်ငြာတွေ